Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 22:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Иудейы паддзах Иоакимы, Иосиайы фырты, тыххӕй афтӕ зӕгъы: ничи йыл ныхъхъарӕг кӕндзӕн: «Уӕ, додой, ме ’фсымӕр! Уӕ, додой, мӕ хо!» Нӕ йыл ныккӕудзысты: «Уӕ, додой, мӕ хицау! Уӕ, додойаг куы фӕци йӕ кад!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 22:18
17 Iomraidhean Croise  

Куыд зын у ӕнӕ дӕу, ме ’фсымӕр Ионатан! Ды мӕ ахсджиаг уыдтӕ мӕнӕн; дӕ уарзт мын сылгоймаджы уарзтӕй зынаргъдӕр уыд.


ӕмӕ йӕ бавӕрдта йӕхи зӕппадзы, фӕкуыдта йыл, оххай-гъе, ме ’фсымӕр, зӕгъгӕ.


Иоаким паддзах куы сси, уӕд ыл цыди фондз ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста иуӕндӕс азы. Йӕ мад Зевудда уыди Румайаг Педаиайы чызг.


Ашерӕйы цӕджындз Дунедарӕджы Кувӕндонӕй Йерусалимы фӕссахармӕ Кедроны тӕрфмӕ рахӕссын кодта ӕмӕ йӕ уым басудзын кодта. Йе ’взалытӕ йын бассын кодта, ӕмӕ ӕртхутӕг хуымӕтӕг адӕмы уӕлмӕрдты акалдтой.


Куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ фыдӕлты зӕппадзы. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Йехониа.


Иосиайы фырттӕ: йӕ хистӕр зӕнӕг — Иоханан, уый кӕстӕр — Иоаким, ӕртыккаг — Цедекиа, цыппӕрӕм — Шаллум.


Йеремиа йыл скодта хъарӕг. Уӕдӕй нырмӕ йӕ хъарджыты фӕмысынц бирӕ зарӕггӕнджытӕ, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй. Израилы уый сси фӕтк, уыцы зарджытӕ фыст ӕрцыдысты «Хъарджыты чиныджы».


Иоаким паддзах куы сси, уӕд ыл цыди фондз ӕмӕ ссӕдз азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста иуӕндӕс азы. Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн, ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттӕ кодта.


«Хъизӕмӕрттимӕ амӕлдзысты, цӕссыг дӕр сыл ничи ӕркалдзӕн ӕмӕ сӕ ныгӕнгӕ дӕр нӕ бакӕндзысты, фаджысау баззайдзысты уӕлӕуыл. Кард ӕмӕ стонгӕй бабын уыдзысты, сӕ мӕрдтӕ уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холы суыдзысты».


Номджынӕй, мӕгуырӕй, ацы зӕххы адӕм иууылдӕр амӕлдзысты ӕмӕ ӕнӕныгӕдӕй баззайдзысты. Ничи сыл скӕудзӕн, уыдоны тыххӕй йӕ буар ничи ныллыгтӕ кӕндзӕн ӕмӕ йӕ сӕр ничи адасдзӕн.


Иудейаг паддзахы хӕдзаронтӕ!


Ма кӕут мардыл, ма йыл хъыг кӕнут! Уацары чи ацыди, ууыл дзыназут: нал раздӕхдзӕн фӕстӕмӕ, йӕ райгуырӕн бӕстӕ нал фендзӕн.


Уацары йӕ кӕдӕм акодтой, уым йӕ мӕлӕт ссардзӕн, ацы зӕхх нал фендзӕн.


сабыр зӕххыл дӕ мӕлӕт ссардзынӕ. Дӕ фыдӕлтӕн ӕмӕ, дӕ размӕ чи уыди, уыцы паддзӕхтӕн хӕрздӕфгӕнӕнтӕ куыд сыгътой, афтӕ дӕ номыл дӕр буд ссудздзысты ӕмӕ, додой, нӕ хицау, зӕгъгӕ, хъарӕг кӕндзысты.“ Уый Ӕз рагацау Мӕхӕдӕг, — зӕгъы Дунедарӕг».


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг иудейаг паддзах Иоакимы тыххӕй афтӕ зӕгъы: йӕ байзӕддӕгтӕй Давиды паддзахы бадӕны ничиуал сбаддзӕн, ӕнтӕф бонтӕ ӕмӕ уазал ӕхсӕвты дӕ мард зӕххыл лӕзӕрдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan