Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 2:36 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

36 Ӕппынӕдзух цӕмӕн тындзыс кӕдӕмдӕр, дӕ фӕндӕгтӕ цӕмӕн ивыс? Ассири дӕ сӕгад кодта, Мысыр дӕр дӕ фӕхудинаг кӕндзӕн,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 2:36
22 Iomraidhean Croise  

Уыцы заман паддзах Ахаз йӕ минӕвӕртты ӕххуысагур арвыста Ассирийы паддзӕхтӕм.


Уӕд зӕрдӕсаст фӕуыдзысты, Эфиопийыл йӕ зӕрдӕ чи дардта ӕмӕ Мысыры хъомыс бӕрзонд ӕвӕрд кӕмӕ уыд, уыцы адӕмтӕ, ӕмӕ сӕ худинаджы хъӕр айхъуысдзӕн».


Цӕмӕн цӕуыс ныр Мысырмӕ, Нилы донӕй нуазынмӕ? Цӕмӕн лидзыс Ассиримӕ, Евфраты донӕй нуазынмӕ?


Куыд у дӕ бон афтӕ дзурын: «Сыгъдӕг дӕн ӕз, Баалты фӕдыл нӕ цыдтӕн!» Тъӕпӕны куыд цардтӕ, уый-ма ӕрымыс, цытӕ фӕкодтай, уыдӕттӕ ӕрӕмбар! Ӕвзонг сыл теуайау дыууӕрдӕм кодтай ӕдзухдӕр!


Ды уарзт домынмӕ арӕхстджын вӕййыс, хъахбайты дӕр ма ацахуыр кӕндзынӕ!


Ливаны хӕхтӕм ссу ӕмӕ дзыназ! Башаны хъарӕг кӕн, ныхъхъӕр кӕн Аваримӕй: дӕ цӕдисонтӕ иууылдӕр бабын сты!


Дӕ фыййӕутты дын дымгӕ ахӕсдзӕн, дӕ цӕдисонты дын уацары акӕндзысты. Дӕ фыдракӕндты аххосӕй фӕхудинаг уыдзынӕ ӕмӕ ницӕйаджы бынатмӕ ’рхаудзынӕ!


Кӕдмӕ рахау-бахау кӕндзынӕ, гадзрахатӕй рацӕуӕг чызг! Дунедарӕг зӕххыл, ӕрцӕуӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хъуыддаг сараздзӕн: ус ногӕй уыдзӕни йӕ мойы раз.


Дӕ худинаг ӕппӕт адӕмтыл айхъуыст, дӕ хъӕр ӕгас зӕххыл дӕр хъуысы. Дӕ хӕстонтӕй иу иннӕуыл фӕкалди, ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр ӕрхаудысты.


Уӕ, махӕн та куы сурс сты нӕ цӕстытӕ, ӕххуысыл дзӕгъӕлы нӕ зӕрдӕ дардтам! Нӕ фӕлгӕсӕн мӕсгуытӕй адӕммӕ ’нхъӕлмӕ кастыстӕм, — о, уыдон мах нӕ фервӕзын кӕндзысты!


Мысырӕгтӕй, ассириӕгтӕй ӕххуыс куы агурӕм, цӕмӕй къӕбӕрӕй бафсӕдӕм!


Ассириӕгтимӕ дӕр хъахбай митӕ кодтай, уымӕн ӕмӕ ӕфсис нӕ зыдтай, фӕлӕ дын уый дӕр фаг нӕ уыди.


куы дыл ныххӕцыдысты, уӕд афастӕ ӕмӕ сын сын се уӕхсчытӕ ныррӕхуыстай; куы дыл ӕрӕнцой кодтой, уӕд асастӕ, ӕмӕ сӕ къӕхтӕ фӕдыдӕгътӕ сты.


Гуымирыйӕн йӕхи та аласдзысты Ассиримӕ — стыр паддзахӕн лӕварӕн. Ефрем худинаджы бын фӕуыдзӕн, Израил йӕ фыдвӕндты тыххӕй къӕмдзӕстыгӕй баззайдзӕн.


Ефрем хизы дымгӕ, скӕсӕйнаг дымгӕйы фӕдыл зилы, бонӕй-бонмӕ фылдӕр кӕнынц мӕнгдзинад ӕмӕ тыхми. Ассириимӕ цӕдисонтӕ систы, оливӕйы сой ӕрвитынц Мысырмӕ.


Скувут Дунедарӕгмӕ ӕмӕ Йын зӕгъут: «Ныббар нын нӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ нын айс нӕ куывд, нӕ дзыхы ныхас Дын ӕрхӕсдзыстӕм нывондӕн.


Ефрем федта йӕ низ, Иудӕ — йӕ хъӕдгом. Уӕд Ефрем ацыдис Йаревмӕ, Ассирийы паддзахмӕ, фӕлӕ йын уымӕн ницы у йӕ бон, йӕ низӕй йӕ нӕ фервӕзын кӕндзӕни.


Ефрем ӕдылы ӕхсинӕгӕй уӕлдай нӕу: куы Мысырмӕ сиды, куы та Ассиримӕ фӕцӕйцӕуы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan