Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 2:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Ацу ӕмӕ Йерусалимы хъӕлӕсыдзагӕй фехъусын кӕн: афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Ӕз хъуыды кӕнын, де ’взонджы бонты Мыл куырдуаты бадӕг чызгау ӕнувыд кӕй уыдтӕ, уый, ӕдзӕрӕг быдырмӕ, ӕнӕконд зӕхмӕ, рацыдтӕ Мӕ фӕдыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 2:2
39 Iomraidhean Croise  

Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Дунедарӕг! Дзыназын Дӕм уынгӕг ранӕй!


уӕд бамбӕрстой, Дунедарӕг уыдоны Йе стыр хъомысы амӕттаг кӕй бакодта, ӕмӕ сӕ стыр тас бацыди Дунедарӕджы раз. Баууӕндыдысты Дунедарӕгыл ӕмӕ Йӕ цагъар Моисейыл.


Ноджы ма Моисей загъта: «Дунедарӕг уын уӕ фаг ратдзӕн: изӕры — дзидза, райсомӕй та — дзул. Уымӕн ӕмӕ уын фехъуыста уӕ хъуыр-хъуыр. Сымах Дунедарӕгыл бустӕ кодтат, махыл нӕ, фӕлӕ. Мах чи стӕм?!»


Сахары уынгты Уӕлзонды хъӕлӕс хъуысы, фӕзты хъӕр кӕны,


Сионы чызджытӕ! Рацӕут ӕмӕ паддзах Соломоны кады худ фенут! Йӕ ныййарӕг мад ыл ӕй йӕ чындзӕхсӕвы, йӕ цины бон ӕркодта!


— Акӕсут-ма, ӕдзӕрӕг быдырӕй арты фӕздӕгау чи ссӕуы, йӕ алыварс — буд ӕмӕ миррӕйы хӕрздӕф, алы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ судзынц йӕ разы, афтӕмӕй?


Дунедарӕг загъта: «Хъӕр кӕн дӕ тых, дӕ бонӕй, сыкъауадындзау азӕлӕд дӕ хъӕлӕс! Мӕ адӕмӕн, Йаковы байзӕддӕгтӕн, бауайдзӕф кӕн сӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй!


Дунедарӕг мын загъта: «Ацы ныхӕстӕ Иудейы сахартӕ ӕмӕ Йерусалимы уынгты фехъусын кӕн. Зӕгъ-иу: „Ацы фидыды ныхӕстӕм хъусут ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут!


ӕмӕ ацу Хинномы фырты дӕлвӕзмӕ, Дурынгӕнӕджы кулдуары фалемӕ. Уыцы ран Мын Мӕ ныхӕстӕ фехъусын кӕн:


Дунедарӕг мын фехъусын кодта Йӕ ныхас:


Дунедарӕджы не ’рцагуырдтой ӕмӕ афтӕ нӕ загътой: «Уый нӕ ракодта Мысыры зӕххӕй; ӕдзӕрӕг быдыры, ӕнӕдон ӕмӕ саудалынг бӕстӕйы, лӕджы къах кӕм никуы ’рлӕууыд ӕмӕ цӕрӕг кӕм нӕ уыди, уым-иу нӕ размӕ кодта».


Ныр та Мӕм дзурыс: «О мӕ Фыд, ме ’взонджы бонты Зондамонӕг!


«Дунедарӕджы хӕдзары кулдуары раз ӕрлӕуу ӕмӕ фехъусын кӕн: „Ӕгас Иудей, уе ’ппӕт дӕр Дунедарӕджы ныхасмӕ байхъусут! Ацы кулдуарыл Дунедарӕгӕн бакувынмӕ чидӕриддӕр ӕрбацӕуы, уыдон иууылдӕр хъусӕнт!“»


Де ’лгъаг ӕмӕ хъахбай митӕ кӕнгӕйӕ, никуы ӕрымысыдтӕ, де ’взонджы бонты мадард бӕгънӕг кӕй уыдтӕ ӕмӕ дӕ туджы кӕй мӕцыдтӕ, уый.


Фӕлӕ Ӕз ӕрхъуыды кӕндзынӕн, де ’взонджы бонты демӕ цы фидыд сарӕзтон, уый ӕмӕ та демӕ ногӕй сфидар кӕндзынӕн Мӕ фидыд — мыггагмӕйы фидыд.


Ӕз дӕ цурты рацӕйцыдтӕн ӕмӕ федтон, дӕ афон кӕй ӕрцыди, дӕ уарзты афон, уый. Уӕд Ӕз дӕ сӕрмӕ Мӕ уӕлӕфтау айтыгътон, дӕ бӕгънӕг буар дын ӕрӕмбӕрзтон, расомы дын кодтон ӕмӕ демӕ сарӕзтон фидыд, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — ӕмӕ Мӕн сдӕ.


