7 Дӕ ныхмӕ дын сафджытӕ сцӕттӕ кодтон, се ’ппӕтмӕ дӕр хӕцӕнгӕрзтӕ радтон. Дӕ хуыздӕр нӕзы бӕлӕстӕ дын акалдзысты ӕмӕ сӕ басудздзысты.
Дӕ цагъартӕн бафӕдзӕхстай Мӕн фауын. Дӕхи стыдтай, мӕ бирӕ бӕхӕфсадимӕ, дам, схызтӕн хӕхты бӕрзӕндтӕм, Ливаны рӕгътӕм. Ныццагътон, дам, ын йӕ бӕрзонд кедр бӕлӕстӕ, йӕ хуыздӕр кипаристӕ. Схызтӕн, дам, ын йӕ бӕрзонддӕр хохмӕ, бацыдтӕн йӕ хуыздӕр хъӕдмӕ.
Сӕ идӕдзтӕ Мӕ фӕндонӕй денджызы змисӕй фылдӕр систы. Ӕмбисбон сын сӕ мадӕлтыл Ӕз абырджыты бафтыдтон, ӕвиппайды сыл стыр тас бахӕцдзӕн.
Ӕз уын уӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Уӕ хъӕдыл уын арт бандзардзынӕн, ӕмӕ уыцы арт, йӕ алыварс цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр аныхъуырдзӕн».
Израилы хӕдзарвӕндаг, — зӕгъы Дунедарӕг, — дӕ ныхмӕ тох кӕнынӕн Ӕз дардӕй ӕрбакӕндзынӕн рагон ӕмӕ тыхджын адӕмы. Се ’взаг сын нӕ зоныс, ӕмӕ сын сӕ ныхӕстӕ не ’мбардзынӕ.
Дӕ кулдуар байгом кӕн, Ливан! Уадз аныхъуыра пиллон арт дӕ кедртӕ!
Паддзах смӕсты, йе ’фсад арвыста, уыцы лӕгмарты ныццагъта ӕмӕ сын сӕ сахар басыгъта.