Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 23:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Уымӕ гӕсгӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг пехуымпарты тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Маргджын дон ӕмӕ скъӕлдзойӕ сӕ бафсаддзынӕн, уымӕн ӕмӕ ӕгас зӕхх дӕр фӕчъизи ис Йерусалимы пехуымпарты тыххӕй».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 23:15
12 Iomraidhean Croise  

Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Ӕз сӕ нӕ арвыстон, афтӕмӕй Мӕ номӕй афтӕ цы пехуымпартӕ зӕгъынц, ацы зӕххыл нӕдӕр кард, нӕдӕр стонг уыдзӕни, зӕгъгӕ, уыдон сӕхӕдӕг кард ӕмӕ стонгӕй амӕлдзысты.


«Цӕмӕн кӕнӕм фӕстиат? Ӕрӕмбырд ут, бырутӕй ӕхгӕд сахартӕм фӕлидзӕм ӕмӕ уым ӕнцой ссарӕм нӕхицӕн! Фесафын нӕ сфӕнд кодта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, маргджын дон нын дары, уымӕн ӕмӕ Йӕ разы тӕригъӕдтӕ фӕкодтам.


Хивӕнд уыдысты ӕмӕ Баалтӕн лӕггад кодтой, сӕ фыдӕлтӕй куыд сахуыр сты, афтӕ».


Уымӕ гӕсгӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Ӕз ацы адӕмӕн скъӕлдзо бахӕрын кӕндзынӕн, маргджын дон сын бадардзынӕн.


Уӕ, мастӕй мӕ куы бафсӕста, куы мӕ бафсӕста скъӕлдзойӕ!


О, ӕркӕс мӕ саубонмӕ, куыд рафт-бафт кӕнын, уымӕ! Мӕ фӕндӕгтӕ ныссуйтӕ сты, ӕркӕс мӕм! Куы байдзаг дӕн скъӕлдзо ӕмӕ мастӕй!


Куы ’ртыхст мӕ алыварс, уӕ, удхарӕй мӕ мары!


Уыцы бон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — Ӕз ацы зӕххыл мӕнг хуыцӕутты ныццӕгъддзынӕн, мӕнг пехуымпарты ӕмӕ алы ӕлгъӕгтӕм мондаггӕнӕг моны фесафдзынӕн зӕххӕй.


уӕд Ын нуазынӕн радтой сӕн мастимӕ хӕццӕйӕ. Фӕлӕ дзы Уый куы ацахуыста, уӕд ӕй нал бануӕзта.


Ма разынӕд уе ’хсӕн ахӕм нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаг, ахӕм мыггаг кӕнӕ хӕдзарвӕндаг, Дунедарӕгыл, нӕ Хуыцауыл, йӕхи чи атигъ кӕна ӕмӕ уыцы адӕмты хуыцӕуттӕн чи лӕггад кӕна! Ма разынӕд уе ’хсӕн маргджын зайӕгой кӕнӕ скъӕлдзойы уидаг!


Уыцы стъалыйы ном у Скъӕлдзой. Цӕугӕдӕтты ӕртыццаг хай скъӕлдзойау смаст ис, ӕмӕ уыцы маст донӕй бирӕ адӕм фӕцагъды сты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan