Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 21:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Давиды байзӕддӕгтӕ, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Сӕумӕйӕ-иу раст тӕрхон кӕнут, мӕгуыр лӕджы-иу йе ’фхӕрӕджы къухтӕй фервӕзын кӕнут, науӕд, уӕ фыдракӕндтӕм кӕсгӕйӕ, Мӕ маст ссудздзӕни пиллон артау, ӕнӕ ахуысгӕ зынгирвӕзтау.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 21:12
46 Iomraidhean Croise  

Давид паддзахиуӕг кодта ӕгас Израилы, адӕмӕн тӕрхон кодта ӕмӕ раст уынаффӕ хаста.


Фыдлӕджы ӕфсӕртӕ-иу ныссастон, йӕ дзыхӕй-иу ын йӕ амӕттаджы скъахтон.


Уӕлхӕдзары иунӕгӕй фӕбады цъиу, ӕз уыйау ныр фынӕй нӕ кӕнын, бадын.


Дыккаг бон Моисей ӕрбадти израилӕгты хъуыддӕгтӕ ӕвзарынмӕ, ӕмӕ райсомӕй суанг изӕрмӕ адӕм йӕ разы уыдысты.


Сахуыр ут хорз хъуыддӕгтӕ кӕныныл, раст тӕрхон хӕссут, ӕфхӕрд адӕймагӕн ӕххуыс кӕнут, сидзӕры сӕрыл хӕцут, ма ӕфхӕрут идӕдзы.


Йӕхи хъомысджын чи хоны, уый фӕскъауы хуызӕн суыдзӕн, йӕ митӕ та — зынджы стъӕлфӕнау. Ссудздзысты иумӕ, ӕмӕ сӕ ахуыссынгӕнӕг нӕ уыдзӕн.


Уӕд Исайа загъта: «Ӕрбайхъусут-ма ардӕм, Давиды байзӕддаг! Адӕмы фыдӕбоны хай фӕкодтат, уый уын ӕгъгъӕд нӕу, ӕмӕ ма мын мӕ Хуыцауы дӕр фыдӕбоныл бафтауинаг стут?


Давиды хӕдзармӕ фӕхӕццӕ чындӕуыд, Арамы ӕфсад Ефремы зӕххыл рӕсӕнуат скодтой, зӕгъгӕ, ӕмӕ паддзах ӕмӕ йӕ адӕмы зӕрдӕтӕ барызтысты, хъӕды бӕлӕстӕ дымгӕмӕ куыд баризынц, уыйау.


Дӕхи аххосӕй, цы зӕххы хай дын радтон, уымӕй ӕнӕхай фӕуыдзынӕ, кӕй нӕ зоныс, уыцы бӕстӕйы дӕ Ӕз де знӕгтӕн цагъайраг скӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕ маст ссыгъди ӕмӕ ӕнусмӕ дӕр нӕ ахуысдзӕн».


Ӕз Мӕхӕдӕг хӕцдзынӕн уӕ ныхмӕ Мӕ хъомысджын къухӕй, фыр мӕстӕй пиллон арт уадзгӕйӕ!


Дунедарӕджы зилгӕ уад ӕрбабырсы, фыр мӕстӕй абухы, афтӕмӕй уыцы тыхдымгӕ фесафдзӕни фыдгӕнджыты.


Мӕ адӕмы Мын цы фыййӕуттӕ хизынц, уыдоны тыххӕй Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Мӕ фысты Мын ныххӕлиу кодтат, алырдӕмты сӕ фӕсырдтат, нӕ сыл аудыдтат, ӕмӕ уӕ Ӕз уӕ фыдракӕндты тыххӕй бафхӕрдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Ралӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз бӕрзонд сӕвӕрдзынӕн Давиды байзӕддаджы, рӕстаг Ӕвзар. Йӕ бадӕны ӕрбаддзӕн паддзах, йӕ хъуыддӕгты архайдзӕн уӕлзондимӕ, раст тӕрхон кӕндзӕни зӕххыл.


Чи зоны, Дунедарӕгмӕ сӕрныллӕгӕй скувой ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ галиу фӕндаг ныууадза, уымӕн ӕмӕ сӕм Дунедарӕг ӕртхъирӕн кӕны йӕ судзгӕ маст ӕмӕ йӕ фыдӕхы хай сӕ бакӕнынӕй».


Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ, Дунедарӕджы сӕраппонд уӕхицӕн сунӕт скӕнут! Уӕ зӕрдӕтӕн скӕнут сунӕт, цӕмӕй уӕ фыдракӕндты аххосӕй Мӕ маст ма ссудза артау, ӕнӕахуысгӕ зынгирвӕзтау.


Дунедарӕгӕн Йӕ бон нал уыд уӕ фыдракӕндтӕм, уе ’лгъаг митӕм кӕсын, ӕмӕ уӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестад, ӕлгъитынц ӕй, йӕ уындӕй алкӕй тасы ӕфтауы, ӕмӕ дзы иунӕг цӕрӕг дӕр нал баззад.


Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, зӕгъы: «Афтӕ кӕй дзурынц, уый тыххӕй Ӕз Мӕ ныхӕстӕ арт фестын кӕндзынӕн дӕ дзыхы, ацы адӕм та фестдзысты сугтӕ, ӕмӕ сӕ уыцы арт аныхъуырдзӕн.


Снард сты, сӕ буӕрттӕ фыр нӕрдӕй ӕрттивынц, сӕ фыдракӕндтӕн кӕрон нал ис. Сидзӕрты хъаст сӕхи пайдайӕн ӕвзарынц, раст тӕрхон нӕ кӕнынц, нӕ хъахъхъӕнынц мӕгуырты бартӕ.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Мӕ маст ныккӕлдзӕн ацы бынатыл, адӕм ӕмӕ фосыл, быдираг бӕлӕстӕ ӕмӕ зӕххы тыллӕгыл, ссудздзӕн ӕмӕ нал ахуысдзӕн!»


Уӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ куы сраст кӕнат ӕмӕ алкӕмӕн дӕр раст тӕрхон куы кӕнат,


Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъд! Сионы ссыгъта арт, ныккалдта йыл Йӕ азар! Уӕ, саусыгъд ӕй куы бакодта!


Уымӕ гӕсгӕ сыл Ӕз Мӕ маст ныккалдзынӕн, Мӕ масты пиллонӕй сӕ бабын кӕндзынӕн, сӕ митӕ сын сӕхи сӕрыл ныххуырсдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


уӕд уӕ, фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, авд хатты карздӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй.


Чи фӕлӕудзӕн Йӕ масты ныхмӕ? Йӕ масты пиллӕттӕн чи бафӕраздзӕн? Пиллон артау ныккалы Йӕ маст, ӕмӕ Йӕ разы къӕдзӕхтӕ ныппырх вӕййынц!


Дунедарӕгӕн Йӕ азары бон куы ралӕууа, уӕд сӕ нӕдӕр се ’взист, нӕдӕр сӕ сыгъзӕрин фервӕзын кӕндзысты. Дунедарӕджы зӕрдӕхсайды арт аныхъуырдзӕн ӕгас зӕхх, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт зӕххон цӕрджыты ӕвиппайды бынсӕфт фӕкӕндзӕн.


Дунедарӕг сахары у рӕстгӕнӕг, галиу хъуыддагӕй ницы аразы. Ӕрвылрайсом, куыддӕр хур скӕсы, афтӕ раргом кӕны Йӕ тӕрхон, фӕлӕ фыдгӕнӕг ӕфсарм нӕ зоны.


Йӕ лӕггадгӕнӕг Давиды байзӕддагӕй нын радта хъомысджын Ирвӕзынгӕнӕджы,


Уымӕн ӕмӕ хицау Хуыцауы кусӕг у ӕмӕ дӕ фарнӕн кусы. Кӕд ӕвзӕр митӕ кӕныс, уӕд дзы тӕрс — цирхъ дзӕгъӕлы нӕ дары, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы кусӕг у ӕмӕ ӕфхӕры, ӕвзӕр митӕ чи кӕны, уыдоны.


Уымӕн ӕмӕ Мӕ маст афтӕ фыцы, ӕмӕ йӕ пиллон арт мӕрдтыбӕсты тарфмӕ дӕр ӕнхъӕвзы, зӕхх ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр ныхъуыры, хохрӕбынтӕ арауы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan