30 Ӕз сыстадтӕн пехуымпарты ныхмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — Мӕ ныхӕстӕ Мын давынц кӕрӕдзийӕ.
Хынджылӕг мӕ кодтой ӕнаккӕгтау, сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс мӕм цыди.
О тъӕпӕны цӕрӕг, о дӕлвӕзы къӕдзӕх! Ныр Мӕхӕдӕг сыстадтӕн дӕ ныхмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг. — Сымах дзурут: „Нӕ ныхмӕ чи рацӕудзӕн? Нӕ хӕдзӕрттӕм нын чи бабырсдзӕн?“
Пехуымпарты ныхмӕ сыстадтӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ уыдон ӕрмӕст дзӕгъӕлдзырд кӕнынц, афтӕмӕй та дзурынц Дунедарӕджы номӕй.
Уымӕ гӕсгӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Ӕз сымахӕй уӕ фыдбылызӕн Ме ’ргом аздахдзынӕн, ӕппӕт иудейӕгты ныццӕгъддзынӕн!
Мӕнӕ уын, — зӕгъы Дунедарӕг, — ацы зӕххыл уӕ кӕй бафхӕрдзынӕн, уый нысан. Зонут: Мӕ ныхӕстӕ сӕххӕст уыдзысты уӕ фыдбылызӕн.
Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Уӕ дӕлӕрмттӕй уын раскъӕфдзынӕн уӕ дӕсныфӕрсӕн дзӕкъултӕ, уымӕн ӕмӕ уыдоны фӕрцы цуан кӕнут адӕмыл, цӕмӕй хауой уӕ ахсӕн хызты, ӕмӕ сӕ Ӕз ссӕрибар кӕндзынӕн.
Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Мӕнг ныхӕстӕ кӕй кӕнут ӕмӕ фӕлывд цӕстылуайӕнтӕ кӕй уынут, уый тыххӕй Ӕз сыстдзынӕн уӕ ныхмӕ.
Ме ’ргом сӕ ныхмӕ сараздзынӕн, ӕмӕ иу артӕй раирвӕздзысты, фӕлӕ сӕ иннӕ арт аныхъуырдзӕн, ӕмӕ сымах базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый — Ме ’ргом сӕ ныхмӕ куы саразон, уӕд.
Ӕз уыцы адӕймаджы Мӕ азары хай бакӕндзынӕн, фесафдзынӕн ӕй, йӕ адӕмы ’хсӕнӕй хъодыгонд ӕрцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ сывӕллоны Молохӕн нывондӕн ӕрхаста. Уымӕй Мын фӕчъизи кодта Мӕ Уаз Цӕрӕн ӕмӕ фегад кодта Мӕ уаз ном.
Мӕ азары хай уӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ уыл уе знӕгтӕ фӕуӕлахиз уыдзысты; ӕлдариуӕг уын кӕндзысты, ӕмӕ уӕ сургӕ ничи кӕндзӕн, афтӕмӕй лидздзыстут.
Фӕлӕ пехуымпар, Ӕз кӕй нӕ загътон, уыцы ныхас Мӕ номӕй кӕнӕ ӕндӕр хуыцӕутты номӕй дзурын куы бауӕнда, уӕд ӕй марын хъӕуы“.
Ахӕм адӕймагӕн Дунедарӕг нӕ ныххатыр кӕндзӕн, Йӕ маст пиллон артау ссудздзӕн уыцы адӕймагмӕ, ацы чиныджы ӕлгъыстытӕ йыл ӕрцӕудзысты, ӕмӕ арвы бын йӕ кой дӕр нал фӕзындзӕн.
Бардарӕг уыны рӕстгӕнджыты ӕмӕ сын хъусы сӕ куывд; фыдгӕнджытӕн та Хуыцау сӕ ныхмӕ у».