Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 21:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3-4 Йеремиа сын дзуапп радта: «Зӕгъут Цедекиайӕн: „Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: сымах Вавилоны паддзах ӕмӕ халдейӕгты ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕй хӕцут, уыдон уын Ӕз уӕхи ныхмӕ сараздзынӕн. Халдейӕгтӕ систы алыварс ӕрхъула кодтой, фӕлӕ сӕ Ӕз сахары астӕу ӕрӕмбырд кӕндзынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 21:3
5 Iomraidhean Croise  

Уый сын дзуапп радта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау. Чи уӕ рарвыста, уымӕн фехъусын кӕнут: „Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: ацы бынат ӕмӕ йӕ цӕрджытыл Ӕз стыр бӕллӕх ӕруадздзынӕн, ацы чиныджы, Иудейы паддзахы раз кӕй бакастысты, уым цыдӕриддӕр ӕлгъыстытӕ фыст ис, уыдон сыл иууылдӕр ӕрцӕудзысты.


Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн, ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттӕ кодта. Дунедарӕг ын пехуымпар Йеремиайы уылты цы фӕдзӕхста, уыдон дӕр ницӕмӕ дардта.


«Дунедарӕгӕн мах тыххӕй балӕгъстӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ Вавилоны паддзах Навуходоносор нӕ ныхмӕ схӕцыди. Чи зоны, ӕмӕ нын Дунедарӕг, раздӕры заман куыд уыдис, афтӕ ӕмбисонды хъуыддаг сараза, ӕмӕ Навуходоносор ардыгӕй йӕхи айса».


Иудейы паддзах Цедекиа Йеремиайы ахӕстоны сбадын кодта ӕмӕ йын загъта: «Ахӕм рагуацтӕ цӕмӕн хъусын кӕныс? Ды дзурыс: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Ӕз ацы сахар вавилойнаг паддзахы къухмӕ ратдзынӕн, ӕмӕ йӕ бацахсдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan