Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 23:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Кӕм бамбӕхсдзӕн адӕймаг, цӕмӕй йӕ Ӕз ма фенон? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, арв ӕмӕ зӕхх Мӕнӕй йемыдзаг не сты? — зӕгъы Дунедарӕг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 23:24
28 Iomraidhean Croise  

Агар йемӕ дзурӕг Дунедарӕджы рахуыдта ахӕм номӕй: «Ды дӕ, мӕн Чи уыны, уыцы Хуыцау». Загъта: «Ӕз ам ӕцӕгдӕр федтон, мӕныл Чи ауды, уыцы Хуыцауы».


Ӕниу Хуыцау зӕххыл куыд хъуамӕ ӕрцӕра? Уӕларв ӕмӕ уӕлдунетӕ дӕр Дын ӕгӕр къуындӕг куы сты, куы нӕ Дыл ӕххӕссынц, уӕд Дын ӕз цы Кувӕндон сарӕзтон, уым куыд бацӕудзынӕ?


Кӕй бон суыдзӕн Уымӕн Кувӕндон саразын, уӕларв ӕмӕ Йыл уӕлдунетӕ дӕр куы не ’ххӕссынц, уӕд? Стӕй ӕз дӕр чи дӕн, цӕмӕй Уымӕн Кувӕндон саразон? Кӕд Ын ӕрмӕст Йӕ разы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ судзынӕн исты саразон.


Фӕлӕ Хуыцау адӕмимӕ куыд хъуамӕ цӕра зӕххыл? Уӕларв ӕмӕ уӕлдунетӕ Дыл куы не ’ххӕссынц, уӕд Ды, ӕз Дын цы Кувӕндон сарӕзтон, уым куыд хъуамӕ бацӕуай?


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ цӕст дары адӕмы фӕндӕгтӕм, сӕ алы къахдзӕф дӕр сын уыны.


Зӕххыл ахӕм саудалынг, ахӕм мӕрдон тар нӕй, фыдгӕнджытӕ Уымӕй сӕхи кӕм бааууон кӕной.


Ӕз Дунедарӕгӕн загътон: «Ды мӕ Хуыцау дӕ, фехъус мын мӕ куывд, о Дунедарӕг!


О Бардарӕг Хуыцау, мӕ хъомысджын Ирвӕзынгӕнӕг! Тохы бон мӕ Дӕ базыры бын бакӕныс!


Иууылдӕр стауӕнт Дунедарӕджы ном — Дунедарӕджы номӕй ницы ис уӕлдӕр, зӕхх ӕмӕ арвӕй бӕрзонддӕр у Йӕ кад.


Ӕрмӕстдӕр ӕвдисӕн уыдзынӕ — дӕхи цӕстӕй фыдлӕгты ӕфхӕрд фендзынӕ.


Дунедарӕджы цӕстытӕ алкӕдӕм дӕр кӕсынц: фыдзӕрдӕты дӕр уынынц ӕмӕ, хӕларзӕрдӕ чи у, уыдоны дӕр.


Додой сӕ къона, Дунедарӕгӕй арф чи ӕмбӕхсы, йӕ сусӕгвӕндтӕ аууон кӕныныл чи архайы, сӕ хъуыддӕгтӕ талынджы чи кӕны ӕмӕ афтӕ чи дзуры: «Чи нӕ фендзӕн? Чи нӕ базондзӕн?»


Афтӕ зӕгъы Бӕрзонд, Кадджын, Мыггагмӕцӕрӕг, Уаз Чи хуыйны, Уый: «Ӕз цӕрын уаз бӕрзӕндты, фӕлӕ ма ноджы — састзӕрдӕтимӕ ӕмӕ сӕрныллӕгтимӕ. Састзӕрдӕтӕн раттын ныфс, сӕрныллӕгтӕн сӕ зӕрдӕтӕ райгас кӕнын.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Уӕларв Мӕ бадӕн у, зӕхх — Мӕ къӕхтӕвӕрӕн. Цавӕр хӕдзар Мын хъуамӕ саразат сымах? Кӕм ис Мӕн аккаг ӕрӕнцайӕн бынат?


Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз сӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр уынын. Нӕ бамбӕхсдзысты Мӕнӕй, сӕ фыдракӕндтӕ Мӕ цӕстытӕй нӕ басусӕг кӕндзысты.


Ӕгӕрон хъомыс — Йӕ фӕндты, Йӕ хъуыддӕгтӕ — ӕнӕнымӕц! Уый адӕмӕн сӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр уыны, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ фӕндагмӕ, йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиды.


Ӕз та Исавмӕ ӕппындӕр ницыуал ныууадздзынӕн, йе ’мбӕхсӕнтӕ йын иууылдӕр байгом кӕндзынӕн, ӕмӕ йӕ бон бамбӕхсын не суыдзӕн. Йӕ фырттӕ, йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ йӕ сыхӕгтӕ цагъды фӕуыдзысты, йӕ кой дӕр фесӕфдзӕн.


Дунедарӕг мын загъта: «Уыныс, адӕймаг, Израилы хистӕртӕй алчидӕр талынджы, йӕ гуымирыты нывтӕй фӕлыст уаты, цытӕ кӕны, уый? Уыдон дзурынц, Дунедарӕг мах нӕ уыны, зӕгъгӕ, Йӕхи, дам, атигъ кодта ацы зӕххыл».


Уый мын дзуапп радта: «Израил ӕмӕ Иудейы азым тынг стыр у. Ацы зӕхх тугӕй йедзаг у. Сахары мидӕг рӕстдзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй. Афтӕ зӕгъынц, Дунедарӕг, дам, Йӕхи атигъ кодта а зӕххыл ӕмӕ ницы уыны.


Ды раргом кӕныс арф сусӕгтӕ, талынджы Дӕ ницы ис бамбӕхсӕн. Ды кӕм дӕ, уым ӕппынӕдзухӕй рухс у.


Аргъуан у Йӕ Буар, ӕмӕ уым ӕххӕстӕй Йӕхи раргом кӕны, ӕппӕт дӕр ӕххӕст Кӕй фӕрцы свӕййы, Уый.


Уымӕн сусӕг ницы ис дунесфӕлдысты. Мадард бӕгънӕгау гом у алцы Йӕ цӕсты раз, дзуапп Кӕмӕн дӕтдзыстӕм, Уымӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan