23 О Ливаны цӕрӕг, нӕзы бӕлӕстыл ахстӕттӕ чи скодта, уый! Дӕ хъизӕмӕртты заман арӕг усау ныхъхъӕрздзынӕ!
О тъӕпӕны цӕрӕг, о дӕлвӕзы къӕдзӕх! Ныр Мӕхӕдӕг сыстадтӕн дӕ ныхмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг. — Сымах дзурут: „Нӕ ныхмӕ чи рацӕудзӕн? Нӕ хӕдзӕрттӕм нын чи бабырсдзӕн?“
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг иудейаг паддзахы хӕдзары тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Ды Галаад ӕмӕ Ливаны хӕхтау лӕууыс Мӕ разы, фӕлӕ дӕ Ӕз ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, дӕ сахарты цӕрӕг нал баззайдзӕн.
Къуыбыртӕй хъуысы дзыназын, Израилы фыртты кӕуын ӕмӕ лӕгъстӕтӕ, уымӕн ӕмӕ галиу фӕндӕгтыл ацыдысты, ферох кодтой Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы!
Моавы цӕрджытӕ, уӕ сахартӕ ныууадзут ӕмӕ къӕдзӕхтыл ӕрцӕрут, лӕгӕтты сӕрмӕ ахстӕттӕ цы хъӕддаг бӕлӕттӕ скӕнынц, уыдоны бафӕзмут.
О къӕдзӕхты цъассыты цӕрӕг, хӕхты цъуппыты хицау! Хъӕхъхъаг ӕмӕ къӕйных кӕй дӕ, ууыл дӕ зӕрдӕ дзӕгъӕлы дардтай. Уӕлиау ахстон скодтай цӕргӕсау, фӕлӕ дӕ Ӕз уырдыгӕй раппардзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Сӕ кой сын фехъуыстам ӕмӕ нӕ къухтӕ ӕруагътам, арӕг устытау фыр рыстӕй хъизӕмар кӕнӕм.
Зӕгъ сын: Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: стыр цӕргӕс, фӕтӕнбазыр, даргъсис, хъуынджын ӕмӕ хъулон, ӕрбатахти Ливанмӕ ӕмӕ кедры цъупп стыдта.
Фӕстӕмӕ раздӕхдзынӕн Мӕ бынатмӕ, цалынмӕ сӕ азым ӕрӕмбарой ӕмӕ Мӕ ӕрцагурой, уӕдмӕ.
Зӕрдиагӕй Мӕм кувыны бӕсты сӕ хуыссӕнуӕтты ӕрдиаг кодтой; къӕбӕр ӕмӕ сӕны тыххӕй ӕрӕмбырд вӕййынц, Мӕнӕй та се ’ргом аздӕхтой.
Мӕрдтыбӕстӕм куы фӕлидзой, уӕд сӕ уым дӕр ссардзынӕн, уӕларвмӕ куы ссӕуой, уӕд сӕ уырдыгӕй дӕр раппардзынӕн.
Фӕлӕ цӕргӕсау бӕрзонд куы стӕхай ӕмӕ стъалыты астӕу дӕхицӕн ахстон куы сбийай, уӕд дӕ уырдыгӕй дӕр расхойдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.
Додой йӕ къона, галиу миты фӕрцы йӕ хӕдзары исбоныл чи ӕфтауы, цӕмӕй фыдбылызӕй фервӕза, уый тыххӕй йӕ ахстон бӕрзонд чи саразы, уымӕн!
Ӕркасти Балаам кенӕгтӕм ӕмӕ загъта: «Фидар у дӕ цӕрӕн, къӕдзӕхыл — дӕ ахстон!