11 сауджынӕй, пехуымпарӕй — цӕстмӕхъустӕ. «Суанг сын Мӕ Хӕдзары дӕр сӕ фыдракӕндтӕ уынын, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Кувӕндонӕн йӕ дыууӕ кӕрты мидӕг ӕппӕт уӕларвон ӕфсадӕн нывондхӕссӕнтӕ скодта.
Хъӕдӕй кӕй саразын кодта, уыцы гуымирыйы та сӕвӕрдта Дунедарӕджы Кувӕндоны, Дунедарӕг Давид ӕмӕ Соломонӕн афтӕ кӕмӕй загъта: «Ацы Кувӕндоны, Йерусалимы — Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгты исбонӕй Мӕхицӕн кӕй равзӕрстон, уыцы сахары — Мӕ ном цӕрдзӕни мыггагмӕ.
Хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ адӕмы хистӕрты тӕригъӕдтӕн дӕр кӕрон нал уыди. Муртаттӕгты ӕлгъаг митӕ фӕзмыдтой ӕмӕ фӕчъизи кодтой Дунедарӕджы Кувӕндон, Дунедарӕг Йерусалимы кӕй срухс скодта, уый.
Сауджынты фырттӕй ӕндӕрмыггаг бинойнӕгтӕ кӕмӕн разынди, уыдон уыдысты: Иоцадакы фырт Йешуа ӕмӕ йе ’фсымӕрты лӕппутӕ — Маасеа, Елиезер, Иарив ӕмӕ Гедалиа.
Мӕ уарзонӕн Мӕ Хӕдзары цы ис? Йӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты. Нывондаг дзидза дӕ куыд айсон, дӕ фыдракӕндтыл цин куы кӕныс, уӕд?
Уымӕ гӕсгӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг пехуымпарты тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Маргджын дон ӕмӕ скъӕлдзойӕ сӕ бафсаддзынӕн, уымӕн ӕмӕ ӕгас зӕхх дӕр фӕчъизи ис Йерусалимы пехуымпарты тыххӕй».
Мӕ ном кӕуыл сӕвӕрдӕуыд, уыцы Хӕдзары се ’лгъӕгтӕ сӕвӕрдтой, фӕчъизи йӕ кодтой.
пехуымпартӕн сӕ рагуацтӕ мӕнг сты, се ’ххуысӕй сауджынтӕ хицауиуӕг кӕнынц, Мӕ адӕмӕн та уыдӕттӕ сты ӕхсызгон. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ цы фӕуыдзыстут?
Мӕ адӕм сдзӕгъӕл сты фыстау, сӕ фыййӕуттӕ сӕ раст фӕндагӕй аздӕхтой ӕмӕ сӕ ныххӕлиу кодтой. Хӕхтыл ӕмӕ къуыбыртыл адзӕгъӕл сты, сӕ цӕрӕнбынат сӕ ферох ис.
Иууылдӕр, стырӕй, чысылӕй, ӕрмӕст ӕфтиагмӕ бӕллынц, пехуымпарӕй сауджыны онг мӕнгард сты сӕ хъуыддӕгтӕ.
Иудейы цот Мӕ разы фыдракӕндтӕ кӕнынц, — зӕгъы Дунедарӕг. — Мӕ ном цы хӕдзарыл ӕвӕрд ис, уым се ’лгъӕгтӕ сӕвӕрдтой ӕмӕ йӕ фӕчъизи кодтой.
Уый тыххӕй сын Ӕз сӕ устыты ӕндӕртӕн ратдзынӕн, сӕ быдыртӕ та — ног хицӕуттӕн. Уымӕн ӕмӕ стырӕй, чысылӕй мулкмондаг сты, сауджынӕй, пехуымпарӕй — мӕнгард.
О Дунедарӕг, ӕркӕс мӕм! О, уый бӕрц ӕгъатыр кӕд кӕимӕ уыдтӕ?! Ныййарӕг мад йӕ сабиты хӕрынмӕ ’рцыд! Уӕ, сауджынӕй, пехуымпарӕй куы сӕфынц, Дӕ Кувӕндоны сӕ куы марынц!
Афтӕ сӕ азымы тыххӕй ӕфхӕрд ӕрцӕудзысты левиттӕ дӕр, Израил йӕ фӕндагӕй куы адзӕгъӕл, уӕд Мӕ чи ныууагъта ӕмӕ гуымирытӕм кувын чи райдыдта, уыдон.
Сӕ диссаджы хӕзнатӕй хъал уыдысты, се ’лгъаг гуымирытӕ уыдонӕй кодтой, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ сӕ хӕзнатӕ фенад кӕндзынӕн.
Израилы хистӕртӕй ӕвдайы бӕрц лӕууыдысты сӕ разы, Шафаны фырт Иазани дӕр се ’хсӕн, афтӕмӕй. Алкӕй къухы дӕр сӕ уыди будсудзӕн, ӕмӕ буды хӕрздӕфы къуыбылӕйттӕ хӕрдмӕ цыдысты.
Дунедарӕг мӕ бакодта Кувӕндоны мидӕггаг кӕртмӕ, ӕмӕ дын мӕнӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны къӕсӕрмӕ, тыргътӕй нывондхӕссӕны ’хсӕн, фондз ӕмӕ ссӕдз лӕджы лӕууы. Сӕ чъылдымтӕ сарӕзтой Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ, се ’ргом та хурыскӕсӕнмӕ ӕмӕ хурыскӕсӕнӕрдӕм хурӕн куывтой.
Йӕ уӕздӕттӕ рыхынц домбӕйттау, йӕ тӕрхоны лӕгтӕ ӕхсӕвдзу бирӕгътау райсоммӕ стӕг нал ныууадзынц.
Йӕ пехуымпартӕ — ницӕйаг ӕмӕ мӕнгард, йӕ сауджынтӕ, уаз цы у, уыдӕттӕ фӕчъизи кодтой, Хуыцауы Ӕгъдау сӕ къӕхты бын ныссӕстой.