Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 2:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Куыд у дӕ бон афтӕ дзурын: «Сыгъдӕг дӕн ӕз, Баалты фӕдыл нӕ цыдтӕн!» Тъӕпӕны куыд цардтӕ, уый-ма ӕрымыс, цытӕ фӕкодтай, уыдӕттӕ ӕрӕмбар! Ӕвзонг сыл теуайау дыууӕрдӕм кодтай ӕдзухдӕр!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 2:23
24 Iomraidhean Croise  

Иудейӕгтӕ цин кодтой ӕмӕ радысты, хъӕлдзӕг ӕмӕ бӕрӕгбонхуыз уыдысты.


уыдон рӕхджы бахус уыдзысты кӕрдӕгау, баруайдзысты зайӕгхалау.


Уӕд Дын ӕхцон уыдзысты рӕстады нывӕндтӕ, хуынтӕ ӕмӕ иууылсудзинӕгтӕ; уӕд уӕнгуытӕ ӕрӕвӕрдзысты Дӕ нывондхӕссӕныл.


Йӕ тӕригъӕдтӕ чи ’мбӕхсы, уый ӕнтыстджын нӕ уыдзӕн; чи сыл басӕтты ӕмӕ сӕ чи ныууадзы, уый та уыдзӕнис хатыргонд.


Ис ахӕмтӕ, ӕмӕ сӕхи цӕсты сыгъдӕг сты, афтӕмӕй та сӕ чъизитӕ нӕ цӕхсадтой.


Хъахбайы фӕндаг ахӕм у: бахӕры, йӕ былтӕ ныссӕрфы ӕмӕ фӕзӕгъы: «Ӕз ӕвзӕрӕй ницы ракодтон».


Дунедарӕг ацы адӕмы тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Уыдон уарзынц лекка кӕнын, бауромӕн сын нал ис, ӕмӕ сын Дунедарӕг хӕрзаудӕн нал кӕны; сӕ фыдракӕндтӕ сын ӕрымысдзӕн ныр, сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕ бафхӕрдзӕн».


Ды адӕмӕн ацы ныхӕстӕ куы фехъусын кӕнай, уӕд дӕ фӕрсдзысты: „Дунедарӕг нын рагацау ахӕм стыр бӕллӕхы кой цӕмӕн кӕны? Цӕй мидӕг ис нӕ азым? Цавӕр тӕригъӕд ракодтам Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы раз?“


Ӕппынӕдзух цӕмӕн тындзыс кӕдӕмдӕр, дӕ фӕндӕгтӕ цӕмӕн ивыс? Ассири дӕ сӕгад кодта, Мысыр дӕр дӕ фӕхудинаг кӕндзӕн,


Скӕс-ма къуыбыртӕм: ӕлгъаг митӕ кӕм нӕ фӕкодтай, ахӕм бынат ма баззади? Араббаг лӕг ӕдзӕрӕг быдыры куыд фӕбады, уыйау фӕндаджы был бадтӕ ӕмӕ дӕ хӕзгултӕм ӕнхъӕлмӕ кастӕ. Дӕ хӕтын ӕмӕ дӕ мӕнгард митӕй фӕчъизи кодтай зӕхх!


Кӕдмӕ рахау-бахау кӕндзынӕ, гадзрахатӕй рацӕуӕг чызг! Дунедарӕг зӕххыл, ӕрцӕуӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хъуыддаг сараздзӕн: ус ногӕй уыдзӕни йӕ мойы раз.


Хинномы фырты дӕлвӕзы, Тофеты, кувӕн къуыбыртӕ скодтой, цӕмӕй дзы сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты арты нывондӕн хӕссой. Уый сын Ӕз нӕ бафӕдзӕхстон! Нӕу Мын ӕхцон!


Хивӕнд уыдысты ӕмӕ Баалтӕн лӕггад кодтой, сӕ фыдӕлтӕй куыд сахуыр сты, афтӕ».


Дунедарӕг Осиайы уылты ныхас кӕнын куы райдыдта, уӕд ын ӕппӕты фыццаг загъта: «Бавдӕл, хъахбай сылгоймаджы ракур ӕмӕ хъахбай цот рауадз, уымӕн ӕмӕ ацы зӕхх Дунедарӕгыл йӕхи атигъ кодта ӕмӕ схъахбай ис».


Фӕлӕ уый фӕндыд йӕхи сраст кӕнын ӕмӕ та Йесойы бафарста: «Хион та чи у?»


Фӕлӕ мах зонӕм: Ӕгъдау цыдӕриддӕр зӕгъы, уый, йӕ дӕлбар чи ис, уыцы адӕмӕн зӕгъы, цӕмӕй йӕхи сраст кӕнын йӕ бон макӕмӕн уа ӕмӕ ӕгас дуне азымджын уа Хуыцауы раз.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan