Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 20:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Фӕлӕ Дунедарӕг тыхджын ӕфсӕддонау мемӕ ис ӕдзухдӕр. Уымӕ гӕсгӕ, мӕ фӕдыл чи зилы, уыдон фӕкӕлдзысты, нӕ мыл фӕуӕлахиз уыдзысты. Худинаджы бын фӕуыдзысты, цӕмӕ бӕллынц, уый сӕ къухы нӕ бафтдзӕн, сӕ худинаг нӕ ферох уыдзӕн мыггагмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 20:11
25 Iomraidhean Croise  

Дунедарӕг! Фехъус мын мӕ хъӕлӕс, ӕрыхъус мын мӕ куывдмӕ.


Арфӕгонд у Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, мыггагӕй мыггагмӕ! Аммен! Аммен!


Дунедарӕг стыр у, ӕмӕ Йӕ стауынц нӕ Хуыцауы сахары. Уым — Йӕ уаз хох,


Дунедарӕг мын фехъуыста мӕ курдиат, Дунедарӕг мын айсдзӕни мӕ куывд!


Ӕркӕсут-ма, Хуыцау цы сарӕзта, уымӕ: Йӕ хъуыддӕгтӕ тасы ӕфтауынц адӕмы.


Дзыллӕтӕ цин кӕнӕнт ӕмӕ райӕнт: Ды адӕмтӕн кӕныс ӕнӕхӕрам тӕрхон, раст фӕндаг амоныс дзыллӕтӕн.


Тӕрсгӕ ма кӕнут, Ӕз уемӕ дӕн! Уӕ зӕрдӕ мацӕмӕ ӕхсайӕд, уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕ Хуыцау дӕн! Уӕ зӕрдӕйы уын бауадздзынӕн ныфс, баххуыс уын кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ бахъахъхъӕндзынӕн Мӕ хъомысджын къухӕй.


Ма тӕрсут, Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ! Къуыдыргалмау ӕнӕбон куы уат, уӕд дӕр Ӕз уӕ фарсмӕ дӕн ӕмӕ уын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз — Дунедарӕг, Израилы Стыр Хуыцау — ссӕрибар кӕндзынӕн сымах.


Ӕмӕ, гуымирытӕ чи аразы, уыдоныл се ’ппӕтыл дӕр худинаджы гакк сбаддзӕн, аллайаг фӕуыдзысты ӕмӕ ӕрӕджиау сӕхиуыл ӕрхуддзысты, афтӕмӕй бабын уыдзысты.


Абон Ӕз дӕуӕй скодтон фидаргонд сахар, ӕфсӕн цӕджындз ӕмӕ ӕрхуы сис — ацы ӕппӕт зӕхх, Иудейы паддзӕхтӕ ӕмӕ ӕлдӕрттӕн, сауджынтӕн ӕмӕ ацы зӕххы адӕмӕн ныхкъуырд раттынӕн.


Уыдон тох кӕндзысты дӕ ныхмӕ, фӕлӕ дыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз демӕ дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — Мӕ арм дыл дардзынӕн».


Макӕмӕй тӕрс, уымӕн ӕмӕ Ӕз демӕ дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз дыл Мӕ арм дардзынӕн».


О Дунедарӕг, Ды алцыдӕр зоныс! Ӕрымыс мӕ, ӕркӕс мӕм, мӕ сурджытӕй мын мӕ маст райс! Ды бирӕбыхсаг дӕ, ма мӕ фесаф; Дӕ сӕраппонд хынджылӕггаг кӕй сдӕн, уый зоныс.


Ацы адӕмӕн дӕ Ӕз фидар ӕрхуы сисӕй сӕвӕрдзынӕн. Уыдон дӕ ныхмӕ тох кӕндзысты, фӕлӕ дыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз демӕ дӕн ӕмӕ дыл Мӕ арм дардзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.


Мӕ сурджытӕ фӕхудинаг уӕнт, мӕн та бахиз стыр тасӕй. Фыдбылыз сын бавзарын кӕн, уӕззау цӕфӕй сӕ басӕтт!


Дӕ фыййӕутты дын дымгӕ ахӕсдзӕн, дӕ цӕдисонты дын уацары акӕндзысты. Дӕ фыдракӕндты аххосӕй фӕхудинаг уыдзынӕ ӕмӕ ницӕйаджы бынатмӕ ’рхаудзынӕ!


Ӕнусмӕ уӕ сӕгад кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕ худинаг нӕ ферох уыдзӕн мыггагмӕ.


Дӕ хорзӕхтӕ мингай адӕмӕн раттыс, ныййарджыты тӕригъӕдтӕ бафидын кӕныс сӕ цотӕн. О хъомысджын стыр Хуыцау, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг!


Сау мӕры чи бафынӕй, уыдонӕй бирӕтӕ райхъал уыдзысты: иутӕ — мыггагмӕйы цард райсынӕн, иннӕтӕ та — ӕнусон худинаг ӕмӕ ӕрдиагӕн.


Уымӕ ма цы бафтауӕм? Кӕд Хуыцау нӕ фарс у, уӕд нӕ ныхмӕ та чи у?


Фӕлӕ мӕм Бардарӕг ӕрцыд ӕмӕ мӕ сфидар кодта, цӕмӕй Фарны Уац мӕн уылты хъуыстгонд ӕрцӕуа ӕххӕстӕй ӕмӕ йӕ муртаттӕгтӕ се ’ппӕт дӕр фехъусой. Афтӕмӕй мӕ Уый фервӕзын кодта домбайы дзыхӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan