14 Уый зӕгъы: „Стыр хӕдзар, уӕрӕх галуантӕ сараздзынӕн мӕхицӕн“. Йӕ рудзгуытӕ йын нӕзыхъӕдӕй ӕмӕ сырх ахорӕнтӕй саив кӕны.
Ӕмӕ иуахӕмы паддзах пехуымпар Натанӕн загъта: «Кӕс-ма, ӕз мӕнӕ кедрӕй конд галуаны цӕрын, Хуыцауы Фидыды Чырын та цатыры лӕууы».
Кувӕндоны сӕйраг агъуысты къултӕ мидӕгӕй састӕрдта кипарисы фӕйнӕджытӕй, уыдон та — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй ӕмӕ сӕ сфӕлыста пальмӕтӕ ӕмӕ рӕхысты нывӕфтыдтӕй.
Хъаугъатӕ уарзӕг тӕригъӕд уарзы, йӕхи чи стауы, уый та ’рхауынмӕ бӕллы.
Раздӕр уал дӕ кӕртмӕ базил ӕмӕ дӕ хуымты куыст бакӕн, уый фӕстӕ дӕхицӕн хӕдзар араз.
Хъуамӕ адӕм иууылдӕр — Ефремы байзӕддӕгтӕ ӕмӕ Самарийы цӕрджытӕ — уыцы хъуыддаг базоной, уымӕн ӕмӕ схъӕл ныхас кӕнынц стырзӕрдӕйӕ:
Ацы хо иннӕмӕй ноджыдӕр хъахбайдӕр разынд. Уый федта къулыл къахт нывтӕ — сырх-сырхид ахорӕнтӕй ахуырст халдейаг нӕлгоймӕгты нывтӕ,
Уайсахат ӕппӕт уыдӕттӕ Навуходоносорыл ӕрцыдысты. Адӕмы ’хсӕнӕй тард ӕрцыди, галау кӕрдӕг хордта ӕмӕ ӕрвон ӕртӕхӕй йӕхи ӕхсадта. Йӕ сӕрыхъуынтӕ цӕргӕсы систау разадысты, йӕ ныхтӕ та уыдысты маргъы ныхтау.
Дунедарӕг Хуыцау сомы кӕны Йӕхицӕй, Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, зӕгъы: Йаковы сӕрыстырдзинад Мын ӕлгъаг у, Йӕ галуантӕ Мын сты ӕнӕуынон, Ӕз ын йӕ сахар йе ’ппӕт цӕрджытимӕ знаджы къухмӕ ратдзынӕн.
Ӕмӕ сымахӕн та уӕ хорз хӕдзӕртты цӕрын афон у, ацы хӕдзар заууатмӕ куы ’рцыди, уӕд?»
Едомӕгтӕ зӕгъдзысты: «Ныддӕрӕн нӕ кодтой, нӕ хӕлддзӕгтӕ ногӕй рацаразӕм». Фӕлӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: — Уыдон сараздзысты, Ӕз та сӕ ногӕй ныппырх кӕндзынӕн; схондзысты сӕ ӕлгъыст бӕстӕ, Дунедарӕг мыггагмӕ кӕй ралгъыста, ахӕм адӕм.