Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 2:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Рагзаманы дын Ӕз ныппырх кодтон де ’фсондз, аскъуыдтон дын дӕ бӕндӕнтӕ. Ды загътай: «Ӕз гуымирытӕн нал лӕггад кӕндзынӕн». Фӕлӕ алы бӕрзонд къуыбырыл, алы къабузджын бӕласы бын хъахбай митӕ кодтай!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 2:20
50 Iomraidhean Croise  

Ӕстӕм мӕйы фынддӕсӕм бон снысан кодта бӕрӕгбон, иудейаг бӕрӕгбон фӕзмгӕйӕ, ӕмӕ Даны нывондхӕссӕныл ӕрхаста иууылсудзинӕгтӕ. Афтӕ бакодта Вефилы дӕр, цы уӕнгуытӕ скӕнын кодта, уыдонӕн ӕрхаста нывӕндтӕ. Вефилы цы кувӕн къуыбыртӕ скодта, уыдонӕн сӕвӕрдта, йӕхӕдӕг кӕй снысан кодта, уыцы сауджынты.


Алы бӕрзонд хохыл ӕмӕ алы къабузджын бӕласы бын арӕзтой кувӕн къуыбыртӕ, табуйаг дуртӕ ӕмӕ Ашерӕйы цӕджындзтӕ.


Хуыцауы фӕрцы фӕтых уыдзыстӕм не знӕгтыл, фӕуӕлахиз сыл уыдзӕн Уый.


«Арӕдувӕм сын сӕ хъадамантӕ, аппарӕм сын сӕ сахсӕнтӕ!»


Адӕм ӕмдзыхӕй загътой: «Сӕххӕст кӕндзыстӕм, Дунедарӕг цыдӕриддӕр загъта, уый!» Моисей Дунедарӕгмӕ фӕхӕццӕ кодта адӕмы дзуапп.


Моисей адӕммӕ бацыд ӕмӕ сын Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ иууылдӕр рафӕзмыдта. Адӕм ӕмдзыхӕй загътой: «Дунедарӕг цы зӕгъа, уый ӕххӕст кӕндзыстӕм».


ӕмӕ ӕрхызтӕн, цӕмӕй сӕ мысырӕгты къухтӕй суӕгъд кӕнон ӕмӕ сӕ, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы сойджын ӕмӕ парахат зӕхмӕ, ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, периззӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты зӕхмӕ акӕнон.


Хъахбай сылгоймаджы халдих куы фестад Мӕ иузӕрдион сахар, ӕдзух раст тӕрхон чи хаста, уый. Кӕддӕр йӕ мидӕг уыди рӕстдзинад, ныр та дзы цӕрынц лӕгмартӕ.


Уӕд фыдгулы ӕфсондз де уӕхсчытӕй, дӕ бӕрзӕйӕ ист ӕрцӕудзӕни, ныппырх уыдзӕни де ’фсондз.


Ассириӕгты ныддӕрӕн кӕндзынӕн Мӕ зӕххыл, бассӕнддзынӕн сӕ Мӕ хӕхтыл, ӕмӕ уӕд Мӕ адӕм сӕ бӕрзӕйӕ раппардзысты се ’фсондз, се уӕхсчытӕ фервӕздзысты сӕ уаргъӕй».


Кӕддӕр сӕ мидианӕгтӕй куыд фервӕзын кодтай, афтӕ сын Ды ныр дӕр ныппырх кӕндзынӕ сӕ уӕззау ӕфсондз — ӕцӕгӕлон ӕлдарады ӕфсондз ӕмӕ фыдӕбойнаг рӕхыс, стӕй, цы лӕдзӕгӕй сӕ ӕфхӕрдтой, уый дӕр.


Быдыры цы къуыбыртӕ ис, уыдоныл дын Ӕз де ’нӕуаг митӕ, дӕ чъизи монцтӕ ӕмӕ дӕ хъахбай митӕ уыдтон. О, додойаг фӕдӕ, Йерусалим! Дӕ чъизитӕй кӕд ссыгъдӕг уыдзынӕ?»


Раст цыма сӕ цот сты, уыйау сӕ нӕ рох кӕнынц сӕ нывондхӕссӕнтӕ, къабузджын бӕлӕсты раз ӕмӕ бӕрзонд къуыбыртыл — Ашерӕйы цӕджындзтӕ.


О абоны фӕлтӕр! Дунедарӕджы ныхас бамбарут! Мыййаг, Ӕз искуы Израилӕн ӕдзӕрӕг быдыр, саудалынг зӕхх фестадтӕн? Уӕдӕ цӕмӕн зӕгъынц Мӕ адӕм: «Кӕдӕм нӕ фӕнды, уырдӕм цӕудзыстӕм, нӕ Дӕм раздӕхдзыстӕм?»


Ӕрмӕст дӕ фыдракӕндыл басӕтт, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ныхмӕ сыстадтӕ, алы къабузджын бӕласы бын ӕцӕгӕлӕттӕн рӕвдауӕн митӕ кодтай ӕмӕ Мын Мӕ ныхасмӕ нӕ хъуыстай“, — зӕгъы Дунедарӕг.


Уыцы бон сын Ӕз, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — сӕ бӕрзӕйыл цы ’фсондз ис, уый ныппырх кӕндзынӕн, сӕ бӕндӕнтӕ сын фӕйнӕрдӕм арӕдувдзынӕн! Ӕмӕ уӕд лӕггад кӕндзысты ӕцӕгӕлӕттӕн нӕ,


Ассириӕгтимӕ дӕр хъахбай митӕ кодтай, уымӕн ӕмӕ ӕфсис нӕ зыдтай, фӕлӕ дын уый дӕр фаг нӕ уыди.


Алы фӕз ӕмӕ алы тигъыл дӕхицӕн хӕзгулрӕвдауӕн къуыбыртӕ куы сарӕзтай, уӕд ды хӕтаг сылы хуызӕн нӕ уыдтӕ, уымӕн ӕмӕ лӕвӕрттӕ нӕ истай.


Дӕ хӕдзӕрттӕ дын басудздзысты ӕмӕ дын стӕрхон кӕндзысты бирӕ сылгоймӕгты раз. Афтӕмӕй кӕрон скӕндзынӕн дӕ хъахбай митӕн, ӕмӕ лӕвӕрттӕ нал уардзынӕ.


Ӕз сӕ ӕрбакодтон, сомы сын ракӕнгӕйӕ, Мӕ къух уӕлӕмӕ сисгӕйӕ, зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтон, уыцы зӕхмӕ, фӕлӕ адон сӕхицӕн бацагуырдтой алы къуыбыр ӕмӕ алы къабузджын бӕлас, ӕмӕ-иу ахӕм къуыбырыл, кӕнӕ ахӕм бӕласы бын аргӕвстой сӕ нывондӕгтӕ. Уыцы рӕтты-иу ӕрӕвӕрдтой сӕ хуынтӕ, хӕрздӕф буд-иу ссыгътой ӕмӕ калдтой сӕн“.


Охола Мыл йӕ зӕрдӕ сивта, ӕнӕуаг митӕ кодта йӕ хӕзгултимӕ, ассириаг хӕстонтимӕ.


Дунедарӕг Осиайы уылты ныхас кӕнын куы райдыдта, уӕд ын ӕппӕты фыццаг загъта: «Бавдӕл, хъахбай сылгоймаджы ракур ӕмӕ хъахбай цот рауадз, уымӕн ӕмӕ ацы зӕхх Дунедарӕгыл йӕхи атигъ кодта ӕмӕ схъахбай ис».


Ӕддӕкъах уыди сӕ мад ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ныййардта. Дзырдта, зӕгъгӕ, мӕ хӕзгулты фӕстӕ цӕудзынӕн: уыдон мын дӕттынц дзул ӕмӕ дон, къуымбил ӕмӕ гӕн, оливӕйы сой ӕмӕ нозт.


Загътон ын: «Бирӕ рӕстӕг цӕр мӕ хӕдзары. Дӕ хъахбай митӕ ныууадз, макӕимӕ хӕт, ӕмӕ дын ӕз дӕр афтӕ уыдзынӕн».


Хӕхты цъуппытыл нывӕндтӕ хӕссынц ӕмӕ къуыбыртыл судзынц буд — тулдз бӕласы, гӕды бӕласы ӕмӕ теревинфы бын, уымӕн ӕмӕ уыдон хорз аууон дарынц. Уӕ чызджытӕ ӕмӕ уӕ чындзытӕ дӕр уый тыххӕй схъахбай сты.


Израил, иннӕ адӕмтау цин ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ды ферох кодтай дӕ Хуыцауы, хъахбай митыл бафтыдтӕ ӕмӕ хӕтаг сылау алы мусы хъахбайты мызд ӕмбырд кӕныс.


Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй уӕ Чи ракодта, Уый, — цӕмӕй мысырӕгтӕн цагъартӕ мауал уат. Ӕз уын уе ’фсондз ныссастон, цӕмӕй сӕргуыбырӕй ма цӕуат.


Ӕз дын ныр де знӕгты ’фсондз ныссӕтдзынӕн, раппардзынӕн ӕй дӕ бӕрзӕйӕ, дӕ рӕхыстӕ дын арӕдувдзынӕн».


Кӕй басӕтдзыстут, уыцы адӕмты кувӕн бынӕттыл, сӕ хуыцӕутты кувӕндӕттыл кӕмдӕриддӕр бамбӕлат — бӕрзонд хӕхтыл уа, къуыбыртыл ӕви алы къабузджын бӕласы бын — ныффалгӕрон-иу сӕ кӕнут.


Рох дӕ ма уӕд, ды дӕр Мысыры цагъар кӕй уыдтӕ ӕмӕ дӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, уацарӕй кӕй фервӕзын кодта, уый. Абон дын уыдӕттӕ дӕр уымӕн фӕдзӕхсын.


Дунедарӕгӕн загътат сымах абон, уӕ Хуыцау кӕй у, Йӕ фӕндӕгтыл кӕй цӕудзыстут ӕмӕ Йын Йӕ фӕтк, Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Йӕ уагӕвӕрдтӕ кӕй ӕххӕст кӕндзыстут, кӕй Йӕм хъусдзыстут.


Сымах та Дунедарӕг уыцы ӕфсӕн тохынайӕ, Мысырӕй, уымӕн ракодта, цӕмӕй, мӕнӕ абон куыд у, афтӕ суыдаиккат Йӕ адӕм.


Кӕнӕ кӕд уыди афтӕ, ӕмӕ исты хуыцау адӕмты ’хсӕн йӕхицӕн адӕм равзара ӕмӕ сӕ уӕззау зынтӕ, ӕвдисӕйнӕгтӕ, стыр диссӕгтӕ ӕмӕ хӕстытӕй бафӕлвара, Йӕ хъомысджын къухы фӕрцы ӕвирхъау тӕссаг хъуыддӕгтӕ сараза? Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕппӕт уыдӕттӕ Мысыры уӕ цӕстыты раз бакодта.


Ды хӕстӕг бацу ӕмӕ хъус, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, цы зӕгъдзӕни, уымӕ. Уый фӕстӕ нын радзурдзынӕ, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, цыдӕриддӕр зӕгъа, ӕппӕт уыдӕттӕ, мах та сӕм хъусдзыстӕм ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕндзыстӕм“.


Уыдон Йешуайӕн дзуапп радтой: «Цыдӕриддӕр нын бафӕдзӕхсай, уый сараздзыстӕм, кӕдӕмдӕриддӕр нӕ ӕрвитай, уырдӕм ацӕудзыстӕм.


Адӕм Йешуайӕн загътой: «Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, кӕндзыстӕм лӕггад ӕмӕ Йӕ коммӕ кӕсдзыстӕм».


Йешуа ацы ныхӕстӕ ныффыста Хуыцауы Ӕгъдауы чиныджы, стыр дур райста ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы Уаз Цӕрӕны фарсмӕ тулдзы бын сӕвӕрдта.


Ӕмӕ авд кӕхцы кӕмӕ уыд, уыцы авд зӕдӕй иу ӕрбацыд ӕмӕ мын загъта: «Рацу, ӕмӕ дын ӕз фенын кӕнон, бирӕ дӕттыл чи бады, уыцы стыр хъахбаймӕ цы ӕфхӕрд ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый.


Израилӕгтӕ ногӕй Дунедарӕджы сӕ митӕй мӕсты кӕнын райдыдтой: лӕггад кодтой Баалтӕ ӕмӕ Астартӕтӕн, арамейӕгты хуыцӕуттӕн, сидойнӕгтӕ, моавӕгтӕ, аммонӕгтӕ ӕмӕ филистимӕгты хуыцӕуттӕн. Ферох кодтой Дунедарӕджы, нал Ын лӕггад кодтой.


Израилӕгтӕ, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы хъуыддӕгтӕ уыдысты, уыдоныл фӕцалх сты, Баалтӕн лӕггад кодтой.


Сӕ Хуыцауы ныууагътой, Баалтӕн ӕмӕ Астартӕтӕн лӕггад кодтой.


Уӕ фыдӕлтӕ Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой ӕмӕ загътой: „Фӕтӕригъӕдджын стӕм, ныууагътам Дунедарӕджы ӕмӕ куывтам Баалтӕ ӕмӕ Астартӕтӕм. Фӕлӕ нӕ ныр фервӕзын кӕн не знӕгтӕй, ӕмӕ кувдзыстӕм Дӕумӕ“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan