26 Дӕ ныййарӕг мадимӕ дӕ ӕцӕгӕлон бӕстӕм фӕсурдзынӕн. Сымах уым нӕ райгуырдыстут, фӕлӕ уыцы ран амӕлдзыстут.
Вавилонмӕ Йерусалимӕй хаст ӕрцыдысты Йехониа дӕр, йӕ мад, йӕ устытӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр, стӕй бӕстӕйы уӕздӕттӕ дӕр.
Йехониа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди ӕстдӕс азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ӕдӕппӕтӕй ахаста ӕртӕ мӕйы. Йӕ мад Нехушта уыд йерусалимаг Елнатаны чызг.
Евил-Меродах Вавилоны паддзах куы сси, тӕккӕ уыцы аз ахӕстонӕй суӕгъд кодта иудейаг паддзах Йехониайы. Уый ӕрцыд Йехониайы ахасты ӕвддӕс ӕмӕ ссӕдзӕм азӕн йӕ дыууадӕсӕм мӕйы дыууын ӕвдӕм бон.
Йехониа аивта йӕ ахӕсты дарӕстӕ дӕр. Уыйхыгъд ын цӕргӕ-цӕрӕнбонты бар уыди Вавилоны паддзахы фынгыл бадынӕн.
Паддзахы бардзырдмӕ гӕсгӕ йын йӕ цард-цӕрӕнбонты ӕрвылбон хойраг лӕвӕрдтой ӕнӕсцухӕй.
Дунедарӕг дӕ ардыгӕй фехсдзӕн, богал, алырдыгӕй дӕ ӕрбалвасдзӕн,
уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ныр ӕз ацы зӕххы цӕрджыты фӕсурдзынӕн, фыдбылызы сӕ баппардзынӕн, се знӕгтӕ сӕ куыд ӕрцахсой, афтӕ».
Паддзах ӕмӕ йӕ мадӕн зӕгъ: «Сӕрныллӕгӕй ӕрбадут зӕххыл, уымӕн ӕмӕ уӕ кады худтӕ ӕрхаудысты».
Уый тыххӕй уӕ Ӕз ацы зӕххӕй, нӕдӕр уӕ фыдӕлтӕ, нӕдӕр уӕхӕдӕг кӕй зыдтат, уыцы бӕстӕм фӕсурдзынӕн. Ӕмӕ уым ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕм кувдзыстут, уымӕн ӕмӕ уын Ӕз нӕ ныххатыр кӕндзынӕн.
Ацы зӕхмӕ раздӕхынмӕ бӕллут, фӕлӕ уын уый нӕ бантысдзӕн.
Иудейы паддзах Йехониайы, Иоакимы фырты, стӕй Иудейӕ Вавилонмӕ уацары кӕй акодтой, уыцы адӕмы се ’ппӕты дӕр фӕстӕмӕ ардӕм раздахдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ Ӕз Вавилоны паддзахӕн йе ’фсондз ныппырх кӕндзынӕн».
Уый уыди, паддзах Йехониа, йӕ мад, евнухтӕ, Иудей ӕмӕ Йерусалимы уӕздӕттӕ, куырдтӕ ӕмӕ ӕрмдӕсныты Йерусалимӕй куы акодтой, уый фӕстӕ.
Иудейӕгтӕй ма чи аирвӕзт, Мысырмӕ чи ӕрбацыд ӕмӕ дзы чи ӕрцард, уыдонӕй ничи фервӕздзӕн, фӕстӕмӕ дзы Иудейы бӕстӕм цӕрынмӕ ничи раздӕхдзӕн. Уыдон бӕллынц раздӕхынмӕ ӕмӕ ногӕй Иудейы зӕххыл ӕрцӕрынмӕ, фӕлӕ иугай лидзджытӕй уӕлдай ничиуал раздӕхдзӕн фӕстӕмӕ».