8 Ацы адӕмӕн та зӕгъ: „Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Ӕз сымахӕн дӕттын цард ӕмӕ мӕлӕты фӕндӕгтӕ.
Рӕстдзинады фӕндагыл — цард, йӕ цӕуӕнтыл нӕ сӕмбӕлдзынӕ мӕлӕтыл.
Уӕд Йеремиа паддзах Цедекиайӕн загъта: «Уӕларвӕфсады Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: „Вавилойнаг паддзахы ӕфсады хицӕуттӕм дӕхи куы раттай, уӕд фервӕздзынӕ, ацы сахар та сыгъд не ’рцӕудзӕн. Де ’ппӕт хӕдзаронтимӕ удӕгасӕй баззайдзынӕ.
Уӕхимӕ кӕсут: абон мӕнмӕ сымахӕн ис арфӕ ӕмӕ ӕлгъыст.
Ӕз уын абон уӕ разы ӕвӕрын: цард ӕмӕ фарн кӕнӕ — мӕлӕт ӕмӕ фыдбӕллӕх.
Абон мын арв ӕмӕ зӕхх ӕвдисӕнтӕ уӕнт уӕ разы, цард кӕнӕ мӕлӕт, арфӕ кӕнӕ уын ӕлгъыст хъардтон. Равзарут цард, ӕмӕ цӕрын бантысдзӕн сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕн дӕр,