Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 21:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас. Уый уыди, паддзах Цедекиа Йеремиамӕ Малкиайы фырт Пашхур ӕмӕ сауджын Софониайы, Маасеайы фырты, куы арвыста, уыцы рӕстӕг. Паддзах сын бафӕдзӕхста афтӕ зӕгъын:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 21:1
20 Iomraidhean Croise  

«Цӕут ӕмӕ Дунедарӕджы бафӕрсут, ацы чиныджы цы фыст ис, уымӕй. Бафӕрсут Ӕй мӕн тыххӕй, нӕ адӕмы тыххӕй ӕмӕ ӕгас Иудейы тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ нӕм мӕстӕй судзы, нӕ фыдӕлтӕ Ӕгъдауы чиныджы домӕнтӕм сӕ хъус кӕй нӕ дардтой, кӕй сӕ не ’ххӕст кодтой, уый тыххӕй».


Иосиайы фырттӕ: йӕ хистӕр зӕнӕг — Иоханан, уый кӕстӕр — Иоаким, ӕртыккаг — Цедекиа, цыппӕрӕм — Шаллум.


Адайа, йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Йерохам, Пашхур, Малкиа; ноджы ма Масай, йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Адиел, Йахзера, Мешуллам, Мешиллемит, Иммер.


Халдейаг паддзахы сыл сардыдта, ӕмӕ сын уый се ’взонг лӕппуты Кувӕндоны мидӕг кардӕй ныццагъта. Никӕуыл бацауӕрста: лӕппуйӕ, чызгӕй, хистӕрӕй, урссӕр зӕрондӕй се ’ппӕты дӕр ын Хуыцау радта йӕ къухмӕ.


ӕмӕ се ’фсымӕртӕ, Хуыцауы галуаны кусджытӕ. Ӕдӕппӕтӕй — астсӕдӕ дыууын дыууӕ; Адайа, Йерохамы фырт, Пелалиайы фырт, Амцийы фырт, Захариайы фырт, Пашхуры фырт, Малкиайы фырт


Пехуымпар Софониа уыцы фыстӕг Йеремиайӕн бакасти.


Ӕрбакодтон сӕ Дунедарӕджы хӕдзармӕ, пехуымпар Хананы фыртты, Игдалиайы фырты фыртты, агъуыстмӕ. Уыцы уат уыди уӕздӕтты агъуысты цур, йӕ бынмӕ та уыди Шаллумы фырт Маасеайы, хӕдзары бацӕуӕн хъахъхъӕнӕджы, уат.


Иоакимы фырт Йехониайы фӕстӕ паддзах сси Иосиайы фырт Цедекиа. Вавилоны паддзах Навуходоносор ӕй Иудейы паддзахӕй сӕвӕрдта.


Уый фӕстӕ йӕм паддзах Цедекиа арвыста, ӕмӕ йӕ галуанмӕ ӕрбакодтой. Паддзах ӕй сусӕгӕй бафарста: «Дунедарӕг дын ницы загъта, мыййаг?» Йеремиа йын дзуапп радта: «Загъта: вавилойнаг паддзахы къухмӕ бахаудзынӕ».


Паддзах Цедекиа Йеремиамӕ Шелемийы фырт Йегухал ӕмӕ сауджын Софониайы, Маасеайы фырты, арвыста, мах тыххӕй ма Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, скув, зӕгъгӕ.


Маттаны фырт Шефати, Пашхуры фырт Гедалиа, Шелемийы фырт Йегухал ӕмӕ Малкиайы фырт Пашхур фехъуыстой, Йеремиа адӕмӕн афтӕ кӕй дзырдта, уый:


Паддзах Цедекиа Йеремиамӕ арвыста, ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы хӕдзарӕн йе ’ртыккаг бацӕуӕны размӕ ӕрбакодтой. Паддзах Йеремиайӕн загъта: «Иу цӕмӕйдӕр дӕ бафӕрсинаг дӕн. Мацы мӕ басусӕг кӕн».


Хъахъхъӕнджыты хицау уацары акодта алчер Серайы, Кувӕндоны дыккаг сауджын Софониайы ӕмӕ, Кувӕндонмӕ бацӕуӕн цы ӕртӕ лӕджы хъахъхъӕдтой, уыдоны.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan