10 Ма кӕут мардыл, ма йыл хъыг кӕнут! Уацары чи ацыди, ууыл дзыназут: нал раздӕхдзӕн фӕстӕмӕ, йӕ райгуырӕн бӕстӕ нал фендзӕн.
Ӕз ацы сахарыл цы фыдбылыз ӕруадздзынӕн, уый дӕ цӕстӕй нӕ фендзынӕ. Ӕнцад ралӕудзӕни дӕ царды кӕрон, фарнимӕ дӕ бавӕрдзысты зӕппадзы“». Паддзахыл сӕмбӕлын кодтой ацы дзуапп.
Иосиа-паддзахы заман Мысыры паддзах, фараон Нехо, ӕд ӕфсад араст ис Евфраты доны ’рдӕм, Ассирийы паддзахы ныхмӕ. Мегиддойы цур ӕй Иосиа бауроминаг уыд, фӕлӕ йӕ Нехо куы федта, уӕд ӕй амардта.
Мысыры паддзах Иудей ӕмӕ Йерусалимӕн Иосиайы бӕсты паддзахӕй расидти йӕ иннӕ фырт Елиакимы. Ӕцӕг ын радта ног ном: Иоаким. Иоахазы та фараон Нехо Мысырмӕ уацары акодта.
Ӕмӕ уӕд мӕрдты удӕгӕстӕй амондджындӕр схуыдтон.
«Раст адӕймаг амӕлы, ӕмӕ йыл ничи бахъынцъым кӕны, Хуыцаумӕ кувӕг цардӕй ахицӕн вӕййы, ӕмӕ йӕ ничи бамбары, цӕмӕн. Рӕстуды иуварс айстӕуы фыддзинадӕй,
Зӕрдӕсастыты барӕвдауынӕн уыцы мӕрдты номыл кӕрдзын ничи асӕтдзӕн; сӕ ныййарджыты куы мысой, уӕд сын сӕ зӕрдӕтӕ фӕфидар кӕнынӕн нуазӕн кӕхц ничи ратдзӕн.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Иудейы паддзах Шаллумы, йӕ фыд Иосиайы фӕстӕ хицау чи сси ӕмӕ ардыгӕй чи ацыд, уый тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Уый ардӕм нал раздӕхдзӕн.
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Иудейы паддзах Иоакимы, Иосиайы фырты, тыххӕй афтӕ зӕгъы: ничи йыл ныхъхъарӕг кӕндзӕн: «Уӕ, додой, ме ’фсымӕр! Уӕ, додой, мӕ хо!» Нӕ йыл ныккӕудзысты: «Уӕ, додой, мӕ хицау! Уӕ, додойаг куы фӕци йӕ кад!»
Ацы зӕхмӕ раздӕхынмӕ бӕллут, фӕлӕ уын уый нӕ бантысдзӕн.
Зӕгъ сын: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: нуазгӕ кӕнут ӕмӕ ныррасыг ут, сбухъ кӕнут ӕмӕ ахаут зӕххыл, кӕй уӕм ӕрвитын, уыцы карды раз уӕ бон сыстын куыннӕуал суа, афтӕ!»
Иудейы паддзах Йехониайы, Иоакимы фырты, стӕй Иудейӕ Вавилонмӕ уацары кӕй акодтой, уыцы адӕмы се ’ппӕты дӕр фӕстӕмӕ ардӕм раздахдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ Ӕз Вавилоны паддзахӕн йе ’фсондз ныппырх кӕндзынӕн».
Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Мӕ судзгӕ маст Йерусалимы цӕрджытыл куыд ныккалд, афтӕ сымахыл дӕр ныккӕлдзӕн, Мысырмӕ куы бацӕуат, уӕд. Ӕлгъитдзысты уӕ, уӕ уындӕй адӕмыл стыр тас ӕфтаудзыстут. Сӕгад уыдзыстут, уӕ худинаджы кой айхъуысдзӕн, ӕмӕ ацы зӕхх никуыуал фендзыстут».
Иудейӕгтӕй ма чи аирвӕзт, Мысырмӕ чи ӕрбацыд ӕмӕ дзы чи ӕрцард, уыдонӕй ничи фервӕздзӕн, фӕстӕмӕ дзы Иудейы бӕстӕм цӕрынмӕ ничи раздӕхдзӕн. Уыдон бӕллынц раздӕхынмӕ ӕмӕ ногӕй Иудейы зӕххыл ӕрцӕрынмӕ, фӕлӕ иугай лидзджытӕй уӕлдай ничиуал раздӕхдзӕн фӕстӕмӕ».
Куы нӕ уа быдырты тыллӕг, уӕд карды цӕфӕй амӕлын сыдӕй мардӕй хуыздӕр кӕсы, — сӕ удтӕ, удхаргӕнгӕ, сисынц!
«Адӕймаджы фырт! Дӕ цӕстытӕ кӕй уындӕй райынц, уый дын Ӕз ӕнӕнхъӕлӕджы байсдзынӕн, фӕлӕ-иу ды ма ску ӕмӕ ма ныхъхъарӕг кӕн, дӕ цӕстӕй иу сыг дӕр ма ’рхауӕд.
Йесо сӕм разылд ӕмӕ сын загъта: «Йерусалимы чызджытӕ! Ма кӕут Мӕныл, уӕхиуыл ӕмӕ уӕ сывӕллӕттыл кӕут.