Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 2:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Уыдӕтты тыххӕй Ӕз сымахмӕ — зӕгъы Дунедарӕг, — уӕ цот ӕмӕ уӕ цоты цотмӕ фӕсиддзынӕн тӕрхонмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 2:9
12 Iomraidhean Croise  

Ӕрӕхс мын мӕ азым, ссыгъдӕг мӕ кӕн мӕ тӕригъӕдӕй!


Ма сын кув ӕмӕ сын ма лӕггад кӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау, йӕхи Мыл чи атигъ кодта, уыцы фыдӕлты азымы тыххӕй уыдонӕн сӕ байзӕддӕгты ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг ӕфхӕрӕг,


Дунедарӕг райдыдта тӕрхон кӕнын, адӕмтӕн тӕрхон кӕнынмӕ сыстади.


Цӕй ӕмӕ иумӕ тӕрхоны раз ӕрлӕууӕм, ӕмӕ уӕхи сраст кӕнут уӕ раныхасӕй!


Тӕрхон кӕнын уӕ Мемӕ фӕнды? Уе ’ппӕт дӕр аххосджын куы стут Мӕ разы! — зӕгъы Дунедарӕг. —


Уӕддӕр зӕгъыс: «Ӕз аххосджын нӕ дӕн, мӕ рӕзты ацӕудзӕн Йӕ маст». Тӕригъӕдджын нӕ дӕн, зӕгъгӕ, кӕй дзырдтай, уый тыххӕй дӕ Ӕз дзуапп ӕрдомдзынӕн.


Йӕ мады гуыбыны дӕр йе ’фсымӕры зӕвӕтмӕ лӕбурдта, куы бахъомыл ис, уӕд та Хуыцауимӕ хъӕбысӕй хӕцыд.


Дзуапп ӕрдомут уӕ ныййарӕг мадӕй, уымӕн ӕмӕ уый Мӕ бинойнаг нӕу, Ӕз та нӕ дӕн йӕ сӕрыхицау. Йӕ хъахбай митӕ ныууадзӕд, хъазинаг ма аразӕд йӕ риуӕй.


Байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ, израилӕгтӕ! Уый ацы бӕстӕйы цӕрджытӕн тӕрхон кӕны, уымӕн ӕмӕ сӕ зӕххыл нал ис рӕстдзинад ӕмӕ хӕлардзинад, ничиуал зоны Хуыцауы.


уӕд Ӕз уыцы адӕймаг ӕмӕ йӕ мыггаджы Мӕ азары хай бакӕндзынӕн, йӕхи дӕр ӕмӕ ма йемӕ хъахбайау Молохы фӕдыл чи цыди, уыдоны се ’ппӕты дӕр фесафдзынӕн, сӕ адӕмӕй фӕхъӕудзысты.


Байхъусут, хӕхтӕ, Дунедарӕджы тӕрхонмӕ, хъусгӕ кӕнут сымах дӕр, зӕххы фидар бындуртӕ! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн тӕрхон кӕны, азымджын кӕны Израилы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan