16 Мӕгуыр адӕмы хъаст кӕй ӕвзӕрста, ӕнӕмастӕй дӕр уымӕн царди! Хуыцауы чи зоны, уый уыдӕттӕй бӕрӕг вӕййы, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Ды дӕр, мӕ хъӕбул Соломон, зон дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ Йын кус зӕрдиагӕй, удуӕлдайӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыны алкӕй мидзӕрдӕ, зоны алы фӕнд. Куы Йӕ агурай, уӕд дын раргом кӕндзӕн Йӕхи, намӕ Йыл куы сыстырзӕрдӕ уай, уӕд та дыл бахъоды кӕндзӕни мыггагмӕ.
Чысыл ма хъӕуы, ӕмӕ ӕнӕхуыцӕуттӕн сӕ хъӕр, сӕ кой дӕр нал баззайдзӕн, сӕ фӕд дӕр сын нал ауындзынӕ.
Ӕфхӕрд лӕгӕн Дунедарӕг уыдзӕни ӕмбӕхсӕн, фыдбылызы заман ӕй бахиздзӕн.
Рӕстдзинады сӕрыл дзур, тох кӕн, мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыкк чи у, уыдоны сӕраппонд.
Сахуыр ут хорз хъуыддӕгтӕ кӕныныл, раст тӕрхон хӕссут, ӕфхӕрд адӕймагӕн ӕххуыс кӕнут, сидзӕры сӕрыл хӕцут, ма ӕфхӕрут идӕдзы.
Снард сты, сӕ буӕрттӕ фыр нӕрдӕй ӕрттивынц, сӕ фыдракӕндтӕн кӕрон нал ис. Сидзӕрты хъаст сӕхи пайдайӕн ӕвзарынц, раст тӕрхон нӕ кӕнынц, нӕ хъахъхъӕнынц мӕгуырты бартӕ.
Сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, уыцы адӕмты ’хсӕн сӕ ныххӕлиу кӕндзынӕн, цалынмӕ бынтондӕр сыскъуыйой, уӕдмӕ сӕ кардимӕ сурдзынӕн».
Йӕхицӕй чи ӕппӕлы, уый Мӕн кӕй зоны ӕмӕ Мӕн кӕй ӕмбары, уымӕй ӕппӕлӕд. Ӕз, Дунедарӕг, зӕххыл аразын хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ раст тӕрхон, уымӕн ӕмӕ Мын уыдӕттӕ ӕхсызгон сты», — зӕгъы Дунедарӕг.
«Мӕнг ныхӕстӕ дзурынӕн се ’взӕгтӕ фатау нылвӕстой, мӕнгдзинады фӕрцы стыхджын сты зӕххыл. Сӕ фыдбылызтӕн нӕй кӕрон. Нӕ зонынц Мӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —
О адӕймаг! Хорздзинад цы у ӕмӕ дӕ Дунедарӕг цы домы, уый дын загъдӕуыди: рӕстдзинады фӕдыл цу, адӕмӕн хорздзинад ӕвгъау ма кӕн, сӕрныллӕгӕй цӕр дӕ Хуыцауы раз.
Уыдон афтӕ, нӕдӕр Мӕ Фыды, нӕдӕр Мӕн кӕй нӕ базыдтой, уый тыххӕй кӕндзысты.
Мыггагмӕйы цард та уый у, цӕмӕй Дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Де ’рвыст Йесо Чырыстийы зоной.
Ды Мын дунейӕ цы адӕмы радтай, уыдонӕн Ӕз раргом кодтон Дӕ ном. Уыдон Дӕу уыдысты, Ды сӕ радтай Мӕнӕн, ӕмӕ уыдон сӕххӕст кодтой Дӕ ныхас.
Уӕд Ӕй бафарстой: «Кӕм ис Дӕ Фыд?» Йесо сын дзуапп радта: «Сымах нӕдӕр Мӕн зонут, нӕдӕр Мӕ Фыды. Мӕн куы зониккат, уӕд Мӕ Фыды дӕр зониккат».
Уыдон дзурынц, Хуыцауы зонӕм, зӕгъгӕ, афтӕмӕй Йыл сӕ митӕй сӕхи тигъ кӕнынц; сты цъаммар, хивӕнд ӕмӕ сӕ бон нӕу иунӕг хорз хъуыддаг саразын дӕр.
Дунедарӕгӕй уаздӕр ничи у, никӕй ис абарӕн Демӕ. Нӕ Хуыцау у къӕдзӕх, Уый хуызӕн никуы ис.