3 Дыккаг бон Пашхур Йеремиайы йӕ хъадамантӕй суӕгъд кодта, ӕмӕ йын Йеремиа загъта: «Дунедарӕг дыл Пашхуры бӕсты сӕвӕрдзӕн ӕндӕр ном — Магор-Миссавив,
Хуыцау ма Авраамӕн ноджыдӕр загъта: «Дӕ ус Сарӕйы мауал хон Сарӕ, фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ йӕ ном уӕд Саррӕ.
Аврам дӕ нал хондзысты, фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном уыдзӕнис Авраам, уымӕн ӕмӕ дӕ скӕндзынӕн бирӕ адӕмты фыдӕл.
Уый йын загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном уыдзӕн Йаков нӕ, фӕлӕ Израил, уымӕн ӕмӕ ды хӕцыдтӕ Хуыцауимӕ ӕмӕ адӕмыл дӕр уӕлахиз кӕндзынӕ».
Уый фӕстӕ ӕз ӕмуат ӕрцыдтӕн сылгоймаг-пехуымпаримӕ. Уый банхъӕлцау ис ӕмӕ мын ныййардта фырт. Дунедарӕг мын загъта: «Сӕвӕр ыл ном Магер-Шалал-Хаш-Баз.
ӕмӕ ацу Хинномы фырты дӕлвӕзмӕ, Дурынгӕнӕджы кулдуары фалемӕ. Уыцы ран Мын Мӕ ныхӕстӕ фехъусын кӕн:
Уымӕ гӕсгӕ ралӕудзӕн ахӕм заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ ацы зӕхх Тофет кӕнӕ Хинномы фырты дӕлвӕз нал хондзысты, фӕлӕ Ӕргӕвдӕн тӕрф.
Мӕ алыварс хъуыстон цъыфкалӕн ныхӕстӕ, алырдыгӕй — ӕртхъирӕнтӕ: «Бахъаст ыл кӕнут! Цӕй ӕмӕ йӕ банымудзӕм!» Хӕларӕй кӕимӕ цардтӕн, уыдон ныр, кӕд фӕкӕлдзынӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц: «Кӕд истӕмӕй фӕрӕдиид — уӕд ыл фӕуӕлахиз уыдзыстӕм ӕмӕ дзы нӕ маст райсдзыстӕм».
Пехуымпар Софониа уыцы фыстӕг Йеремиайӕн бакасти.
Фӕлӕ цы уынын Ӕз? Фыр тӕссӕй лидзӕг фесты, сӕ гуыппырсарты сын ныццагътой. Фӕстӕмӕ нӕ кӕсгӕйӕ, лидзынц, алырдыгӕй — ӕвирхъау тас, — зӕгъы Дунедарӕг.
Ма рацӕут быдыртӕм, фӕндӕгтӕм ма цӕут, уымӕн ӕмӕ алырдыгӕй дӕр — кардӕлвӕст знӕгтӕ, ӕвирхъау тас!
Ӕрцӕудзӕн ахӕм заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ уыцы бынат Тофет ӕмӕ Хинномы фырты дӕлвӕз нал хондзысты, фӕлӕ Ӕргӕвдӕн тӕрф, ӕмӕ Тофеты зӕххыл ингӕнтӕн бынат нал фаг кӕндзӕн.
Цыма бӕрӕгбон ралӕууыди, уыйау Ды алырдыгӕй ӕрбахуыдтай бӕллӕхтӕ. О, Дунедарӕджы азары бон, иунӕг дӕр куы нӕ фервӕзт! Кӕй фӕхастон, кӕй фӕрӕвдыдтон, — ныццагътой се ’ппӕты дӕр знӕгтӕ!
Мӕ къух сисдзынӕн, мӕнг цӕстылуайӕнтӕ чи уыны ӕмӕ фӕлывд рагуацтӕ чи дзуры, уыцы пехуымпартӕм. Уыдон Мӕ адӕмы ’хсӕн нал уыдзысты, Израилы адӕмы хыгъды фыст не ’рцӕудзысты ӕмӕ Израилы зӕхмӕ нӕ бацӕудзысты. Уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн, уый.
Стӕй сӕ рахуыдта ӕддӕмӕ ӕмӕ сӕ бафарста: «Ме ’лдӕрттӕ, фервӕзынӕн мын цы амал ис?»