Йе ’взонджы бонты Мысыры зӕххыл куыд хатти, уый мысгӕйӕ, райдыдта ноджы фылдӕр хӕтын.


Се ’взонгӕй фӕстӕмӕ хӕтыны къахыл ныллӕууыдысты Мысыры бӕсты. Уым ӕууӕрст цыдысты сӕ риутӕ, сӕ чызгон дзидзитӕ.


Мысырӕгтимӕ хъахбай митӕ кӕнынӕй дӕр не ’нцад. Уыдон йемӕ ӕмуат цыдысты йе ’взонджы бонтӕй фӕстӕмӕ, ӕууӕрстой йын йӕ чызгон дзидзитӕ, фӕчъизи-иу ӕй кодтой, сӕ хъахбай мондӕгтӕ дзы исгӕйӕ.


«Израил ма саби уыди, афтӕ йӕ бауарзтон Ӕз, Мысырӕй рахуыдтон Мӕ фырты.


Уым ын Ӕз фӕстӕмӕ ратдзынӕн йӕ сӕндӕттӕ, Ахоры дӕлвӕз фестдзӕни ныфсы дуар. Ӕмӕ уым райхъуысдзӕни йӕ зарӕг, ӕвзонг ма куы уыд ӕмӕ Мысыры зӕххӕй куы рацыд, уӕд куыд уыдис, афтӕ.


Баалы нӕмттӕ дын дӕ былалгъӕй фесафдзынӕн, ӕмӕ сӕ кой нал фехъуысдзӕн.


Йӕ хӕзгулты фӕдыл азгъордзӕн, фӕлӕ сӕ нал аййафдзӕн, агурдзӕн сӕ, фӕлӕ сӕ не ссардзӕн. Ӕмӕ уӕд зӕгъдзӕни: «Цӕуон, мӕ фыццаг лӕгмӕ раздӕхон — уӕд мӕ цард абонӕй хуыздӕр уыд».


Сыкъауадындзӕй ныууас! Хъӕрццыгъайау йӕхи ныццӕвдзӕн знаг Дунедарӕджы адӕмыл, уымӕн ӕмӕ Мӕ Фидыды сӕрты ахызтысты, Ме ’Гъдауы ныхмӕ сыстадысты.


«Ӕдзӕрӕг быдыры сӕнӕфсирау Ӕз ссардтон Израилы, сӕ фыдӕлтӕ Мын уыдысты легъуи бӕласы фыццаг дыргъау. Фӕлӕ Баал-Пеормӕ куы ацыдысты ӕмӕ сӕхи уыцы ӕлгъаг гуымирыйӕн куы снывонд кодтой, уӕд сӕхӕдӕг дӕр сӕлгъаг сты уыйау.


«Цӕугӕ Ниневимӕ, хъуыстгонд стыр сахармӕ, ӕмӕ уым пехуымпариуӕг кӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕм сӕ фыдракӕндты кой сыхъуыст».


Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!


Уӕд Ӕм адӕмӕй иу чидӕр бахатыд: «Ахуыргӕнӕг, зӕгъ-ма ме ’фсымӕрӕн, ӕмӕ нын цы бынтӕ баззади, уыдонӕй мӕнӕн дӕр схай кӕна».


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, арфӕ ракодта сымахӕн уӕ алы хъуыддаджы дӕр. Уый уын уӕ фӕндаджы хабӕрттӕ хорз зоны ацы ӕгӕрон ӕдзӕрӕг быдыры. Ныр дыууиссӕдз азы дӕргъы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уемӕ ис, ӕмӕ сымах хъуаг ницӕмӕй ӕййафут“.


Уарзон Ын сты Йӕ адӕм. Йӕ къухы — ӕппӕт сыгъдӕджытӕ. Ӕрзоныг кодтой Дӕ разы, Дӕ алы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнынц.


Ӕртасын уӕ кӕныны ӕмӕ, Йӕ фӕдзӕхстытӕн уӕ зӕрдӕйы цы бынат ис, уый базоныны охыл уӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, дыууиссӕдз азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры цы фӕндагыл фӕкодта, уый уӕ рох ма уӕд.


Хуыцауы ныууадзӕг адӕм! Дунеимӕ хӕларӕй цӕрын Хуыцауӕн знаггад кӕнын кӕй у, уый нӕ зонут, ӕви? Уӕдӕ дунеимӕ хӕларӕй цӕрын чи равзара, уый Хуыцауӕн свӕййы знаг.


Фӕлӕ дӕ азымджыныл нымайын, дӕ фыццаг уарзт дӕм кӕй нал ис, уый тыххӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan