Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 20:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Сауджын Пашхур, Иммеры фырт, фехъуыста Йеремиайы рагуацтӕ. Уый уыди Хуыцауы хӕдзары сӕйраг уагдар.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 20:1
11 Iomraidhean Croise  

Невузардан ӕрцахсын кодта алчер Серайы, стӕй уымӕн йӕ хӕдивӕг Софониайы ӕмӕ ма ноджы кулдуары цур хъалагъур хӕссӕг ӕртӕ лӕджы.


фынддӕсӕм — Билгайы, ӕхсӕрдӕсӕм — Иммеры,


Азариа, Хуыцауы хӕдзары хицау, йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Хилкиа, Мешуллам, Цадок, Мерайот, Ахитув;


Йӕ барджынтӕ дӕр адӕмӕн, стӕй сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕн, бархийӕ лӕвӕрттӕ ракодтой сӕ фосӕй. Хуыцауы Кувӕндоны уагдартӕ, Хилкиа, Захариа ӕмӕ Йехиел, Куадзӕны нывондӕгтӕ сауджынты къухмӕ радтой: лыстӕг фосӕй — дыууӕ мин ӕмӕ ӕхсӕзсӕдӕ сӕры, стурвосӕй — ӕртӕсӕдӕ сӕры.


Ды та, Пашхур, де ’ппӕт хӕдзаронтимӕ Вавилонмӕ уацары ацӕудзынӕ ӕмӕ уым амӕлдзынӕ. Дӕхи дӕр ӕмӕ, рагуацты хуызы мӕнг ныхӕстӕ кӕмӕн дзырдтай, дӕ уыцы ’мбӕлтты дӕр дын уым баныгӕндзысты».


„Софониа, Дунедарӕг дӕ сауджын Йеходайы бӕсты сауджынӕй сӕвӕрдта, цӕмӕй, Дунедарӕджы хӕдзары пехуымпариуӕг чи кӕна, уыцы нӕрӕмонтӕм дӕ цӕст дарай ӕмӕ-иу сыл хъадамантӕ бакӕнай.


Уӕздӕттӕ Йеремиамӕ смӕсты сты, фӕнадтой йӕ ӕмӕ йӕ нымӕрдар Йонатаны хӕдзары бамидӕг кодтой, уымӕн ӕмӕ уыцы хӕдзарӕй ахӕстон скодтой.


Петр ӕмӕ Иоанн адӕмимӕ куы ныхас кодтой, уӕд сӕм ӕрбацыдысты сауджынтӕ, Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицау ӕмӕ саддукейтӕ.


Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицау ӕмӕ алчертӕ уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд фӕджих сты — цы ӕрцыд, уымӕн ницы ӕмбӕрстой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan