19 Дунедарӕджы зилгӕ уад ӕрбабырсы, фыр мӕстӕй абухы, афтӕмӕй уыцы тыхдымгӕ фесафдзӕни фыдгӕнджыты.
Фӕлӕ сыл Ды фӕхуддзынӕ, Дунедарӕг, ӕппӕт адӕмты сӕгад кӕндзынӕ.
Уадтымыгъау уӕм бӕллӕх куы фӕзына, зилгӕ дымгӕйау уӕм куы ’рбабырса, маст ӕмӕ хъыджы бын куы фӕуат,
Зилгӕ дымгӕ рацыди — ӕнӕхуыцау фесӕфти, рӕстуд та мыггагмӕ фидар уыдзӕн.
Рагуац денджызгӕрон ӕдзӕрӕг бӕстӕйы тыххӕй. Негевы сӕрты знӕт зилгӕ уад куыд фӕцӕйтӕхы, уыйау ссӕуы бӕллӕхы уац ӕдзӕрӕг бӕстӕй, тасӕфтауӕг зӕххӕй.
Куыддӕр сӕхиуыл уӕлӕмӕ схӕцой ӕмӕ зӕгъой, мӕнӕ ныр нӕ къӕхтыл фидар слӕууыдыстӕм, зӕгъгӕ, афтӕ сыл Дунедарӕг дымгӕ радымын кӕндзӕн, ӕмӕ бахус уыдзысты. Уаддымгӕ сӕ ахӕсдзӕни зыгуымау.
Гыбар-гыбур зӕххы кӕрӕттӕм айхъуысдзӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг адӕмтӕн тӕрхон кӕны. Уый алкӕмӕй дӕр дзуапп ӕрдомдзӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Мӕнӕ иу адӕмӕй иннӕмӕ фыдбылыз цӕуы, зӕххы кӕрӕттӕй стыр тымыгъ сыстад».
Мӕнӕ Дунедарӕджы тыхдымгӕ, фыр мӕстӕй абухгӕйӕ, зилдух кӕнын систа! Тымыгъ сыстад ӕмӕ фыдгӕнджыты сӕртӕ бабын кӕндзӕн!
Дунедарӕджы судзгӕ маст не ’рсабыр уыдзӕн, цалынмӕ Йӕ фӕндтӕ нӕ сӕххӕст кӕна, уӕдмӕ. Уый фидӕны бамбардзыстут.
Уыцы заман ацы адӕмӕн, Йерусалимы цӕрджытӕн, загъдӕуыдзӕн: «Ӕдзӕрӕг быдыры бӕгънӕг къуыбыртӕй Мӕ адӕмы чызгыл судзгӕ дымгӕ радымдта, фӕлӕ хор дымгӕмӕ ныддарынмӕ ӕмӕ йӕ ссыгъдӕг кӕнынмӕ нӕ
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ӕз Вавилон ӕмӕ Лев-Камайы цӕрджыты ныхмӕ тыхджын дымгӕ сыстын кӕндзынӕн.
Ӕз федтон: цӕгатӕрдыгӕй ӕрбацӕуы зилгӕ уад — тынг стыр ӕврагъ, уый сыгъди артау, йӕ алыварс тӕмӕнтӕ калдта.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Мӕ фыр мӕстӕй уыл ныххуырсдзынӕн уаддым, тыгъдызӕй ӕмӕ их дуртӕ, ӕмӕ уӕ бабын кӕндзынӕн.
Раввайы фиддӕрттыл арт бандзардзынӕн. Алырдыгӕй тохы хъӕртӕ хъуысдзысты, афтӕмӕй судздзысты йӕ галуантӕ, тымыгъы сӕм зилгӕ уад ӕрбабырсдзӕн.
Кӕй нӕ зыдтой, уыцы адӕмты ’хсӕн сӕ ныххӕлиу кодтон, сӕ фӕстӕ ацы зӕхх гӕныстонмӕ ’рцыди. Иунӕг цӕуӕг ыл нал баззад, бӕллиццаг зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кодтой».
Дунедарӕг Йӕхи равдисдзӕн Йӕ адӕмы сӕрмӕ, Йӕ фат фехсдзӕнис ӕрвӕрттывдау. Уӕларвӕфсады Бардарӕг сыкъауадындзӕй ныууасдзӕн, хуссайраг зилгӕ дымгӕйы ацӕудзӕн.