32 Ау, ӕнӕцыд чызг йӕ фӕлындӕнтӕ ферох кӕны, кӕнӕ чындз — йӕ чындздзон дарӕс? Мӕн та Мӕ адӕм ферох кодтой раджы.
Теуатӕ дон куы бануӕзтой, уӕд чызгӕн радта ӕрдӕг шекелы уӕзӕн сыгъзӕрин фындзцӕг ӕмӕ дӕс шекелы уӕзӕн дыууӕ сыгъзӕрин цонгдарӕны
Стӕй систа ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ, дарӕсы фӕлыстытӕ ӕмӕ сӕ радта Ревеккӕйӕн. Йе ’фсымӕр ӕмӕ йын йӕ мадӕн дӕр ракодта зынаргъ лӕвӕрттӕ.
Кӕут Саулыл, Израилы чызджытӕ! — зынаргъ даритӕй уӕ уый фӕлыста, зӕрин фӕлындӕнтӕ уын уый хаста!
Уӕдӕ стауӕнт Дунедарӕджы Йӕ хорзӕхы тыххӕй, адӕмӕн цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй!
Дунедарӕг раргом ис, стӕрхон кодта: фыдгӕнджытӕ сӕхи къӕппӕджы бахаудтой.
Ды ферох кодтай дӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы, дӕ Къӕдзӕх ӕмӕ дӕ Фидар дӕ хъуыдыйы дӕр нал уыди. Ды скодтай диссаджы дыргъдӕттӕ, ныссагътай ӕцӕгӕлон сӕнӕфсиры талатӕ.
Афтӕ тынг кӕмӕй фӕтарстӕ, ӕмӕ Мӕныл дӕ зӕрдӕ сивай, хъуыды дӕр Мӕ мауал кӕнай? Дзӕвгар рӕстӕг дын Мӕхи кӕй нал раргом кодтон, ӕдзӕмӕй кӕй фӕлӕууыдтӕн, уый тыххӕй Мӕ нал тӕрсыс?
Цинӕй райӕм, цин кӕнӕм Дунедарӕгыл, нӕ Хуыцауыл. Ирвӕзындзинадӕй нӕ дарӕсау сфӕлыста, рӕстдзинадӕй нӕ ’рбатыхта пӕлӕзау. Афтӕ усгурыл дӕр кады худ ӕркӕнынц, йӕ усагыл — чындзы фӕлыст.
Ацы ’взӕр адӕмы Мӕ ныхӕстӕм хъусын нӕ фӕнды, хивӕндӕй цӕрынц, ӕндӕр хуыцӕуттӕм кувынц, лӕггад сын кӕнынц ӕмӕ ацы ронау ницӕмӕнуал сбӕздзысты.
Дӕ хал у уый, Ӕз дын ахӕм хъысмӕт снысан кодтон, — зӕгъы Дунедарӕг, — кӕй Мӕ ферох кодтай ӕмӕ дӕ зӕрдӕдарӕн мӕнгдзинад кӕй сси, уый тыххӕй.
Мӕн та Мӕ адӕм ферох кодтой се ’ппӕт дӕр: ницӕйаг гуымирытӕн будсудзӕн кӕнынц! Сӕ цӕуӕнтыл фӕкалдысты, сӕ рагон фӕндӕгтӕ ныууагътой ӕмӕ ӕнӕцыд къахвӕндӕгтӕм рахызтысты.
Искӕцы адӕм ма сӕ хуыцӕуттӕй аздӕхтысты, кӕд ӕмӕ уыдон хуыцӕуттӕ не сты, уӕддӕр? Мӕ адӕм та сӕ кадджын Хуыцауы ӕнӕпайда гуымирытыл баивтой.
Ды уарзт домынмӕ арӕхстджын вӕййыс, хъахбайты дӕр ма ацахуыр кӕндзынӕ!
Ӕнхъӕлынц ӕмӕ, кӕрӕдзийӕн цы фынтӕ дзурынц, уыдоны тыххӕй Мӕ адӕм ферох кӕндзысты Мӕ ном, кӕддӕр сӕ фыдӕлтӕ Баалы тыххӕй Мӕ ном куыд ферох кодтой, афтӕ.
Къуыбыртӕй хъуысы дзыназын, Израилы фыртты кӕуын ӕмӕ лӕгъстӕтӕ, уымӕн ӕмӕ галиу фӕндӕгтыл ацыдысты, ферох кодтой Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы!
Дӕ гӕртамхорты аххосӕй адӕмы туг ныккӕлы. Ӕфстау дӕттыс пайда райсыны охыл, тыхӕй байсыс дӕ хионы исбон, Мӕн та ферох кодтай, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Израил йе Сфӕлдисӕджы ферох кодта ӕмӕ галуантӕ фӕцарӕзта. Иудӕ дӕр бырутӕй ӕхгӕд сахартӕ бирӕ сарӕзта, фӕлӕ сӕ Ӕз арты хай бакӕндзынӕн, ӕмӕ сын уыцы арт аныхъуырдзӕн сӕ галуантӕ.
Афтӕмӕй Йешуруныл хуыз фӕхӕцыд, ӕмӕ зӕвӕтдзӕгъдӕн систа. Снард сты, сӕ цармы нал цыдысты ӕмӕ коммӕ нал кастысты. Сӕхи атигъ кодтой се Скӕнӕг Хуыцауыл, ныууагътой сӕ ирвӕзӕн Къӕдзӕхы.
Ӕз федтон сыгъдӕг сахар — ног Йерусалим уӕларвӕй, Хуыцауӕй, ӕрцӕйцӕугӕ, чындзау фӕлыстӕй, йӕ мойагӕн рӕсугъд арӕзтӕй.
Сӕ Хуыцауы, Дунедарӕджы, сӕ алыварс знӕгтӕй сӕ Чи фервӕзын кодта, Уый та ферох кодтой.