Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 22:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 «Иудейы паддзах, Давиды паддзахы бадӕны бадӕг, байхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ! Дӕхӕдӕг, стӕй дӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ дӕ адӕм, ацы кулдуары уылты чидӕриддӕр бацӕуы, уыдон се ’ппӕт дӕр хъусӕнт!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 22:2
18 Iomraidhean Croise  

Миха загъта: «Байхъус-ма, Дунедарӕг дӕу тыххӕй цы зӕгъы, уымӕ! Ӕз федтон Дунедарӕджы Йӕ паддзахы бадӕны бадгӕ. Йӕ уӕларвон ӕфсад иууылдӕр Йӕ рахиз ӕмӕ Йӕ галиуфарс лӕууыдысты.


Ӕрбайхъусут Дунедарӕгмӕ, Содомы ӕлдӕрттӕ! Уӕ хъус ӕрдарут нӕ Хуыцауы Ӕгъдаумӕ, Гоморрӕйы адӕм!


Дунедарӕджы ныхасмӕ ӕрбайхъусут, Йерусалимы цӕрджыты ӕнӕввӕрсон барджынтӕ!


Паддзах Давиды бадӕны ӕрбаддзӕн, Йӕ паддзахы бартӕ уыдзысты ӕгӕрон ӕмӕ зӕххыл расиддзӕни фидыд. Давиды паддзахад мыггагмӕ ӕрфидар кӕндзӕни, раст тӕрхон хӕсгӕйӕ. Уӕларвӕфсады Бардарӕг Ыл ауддзӕн.


Паддзах ӕмӕ йӕ мадӕн зӕгъ: «Сӕрныллӕгӕй ӕрбадут зӕххыл, уымӕн ӕмӕ уӕ кады худтӕ ӕрхаудысты».


«Иудейы паддзӕхтӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ!» Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Ӕз ацы зӕххыл ахӕм бӕллӕх ӕруадздзынӕн, ӕмӕ, йӕ кой чидӕриддӕр фехъуса, уыдонӕн фыр дисӕй сӕ хъустӕ ныззӕлланг кӕндзысты.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Иудейаг паддзахы галуанмӕ ацу ӕмӕ йын фехъусын кӕн:


Ӕппӕт уыдӕттӕ куы сӕххӕст кӕнат, уӕд, Давиды бадӕны цы паддзӕхтӕ бадынц, уыдон, стӕй сӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ сӕ адӕм ацы галуаны кулдуары уылты бӕхтыл ӕмӕ бӕхуӕрдӕттыл цӕудзысты.


Фӕлӕ сымах, хаст адӕм, Йерусалимӕй Вавилонмӕ кӕй арвыстон, уыдон, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ!


«Дунедарӕджы, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: „Ацу Иудейы паддзах Цедекиамӕ ӕмӕ йын Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, номӕй афтӕ зӕгъ: Ӕз ацы сахар дӕттын вавилойнаг паддзах Навуходоносоры къухмӕ, ӕмӕ йӕ басудздзӕн.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг иудейаг паддзах Иоакимы тыххӕй афтӕ зӕгъы: йӕ байзӕддӕгтӕй Давиды паддзахы бадӕны ничиуал сбаддзӕн, ӕнтӕф бонтӕ ӕмӕ уазал ӕхсӕвты дӕ мард зӕххыл лӕзӕрдзӕн.


«Дунедарӕджы хӕдзары кулдуары раз ӕрлӕуу ӕмӕ фехъусын кӕн: „Ӕгас Иудей, уе ’ппӕт дӕр Дунедарӕджы ныхасмӕ байхъусут! Ацы кулдуарыл Дунедарӕгӕн бакувынмӕ чидӕриддӕр ӕрбацӕуы, уыдон иууылдӕр хъусӕнт!“»


Уымӕ гӕсгӕ, фыййӕуттӕ, ӕрбайхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ.


Уӕдӕ ныр байхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ. Ды зӕгъыс, пехуымпариуӕг мауал кӕн Израилы, Исаакы хӕдзарӕн мацыуал дзур, зӕгъгӕ.


Уый уыдзӕни цытджын, хондзысты Йӕ Дунедарӕджы Фырт, ӕмӕ Йын Бардарӕг Хуыцау ратдзӕн Йӕ фыдӕл Давиды паддзахы бадӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan