Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 2:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Уӕ фыдӕлтӕ Мӕм цавӕр азым ссардтой, цӕмӕн адард сты Мӕнӕй? Уыдон мӕнгдзинады фӕдыл ацыдысты ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр смӕнг сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 2:5
24 Iomraidhean Croise  

Суӕлӕхох Ын сты Йӕ уагӕвӕрдтыл, кӕддӕр сын сӕ фыдӕлтимӕ цы фидыд сарӕзта, ууыл, Йӕ уынаффӕтыл. Табу кӕнын байдыдтой ницӕйаг гуымирытӕн. Сӕ ницӕйаг хъуыддӕгтӕй фӕзмыдтой, Дунедарӕг сын кӕй тыххӕй фӕдзӕхста, ма сӕ бафӕзмут, зӕгъгӕ, уыдоны — сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты.


Бузныджы нывонд Дын ӕрхӕсдзынӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ном ссардзынӕн.


Дунедарӕг загъта: «Ацы адӕм Мын кад кӕнынц дзыхы ныхасӕй, ӕрмӕстдӕр се ’взагӕй, сӕ зӕрдӕ та дард у Мӕнӕй. Кувынц Мӕм, ӕрмӕст ӕгъдау афтӕ кӕй домы, уымӕн.


Гуымирытӕ чи аразы, уыдон иууылдӕр ницӕйӕгтӕ сты. Афтӕ уарзон сын чи у, уыдонӕй ӕппындӕр кӕй ницы пайда ис, уымӕн сӕхӕдӕг ӕвдисӕн. Сӕ гуымирытӕ ницы уынынц ӕмӕ ницы зонынц. Уымӕ гӕсгӕ сыл худинаджы ном сбаддзӕн.


Ӕрбайхъусут-ма Мӕм, хивастытӕ, йӕ амондӕй дардмӕ чи лидзы, уыдон:


Гуымирытӕ ӕнӕзонд сты, зондцухтӕ. Уыдон цӕуыл хъуамӕ сахуыр кӕной адӕмы?


Ныссагътай сӕ, ӕмӕ сӕ уидӕгтӕ арф ауагътой, сырӕзтысты, ӕмӕ сыл дыргътӕ фӕзынди. Ӕдзух Дӕ кой кӕнынц, фӕлӕ сӕ зӕрдӕтӕй дард дӕ.


Ау, адӕмты гуымирытӕн сӕ бон къӕвда раттын у? Ау, арв нын йӕхӕдӕг ратдзӕн къӕвда? Нӕ Дунедарӕг ӕмӕ нӕ Хуыцау Ды нӕ дӕ? Дӕуыл дарӕм нӕ зӕрдӕ, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ Ды аразыс.


О абоны фӕлтӕр! Дунедарӕджы ныхас бамбарут! Мыййаг, Ӕз искуы Израилӕн ӕдзӕрӕг быдыр, саудалынг зӕхх фестадтӕн? Уӕдӕ цӕмӕн зӕгъынц Мӕ адӕм: «Кӕдӕм нӕ фӕнды, уырдӕм цӕудзыстӕм, нӕ Дӕм раздӕхдзыстӕм?»


Йаковы байзӕддӕгтӕ, Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕ! Уе ’ппӕт дӕр Дунедарӕджы ныхасмӕ байхъусут!


Дард бӕстӕй Мӕ адӕмы ӕрдиаг хъуысы: „Ау, Сионы Дунедарӕг нӕй? Ау, Паддзах дзы нал ис?“» «Цӕмӕн Мӕ мӕсты кодтой сӕ гуымирытӕй, ӕндӕрбӕстаг мӕнг хуыцӕуттӕй?»


«Адӕймаджы фырт! Йерусалимы цӕрджытӕ де ’фсымӕртӕн, дӕ хӕстӕджытӕн ӕмӕ ӕппӕт Израилы адӕмӕн дзурынц, Дунедарӕгӕй, дам, дард цӕрут, ацы зӕхх, дам, махӕн лӕвӕрд у исбонӕн.


Израилы адӕм бамбарӕнт, сӕ гуымирыты аххосӕй Мын ӕцӕгӕлӕттӕ кӕй систы, уый“.


Мӕ уд куы сфӕлмӕцыд мӕ мидӕг, уӕд ӕз ӕрхъуыды кодтон Хуыцауы, ӕмӕ мӕ куывд фехъуысти Дӕумӕ, Дӕ сыгъдӕг Кувӕндонмӕ.


„Ацы адӕм Мын кад кӕнынц дзыхӕй, сӕ зӕрдӕ та дард у Мӕнӕй.


«Адӕм, уый цы ми кӕнут? Мах дӕр сымах хуызӕн адӕймӕгтӕ стӕм. Хъусын уын кӕнӕм Фарны Уац, цӕмӕй сымах уӕ мӕнгхуыцӕуттӕй раздӕхат цардӕгас Хуыцаумӕ — арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр ис, уыдоны Сфӕлдисӕгмӕ.


Хуыцауы бӕргӕ базыдтой, фӕлӕ Хуыцауӕн, цы кад Ын ӕмбӕлы, ахӕм кад не скодтой ӕмӕ Дзы бузныг нӕ уыдысты. Сӕ зонд ныззыгъуыммӕ ис, ӕмӕ се ’нӕмбаргӕ зӕрдӕтыл саудалынг ӕртыхсти.


Сӕхицӕн гуымирытӕ сарӕзтой, смӕсты Мӕ кодтой, ӕмӕ Ӕз та афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ адӕм схонӕн дӕр кӕмӕн нӕй, уыдонмӕ хӕлӕг кӕндзысты. Уадз ӕмӕ уыцы ӕнӕфенд адӕммӕ мӕстӕй судзой.


Ӕнӕуд хуыцӕутты фӕдыл та ма цӕут. Уыдон уын нӕдӕр исты пайда ӕрхӕсдзысты, нӕдӕр уӕ ирвӕзын фӕкӕндзысты, уымӕн ӕмӕ ницы сты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan