18 Фӕлӕ чи уыди Дунедарӕджы ӕмбырды? Чи йӕ федта? Чи Йын фехъуыста Йӕ ныхӕстӕ?
Уӕд Кенаанайы фырт Цедекиа Михайы уӕлхъус балӕууыд, йе ’хсӕрфарс ын ныццавта ӕмӕ йыл фӕхъӕр ласта: «Уый та куыд? Ома Дунедарӕджы Уд мӕныл Йӕхи атигъ кодта ӕмӕ дӕу уылты райдыдта дзурын?»
Уӕд Кенаанайы фырт Цедекиа Михайы цурмӕ бацыди, йе ’хсӕрфарс ын ныдздзӕхст ласта ӕмӕ загъта: «Уый та куыд? Ома Дунедарӕджы Уд мӕныл Йӕхи атигъ кодта ӕмӕ дӕ дзыхӕй дзурын райдыдта?»
Фӕлӕ Хуыцауӕн зонд чи амоны, Уый уӕларвонтӕн дӕр куы нӕ бары, уӕд?
Байхъус мӕм, Иов, лӕмбынӕг, ды дӕ дзыхыл хӕц, ӕмӕ дын ӕз дзурон,
Уыдон Ме ’мбырды куы лӕууыдаиккой, уӕд Мӕ адӕмӕн фехъусын кодтаиккой Мӕ ныхӕстӕ, сӕ фыдбылызы фӕндагӕй сӕ раздӕхтаиккой ӕмӕ сын сӕ фыдракӕндтӕ ныууадзын кодтаиккой.
Дунедарӕг Хуыцау сусӕгӕй ницы аразы, алцыдӕр раргом кӕны Йӕ лӕггадгӕнджытӕн, Йӕ пехуымпартӕн.
Ӕз уӕ ныридӕгӕн цагъартӕ нал хонын, уымӕн ӕмӕ цагъар, йӕ хицау цы кусы, уый нӕ фӕзоны. Фӕлӕ уӕ Ӕз схуыдтон Мӕ хӕлӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ уын раргом кодтон, Мӕ Фыдӕй цыдӕриддӕр фехъуыстон, уый.
Уымӕн ӕмӕ «Дунедарӕджы зонд афтӕ чи базыдта, ӕмӕ Йын уынаффӕгӕнӕг уа?» Махмӕ та Чырыстийы зонд ис.