9 Ӕмӕ сын дзуапп ратдзысты: „Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгимӕ, сӕ Хуыцауимӕ, цы фидыд сарӕзтой, уый сӕ ферох ис, ӕндӕр хуыцӕуттӕм куывтой ӕмӕ сын лӕггад кодтой“».
Ацы бӕрзонд Кувӕндонӕн дӕр-иу йӕ цурты чи рацӕуа, уый-иу сагъдауӕй аззайдзӕн, стӕй-иу фехситт кӕндзӕн ӕмӕ бафӕрсдзӕн, ацы зӕхх ӕмӕ ацы Кувӕндонӕн Дунедарӕг цӕй тыххӕй афтӕтӕ бакодта, зӕгъгӕ.
Кӕй Мӕ ныууагътой ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн буд кӕй сыгътой, сӕ хъуыддӕгтӕй Мӕ кӕй мӕсты кодтой, уый тыххӕй ацы бынатмӕ Мӕ маст ссудздзӕн, ӕмӕ нӕ бамынӕг уыдзӕн“.
Мӕн кӕй ныууагътой ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн буд кӕй сыгътой, сӕ хъуыддӕгтӕй Мӕ кӕй мӕсты кодтой, уый тыххӕй сыл Мӕ масты цӕхӕр ныккӕлдзӕн ӕмӕ нӕ ахуысдзӕн!“
Сӕ фыдӕлты Мӕ ныхӕстӕм хъусын нӕ бафӕндыд, ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл адзӕгъӕл сты ӕмӕ сын лӕггад кодтой. Адон дӕр сын фӕзмынц сӕ фыдракӕндтӕ. Израил ӕмӕ Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, сӕ фыдӕлтимӕ сын цы фидыд сарӕзтон, уый фехӕлдтой».
Зӕгъ сын: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау: ацы фидыды ныхӕстӕм чи нӕ хъусы, уый ӕлгъыст у.
Уӕд-иу сын дзуапп ратт: уӕ фыдӕлтӕ Мӕ ныууагътой, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн куывтой ӕмӕ сын лӕггад кодтой, Мӕн та ныууагътой ӕмӕ Мын Ме ’Гъдау не ’ххӕст кодтой.
Чи-иу сыл фӕхӕст, уый-иу сӕ аныхъуырдта, се ’фхӕрджытӕ дзырдтой: „Мах аххосджын ницӕмӕй стӕм, уымӕн ӕмӕ уыдон фӕтӕригъӕдджын сты Дунедарӕджы, рӕстдзинады хӕдзары, сӕ фыдӕлты зӕрдӕдарӕны, раз“.
Дунедарӕг загъта: «Ӕз сын цы Ӕгъдау радтон, уый кӕй нал ӕххӕст кодтой, кӕй Мӕм нӕ хъуыстой ӕмӕ Ме ’Гъдаумӕ гӕсгӕ кӕй нӕ цардысты, уый тыххӕй.
Ӕрмӕст сын сӕ чысыл хай бахиздзынӕн кардӕй, стонгӕй ӕмӕ емынӕйӕ, цӕмӕй, цы адӕмтӕм фӕцӕуой, уыдонӕн се ’лгъаг миты тыххӕй радзурой. Ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».
Адон фӕрцы басабыр уыдзыстут, сӕ уаг ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ сын куы фенат, уӕд, ӕмӕ базондзыстут, Йерусалимӕн ӕппӕт уыдӕттӕ хуымӕтӕджы кӕй нӕ бакодтон, уый», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Иннӕ адӕмтӕ та базондзысты, Израилы адӕм сӕ тӕригъӕдты аххосӕй хасты кӕй уыдысты, уый. Гадзрахатӕй Мыл кӕй рацыдысты, уый тыххӕй сӕ Ме ’ргом аздӕхтон, сӕ фыдгулты къухтӕм сӕ радтон ӕмӕ се ’ппӕт дӕр карды амӕттаг баисты.
Худдзысты дыл ӕмӕ дын фидис кӕндзысты, сӕ кӕрӕдзийы рагацау фӕдзӕхсдзысты ӕмӕ ӕвирхъау тас бахӕцдзӕни дӕ алыварс адӕмтыл, Мӕ карз тӕрхоны азар дыл куы ныххуырсон, уӕд. Уый загътон Ӕз, Дунедарӕг.
Ӕппӕт адӕмтӕ зӕгъдзысты: „Дунедарӕг ацы бӕстӕйӕн афтӕтӕ цӕмӕн бакодта? Уый бӕрц ӕм цӕуыл ссыгъд Йӕ маст?“