Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 2:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Хуыснӕджы давгӕйӕ куыд ӕрцахстой, уыйау ныр фӕхудинаг ис Израил — йӕ адӕм, йӕ паддзӕхтӕ, йе ’лдӕрттӕ, йӕ сауджынтӕ ӕмӕ йӕ пехуымпартӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 2:26
18 Iomraidhean Croise  

Фыдӕлтӕй нырмӕ нӕ азым стыр у; не ’нӕгъдау миты тыххӕй баистӕм мӕнӕ абон нӕхӕдӕг дӕр, нӕ паддзӕхтӕ дӕр, нӕ сауджынтӕ дӕр ӕндӕрбӕстаг паддзӕхты амӕттаг, сӕ кардылӕфтыдӕй ныл сыгъд ӕмӕ уырыд уацайраджы аллайаг бон уый тыххӕй акодта.


Нӕрӕд денджыз ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон, цинвӕдис кӕнӕд дун-дуне йе ’ппӕт цӕрджытимӕ!


Уӕ цӕсгом ссудздзӕн, уӕ зӕрдӕ кӕмӕн радтат, уыцы тулдзты тыххӕй, фегад уыдзыстут уӕ равзӕрст къохты аххосӕй.


Чидӕриддӕр ӕм бакува — ӕнӕмӕнг фегад уыдзысты, уымӕн ӕмӕ уыцы гуымиры саразӕг адӕймаг у. Уӕдӕ уыцы адӕм иумӕ ӕрӕмбырд уӕнт ӕмӕ тӕрхоны раз ӕрлӕууӕнт. Фӕтӕрсдзысты ӕмӕ сӕ худинаджы кой айхъуысдзӕн.


Гуымирытӕ чи аразы, уыдон иууылдӕр ницӕйӕгтӕ сты. Афтӕ уарзон сын чи у, уыдонӕй ӕппындӕр кӕй ницы пайда ис, уымӕн сӕхӕдӕг ӕвдисӕн. Сӕ гуымирытӕ ницы уынынц ӕмӕ ницы зонынц. Уымӕ гӕсгӕ сыл худинаджы ном сбаддзӕн.


Ӕппынӕдзух цӕмӕн тындзыс кӕдӕмдӕр, дӕ фӕндӕгтӕ цӕмӕн ивыс? Ассири дӕ сӕгад кодта, Мысыр дӕр дӕ фӕхудинаг кӕндзӕн,


Дӕ фыййӕутты дын дымгӕ ахӕсдзӕн, дӕ цӕдисонты дын уацары акӕндзысты. Дӕ фыдракӕндты аххосӕй фӕхудинаг уыдзынӕ ӕмӕ ницӕйаджы бынатмӕ ’рхаудзынӕ!


Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — паддзӕхтӕ ӕмӕ уӕздӕттӕн фыр тӕссӕй сӕ зӕрдӕтӕ сӕнкъуысдзысты, сауджынтыл тас бахӕцдзӕн, пехуымпартӕ сагъдау аззайдзысты».


Израилыл-иу нӕ худтӕ, раст цыма йӕ давджытимӕ ’рцахстой, уыйау? Йӕ кой дӕр ын ӕлгъгӕнгӕ кодтай».


цӕмӕй хӕссай дӕ худинаджы гакк ӕмӕ фефсӕрмы уай, цыдӕриддӕр ракодтай, уыдӕттӕй, адонӕн та суай ныфсы хос.


Йӕ сауджынтӕ Мын халынц Ме ’Гъдау, фӕчъизи Мын кӕнынц Мӕ уаз ӕгъдӕуттӕ, уаз цы у, уый нӕ иртасынц, уаз цы нӕу, уымӕй; сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕсыгъдӕг кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый нӕ амонынц, ӕлгъ кӕнынц Мӕ сабаты уагӕвӕрдтыл, нӕ Мӕ нымайынц.


Уыцы ӕлгъыст Мӕнӕй рацыд, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — ӕмӕ алы давӕджы, стӕй, Мӕ номӕй мӕнг сомы чидӕриддӕр ракӕны, уымӕн йӕ хӕдзармӕ уыцы ӕлгъыст бацӕудзӕн ӕмӕ йӕ ныззыгуым кӕндзӕн, дур ӕмӕ дзы фӕйнӕг нал баззайдзӕн».


Ӕмӕ уын уый цы ӕрхаста? Ӕмхиц уыдыстут, ныртӕккӕ ӕфсӕрмы кӕмӕй кӕнут ӕмӕ фӕстагмӕ мӕлӕтмӕ чи ӕркӕны, ахӕм митӕм.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan