Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 22:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Хӕрӕгау ӕй баныгӕндзысты: аласдзысты йӕ ӕмӕ йӕ Йерусалимы кулдуарӕй фехсдзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 22:19
13 Iomraidhean Croise  

Уымӕ гӕсгӕ дын дӕ хӕдзаронты фыдбылызы амӕттаг бакӕндзынӕн, цагъайраг уа ӕви сӕрибар — Израилы адӕмы ’хсӕн Йоровамы хӕдзарвӕндагӕй иу лӕппу-байзӕддаджы дӕр нал ныууадздзынӕн, фаджыс мӕрзӕгау се ’ппӕты дӕр рамӕрздзынӕн.


Иоаким паддзах куы сси, уӕд ыл цыди фондз ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста иуӕндӕс азы. Йӕ мад Зевудда уыди Румайаг Педаиайы чызг.


Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Йехониа.


Рацыдысты йӕм, фӕлӕ дзы сӕрыкъуыдыр ӕмӕ къухтӕ ӕмӕ къӕхты стджытӕй уӕлдай ницыуал ссардтой.


Ӕмӕ йӕм Вавилоны паддзах Навуходоносор ӕрбабырста, хъадамантӕ йыл скодта ӕмӕ йӕ Вавилонмӕ уацары акодта.


Адӕймагӕн сӕдӕ сывӕллоны куы уа, зӕронды бонтӕм куы фӕцӕра, фӕлӕ йӕ цӕргӕбонты амондджын куынӕ уа ӕмӕ ӕнӕныгӕдӕй куы баззайа, уӕд ӕфтыддаг амондджындӕр у.


Цыппар хуызы сӕ бафхӕрдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — карды цӕфӕй мӕлдзысты, куыйтӕ сӕ фӕйнӕрдӕм тондзысты, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕ сӕ ныхъуырдзысты ӕмӕ сафдзысты.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг иудейаг паддзах Иоакимы тыххӕй афтӕ зӕгъы: йӕ байзӕддӕгтӕй Давиды паддзахы бадӕны ничиуал сбаддзӕн, ӕнтӕф бонтӕ ӕмӕ уазал ӕхсӕвты дӕ мард зӕххыл лӕзӕрдзӕн.


Ды ацу уырдӕм, ӕмӕ дын цы чиныг ныффыссын кодтон, уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕджы ныхӕстӕ хъӕрӕй бакӕс ӕппӕт адӕмы раз. Комдарӕн бон сӕ сахартӕй цы иудейӕгтӕ ’рбацӕудзысты, уыдонӕн сӕ се ’ппӕтӕн дӕр бакӕс.


Хур ӕмӕ мӕйы, стӕй ӕппӕт уӕларвон ӕфсады — кӕй уарзтой, кӕмӕн лӕггад кодтой ӕмӕ кӕй фӕдыл цыдысты, кӕй фарстой ӕмӕ кӕмӕн куывтой, уыдоны бын сӕ ныххӕлиу кӕндзысты. Ничи сӕ ӕрӕмбырд кӕндзӕн, фаджысау зӕххыл лӕзӕрдзысты.


Фӕлӕ йӕ ныхмӕ сыстадысты уӕд йӕ алфамбылай бӕстӕты цӕрджытӕ. Сӕ ахсӕн хыз ыл баппӕрстой, ӕмӕ сӕ хъоргъы ’ппӕрст ӕрцыди.


Тыгъд быдыры де сӕфт ӕрцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ афтӕ загътон Ӕз, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan