Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 23:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Уӕларвӕфсады Бардарӕг зӕгъы: ма хъусут пехуымпарты ныхӕстӕм, сӕ рагуацтӕм, сайгӕ уӕ кӕнынц уыдон. Дунедарӕджы ныхӕстӕ уын нӕ дзурынц, фӕлӕ, сӕ цӕстытыл цы ауад, уыдӕттӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 23:16
26 Iomraidhean Croise  

Сӕ иу, Кенаанайы фырт Цедекиа, йӕ сӕрыл ӕфсӕн сыкъатӕ ӕркодта ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: ахӕм сыкъатӕй сириӕгты цӕвдзынӕ, цалынмӕ бындзагъд фӕуой, уӕдмӕ».


Суӕлӕхох Ын сты Йӕ уагӕвӕрдтыл, кӕддӕр сын сӕ фыдӕлтимӕ цы фидыд сарӕзта, ууыл, Йӕ уынаффӕтыл. Табу кӕнын байдыдтой ницӕйаг гуымирытӕн. Сӕ ницӕйаг хъуыддӕгтӕй фӕзмыдтой, Дунедарӕг сын кӕй тыххӕй фӕдзӕхста, ма сӕ бафӕзмут, зӕгъгӕ, уыдоны — сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты.


Израилы паддзах фӕсидти цыппарсӕдӕ пехуымпармӕ ӕмӕ сӕ бафарста: «Галаадаг Рамоты ныхмӕ хӕцынмӕ ацӕуӕм ӕви нӕ?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Ацу. Дунедарӕг дын ӕй дӕ къухмӕ ратдзӕн».


Мӕ лӕппу! Зондамындмӕ куынӕ хъусай, уӕд ӕнӕ бацамындӕй фӕдзӕгъӕл уыдзынӕ.


Ӕмӕ мын Дунедарӕг загъта: «Пехуымпартӕ Мӕ номӕй мӕнг ныхӕстӕ дзурынц. Ӕз сӕ нӕ арвыстон, ницы сын бафӕдзӕхстон ӕмӕ семӕ нӕ дзырдтон. Рагуацты хуызы уын дзурынц мӕнг цӕстылуайӕнтӕ, тутт кӕлӕнтӕ ӕмӕ сӕхи гӕды ныхӕстӕ».


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Уӕ фыдӕлтӕ Мӕм цавӕр азым ссардтой, цӕмӕн адард сты Мӕнӕй? Уыдон мӕнгдзинады фӕдыл ацыдысты ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр смӕнг сты.


Ӕз ацы пехуымпарты нӕ арвыстон, уыдон ӕрбазгъордтой сӕхӕдӕг! Ӕз семӕ нӕ дзырдтон, афтӕмӕй пехуымпариуӕг кодтой.


Кӕдмӕ уыдзӕн афтӕ, стӕй, ӕрымысгӕ ныхӕстӕ цы пехуымпартӕ дзурынц, уыдон ахӕм зондыл хӕст кӕдмӕ уыдзысты?


Уымӕн ӕмӕ уыдон Израилы цъаммар митыл бафтыдысты: кӕйдӕр устытимӕ хъахбай митӕ кодтой, Ӕз сын нӕ бафӕдзӕхстон, афтӕмӕй Мӕ номӕй мӕнг ныхӕстӕ дзырдтой. Ӕппӕт уыдӕттӕ Ӕз зонын, Мӕхӕдӕг дӕн ӕвдисӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Уе ’хсӕн цы пехуымпартӕ ӕмӕ цы дӕсныфӕрсджытӕ ис, уыдон уӕ ма асайӕнт, фынтӕ ’взарджытӕм ма хъусут.


Уыдӕттӕ бамбарыны фаг уӕлзонд кӕмӕ ис? Кӕимӕ дзырдта Дунедарӕг, ӕппӕт адӕттӕ йӕ бон бамбарын кӕнын кӕмӕн у, уыцы адӕймаг чи у? Цӕмӕн бабын ис ацы зӕхх? Ӕдзӕрӕг быдырау цӕмӕн басыгъд, иу цӕуӕг ыл цӕуылнӕуал ис?


Сылгоймӕгтӕ, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ! Хъусут Ын Йӕ ныхӕстӕм лӕмбынӕг! Уӕ чызджыты хъарӕг кӕнын сахуыр кӕнут, кӕрӕдзийӕн зӕрдӕриссӕн зарджытӕ амонут!


Йӕ кулдуӕрттӕ йын афӕлдӕхта зӕххыл, куы ратыдта, куы срӕдывта ӕвдузӕнтӕ! Уӕ, тард куы ’рцыдысты сӕ зӕххӕй паддзах ӕмӕ уӕздӕттӕ! О, нал хъуысы Хуыцауы Ӕгъдау! О, пехуымпартӕн Дунедарӕг ныр нал ӕвдисы рагуацтӕ!


Израилы пехуымпартӕ, Йерусалимӕн пехуымпариуӕг чи кодта ӕмӕ йын, фарнӕн йӕ кой дӕр нӕ уӕвгӕйӕ, фарн ис, зӕгъгӕ, йӕ цӕстылуайӕнтӕ чи дзырдта, уыдон», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


уый тыххӕй сымах уӕ мӕнг цӕстылуайӕнтӕ нал уындзыстут ӕмӕ пехуымпариуӕг нал кӕндзыстут. Мӕ адӕмы уын Ӕз уӕ къухтӕй фервӕзын кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: додой сӕ къона ӕнӕзонд пехуымпартӕн, ницы йын раргом ис, афтӕмӕй йӕхи зондӕй пехуымпариуӕг чи кӕны, уыдонӕн!


Сӕ цӕстылуайӕнтӕ мӕнг сты, сӕ рагуацтӕ — фӕлывд. Уыдон дзурынц, Дунедарӕг загъта, зӕгъгӕ, фӕлӕ сӕ Дунедарӕг нӕ рарвыста, афтӕмӕй зӕрдӕ бавӕрынц, нӕ дзырд, дам, сӕххӕст уыдзӕн.


Йӕ пехуымпартӕ кӕнынц цӕстфӕливӕн митӕ, сӕ цӕстылуайӕнтӕ — мӕнг, сӕ рагуацтӕ — фӕлывд. Уыдон дзурынц: „Уый Дунедарӕг Хуыцау загъта“, афтӕмӕй та Дунедарӕг ницы загъта.


Цыфӕнды фӕлитой дӕр исты куы ӕрымысид ӕмӕ куы зӕгъид, сӕн ӕмӕ махсымӕйӕн уӕм ныккӕнӕн дӕр нал уыдзӕни, зӕгъгӕ, уӕд уый дӕр ацы адӕмӕн хорз пехуымпар суаид.


Уӕхи хизут, фысдзармы уӕм чи ӕрцӕуы, афтӕмӕй та тугдзых бирӕгъ чи у, уыцы мӕнгпехуымпартӕй.


Хуыцауы бӕргӕ базыдтой, фӕлӕ Хуыцауӕн, цы кад Ын ӕмбӕлы, ахӕм кад не скодтой ӕмӕ Дзы бузныг нӕ уыдысты. Сӕ зонд ныззыгъуыммӕ ис, ӕмӕ се ’нӕмбаргӕ зӕрдӕтыл саудалынг ӕртыхсти.


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, алы адӕймагыл ма ӕууӕндут, фӕлӕ йӕ фӕлварут, цы монӕй хайджын у, уый йын Хуыцауӕй лӕвӕрд у ӕви нӕ, уымӕн ӕмӕ бирӕ мӕнгпехуымпартӕ фӕзынди дунейы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan