Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 23:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Мӕ фыстӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны Ӕз цы бӕстӕтӕм фӕсырдтон, уырдыгӕй фӕстӕмӕ сӕ цӕрӕнбынатмӕ раздахдзынӕн, ӕмӕ та ногӕй сбирӕ уыдзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 23:3
28 Iomraidhean Croise  

Дзурдзысты афтӕ: „Цардӕгас у Дунедарӕг! Уый раздӕхта Израилы фыртты цӕгатаг зӕххӕй, кӕдӕм сӕ фӕсырдта, ӕппӕт уыцы бӕстӕтӕй“. Уымӕн ӕмӕ сӕ Ӕз, сӕ фыдӕлтӕн сын кӕй радтон, уыцы зӕхмӕ раздахдзынӕн.


Ӕз уӕм мӕхи раргом кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уацарӕй уӕ раздахдзынӕн. Цы бӕстӕтӕ ӕмӕ уӕ цы адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодтон, уырдыгӕй уӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — кӕцӕй уӕ фӕсырдтон, уыцы зӕхмӕ уӕ фӕстӕмӕ раздахдзынӕн.


Уӕдӕ ма тӕрс, мӕ цагъар Йаков, — зӕгъы Дунедарӕг, — ма тӕрс, Израил! Ӕз дӕ дард бӕстӕй фервӕзын кӕндзынӕн, дӕ байзӕддӕгты дын раздахдзынӕн, уацары кӕм уыдысты, уыцы зӕххӕй. Раздӕхдзӕн Йаков, сабыр ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзӕн, тасы йӕ ничиуал ӕфтаудзӕн.


Уымӕн ӕмӕ ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз Мӕ адӕмы, Израил ӕмӕ Иудейы, уацарӕй раздахдзынӕн. Сӕ фыдӕлтӕн сын цы зӕхх радтон, уырдӕм сӕ ӕрбакӕндзынӕн, исбонӕн сын ӕй ратдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Хъӕлдзӕгӕй зарут Йаковыл, адӕмты сӕргъы чи лӕууы, уый хъӕрӕй сыстаут ӕмӕ дзурут: «О Дунедарӕг! Фервӕзын кӕн Дӕ адӕмы, Израилы байзӕддӕгты!»


Ӕз Мӕ адӕмы цӕгатаг бӕстӕй ӕрбакӕндзынӕн, зӕххы кӕрӕттӕй сӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн. Се ’хсӕн ис куырмытӕ ӕмӕ къуылыхтӕ, ӕнхъӕлцау сылгоймӕгтӕ, ӕвгъӕды бадджытӕ, — уыдон ардӕм ӕнӕнымӕцӕй раздӕхдзысты.


«Ӕз сӕ, фыр мӕстӕй пиллон арт уадзгӕйӕ, кӕдӕм фӕсырдтон, уыцы бӕстӕтӕй ӕрӕмбырд кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ ногӕй ацы бынатмӕ раздахдзынӕн, ӕнӕмаст цардӕй сӕ схайджын кӕндзынӕн.


Ды та ма тӕрс, Мӕ цагъар Йаков, ма тӕрс, Израил. Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн, дард бӕстӕй дӕ раздахдзынӕн, дӕ байзӕддӕгты дын уацарӕй ӕркӕндзынӕн. Раздӕхдзӕн Йаков, сабыр ӕмӕ ӕдасӕй та цӕрдзӕн, знаджы цӕфӕй нал тӕрсдзӕн».


Израилы та йӕ раздӕры сӕрвӕтмӕ раздахдзынӕн, Кармел ӕмӕ Башаны хиздзӕн, Ефремы хӕхты ӕмӕ Галаады йӕхи бафсаддзӕн.


Уыцы фыд адӕмӕй ма чи аирвӕза, уыдоны Ӕз кӕдӕмфӕнды куы фӕсурон — алы ран дӕр сын мӕлӕт цардӕй бӕллиццагдӕр суыдзӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Уый фӕстӕ-иу зӕгъ: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Ӕз уӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн иннӕ адӕмтӕй, раздахдзынӕн уӕ, цы зӕххытыл ныххӕлиу стут, уырдыгӕй, ӕмӕ уын ратдзынӕн Израилы зӕхх.


Ныббирӕ уыл кӕндзынӕн уӕ адӕм ӕмӕ фос. Уыдон цот уадздзысты ӕмӕ сбирӕ уыдзысты. Раздӕры заманау уыл ӕрцӕрын кӕндзынӕн бирӕ адӕм ӕмӕ уын раздӕры заманӕй фылдӕр хӕрзтӕ ратдзынӕн. Уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


Райсдзынӕн уӕ, цы адӕмтӕ, цы бӕстӕтыл ныххӕлиу стут, уырдыгӕй ӕмӕ уӕ ӕрбакӕндзынӕн уӕ бӕстӕмӕ.


Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ахӕм хорзы дӕр ма бацӕудзынӕн Израилы адӕмӕн, ӕмӕ сӕ сбирӕ кӕндзынӕн фосы дзугау.


Ӕз уыл ауддзынӕн, зӕнӕгджын уӕ скӕндзынӕн, сбирӕ уӕ кӕндзынӕн ӕмӕ, уемӕ цы фидыд сарӕзтон, уый нӕ фехалдзынӕн.


Йаков! Дӕ байзӕддӕгтӕм дын ӕнӕмӕнг фӕсиддзынӕн, Израилӕй ма чи фервӕза, уыдоны, фысты сӕ бынаты, фысвосы рӕгъау сӕ хизӕнуаты куыд сӕмбырд кӕнынц, афтӕ ӕнӕмӕнг ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, ӕмӕ уыцы бынат байдзаг уыдзӕнис адӕмӕй.


Уыцы бон дӕм дунейы алы кӕрӕттӕй адӕм цӕудзысты: Ассирийӕ — Мысыры сахарты онг, Мысырӕй — Евфраты онг, иу денджызӕй иннӕ денджызмӕ, хохӕй хохмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan