8 Бирӕ адӕмтӕ, сахары рӕзты цӕугӕйӕ, кӕрӕдзийы фӕрсдзысты: „Ацы стыр сахарӕн Дунедарӕг ахӕм тӕрхон цӕмӕн рахаста?“
Ды адӕмӕн ацы ныхӕстӕ куы фехъусын кӕнай, уӕд дӕ фӕрсдзысты: „Дунедарӕг нын рагацау ахӕм стыр бӕллӕхы кой цӕмӕн кӕны? Цӕй мидӕг ис нӕ азым? Цавӕр тӕригъӕд ракодтам Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы раз?“
Хъахъхъӕнджыты хицау Йеремиайы куы ссардта, уӕд ын загъта: «Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, ацы зӕххӕн рагацау фыдбылыз снысан кодта.
Ӕмӕ ныр Дунедарӕг, рагацау цы загъта, уый сӕххӕст кодта, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы раз фӕтӕригъӕдджын стут. Йӕ ныхасмӕ Йын нӕ хъуыстат ӕмӕ ӕппӕт адӕттӕ уый тыххӕй бавзӕрстат.
Зӕххон паддзӕхтӕ ӕмӕ уӕздӕттӕ ӕнхъӕл нӕ уыдысты, кӕй бахиздзӕни залым Йерусалимы кулдуарыл.
Ӕрмӕст сын сӕ чысыл хай бахиздзынӕн кардӕй, стонгӕй ӕмӕ емынӕйӕ, цӕмӕй, цы адӕмтӕм фӕцӕуой, уыдонӕн се ’лгъаг миты тыххӕй радзурой. Ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».
Адон фӕрцы басабыр уыдзыстут, сӕ уаг ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ сын куы фенат, уӕд, ӕмӕ базондзыстут, Йерусалимӕн ӕппӕт уыдӕттӕ хуымӕтӕджы кӕй нӕ бакодтон, уый», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Иннӕ адӕмтӕ та базондзысты, Израилы адӕм сӕ тӕригъӕдты аххосӕй хасты кӕй уыдысты, уый. Гадзрахатӕй Мыл кӕй рацыдысты, уый тыххӕй сӕ Ме ’ргом аздӕхтон, сӕ фыдгулты къухтӕм сӕ радтон ӕмӕ се ’ппӕт дӕр карды амӕттаг баисты.
Худдзысты дыл ӕмӕ дын фидис кӕндзысты, сӕ кӕрӕдзийы рагацау фӕдзӕхсдзысты ӕмӕ ӕвирхъау тас бахӕцдзӕни дӕ алыварс адӕмтыл, Мӕ карз тӕрхоны азар дыл куы ныххуырсон, уӕд. Уый загътон Ӕз, Дунедарӕг.
Дунедарӕг, Ды кӕддӕриддӕр иузӕрдион дӕ, фӕлӕ мах, Йерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ иудейӕгтӕ, ӕгас Израилы адӕм, абоны онг фидиссагӕй цӕрӕм. Нӕ фыдракӕндты аххосӕй нӕ алы бӕстӕты ныххӕлиу кодтай.