Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 22:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Уацары йӕ кӕдӕм акодтой, уым йӕ мӕлӕт ссардзӕн, ацы зӕхх нал фендзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 22:12
6 Iomraidhean Croise  

Иосиа-паддзахы заман Мысыры паддзах, фараон Нехо, ӕд ӕфсад араст ис Евфраты доны ’рдӕм, Ассирийы паддзахы ныхмӕ. Мегиддойы цур ӕй Иосиа бауроминаг уыд, фӕлӕ йӕ Нехо куы федта, уӕд ӕй амардта.


Фараон Иудейӕн Иосиайы бӕсты паддзахӕй расидт йӕ иннӕ фырт Елиакимы. Ӕцӕг ын радта ног ном: Иоаким. Ныр Иоахазы та атардта Мысырмӕ, ӕмӕ уый уым амардис.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Иудейы паддзах Иоакимы, Иосиайы фырты, тыххӕй афтӕ зӕгъы: ничи йыл ныхъхъарӕг кӕндзӕн: «Уӕ, додой, ме ’фсымӕр! Уӕ, додой, мӕ хо!» Нӕ йыл ныккӕудзысты: «Уӕ, додой, мӕ хицау! Уӕ, додойаг куы фӕци йӕ кад!»


Ацы зӕхмӕ раздӕхынмӕ бӕллут, фӕлӕ уын уый нӕ бантысдзӕн.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Мӕ судзгӕ маст Йерусалимы цӕрджытыл куыд ныккалд, афтӕ сымахыл дӕр ныккӕлдзӕн, Мысырмӕ куы бацӕуат, уӕд. Ӕлгъитдзысты уӕ, уӕ уындӕй адӕмыл стыр тас ӕфтаудзыстут. Сӕгад уыдзыстут, уӕ худинаджы кой айхъуысдзӕн, ӕмӕ ацы зӕхх никуыуал фендзыстут».


Ӕцӕгӕлон адӕмты ’хсӕн бабын уыдзыстут, уӕ фыдгулты зӕхх уӕ аныхъуырдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan