Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 2:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Дӕхи фыдракӕнд бафхӕрдзӕни дӕу, дӕ гадзрахат дӕ азымджын кӕндзӕни. Уӕдӕ ахъуыды кӕн ӕмӕ бамбар: Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, дӕ маст ӕмӕ дӕ фыдбылызӕн ныууагътай. Нӕй дӕм тас Мӕ разы, — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 2:19
40 Iomraidhean Croise  

Илийа йын дзуапп радта: «Израилы адӕмы ӕз нӕ баппӕрстон бӕллӕхы, фӕлӕ ды ӕмӕ дӕ мыггаг, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытыл уӕхи кӕй атигъ кодтат ӕмӕ Баалтӕм кувын кӕй байдыдтат, уый тыххӕй.


Уӕд пехуымпар Шемайа бацыди Роховаммӕ ӕмӕ Иудейы уӕздӕттӕм, Шишакы тӕссӕй Йерусалимы чи ӕрӕмбырд ис, уыдонмӕ, ӕмӕ сын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: „Сымах Мӕ ныууагътат, ӕмӕ уӕ Ӕз дӕр ныууадздзынӕн, Шишакы къухтӕм уӕ ратдзынӕн“».


Ӕмӕ уӕдӕй нырмӕ Едомы цӕрджытӕ Иудейы дӕлбар нал сты. Уыцы заман Ливнӕйы сахар дӕр Иорамы хицаудзинады ныхмӕ сыстади, уымӕн ӕмӕ Иорам ферох кодта Дунедарӕджы, йӕ фыдӕлты Хуыцауы.


Амациа йын йӕ ныхас ӕрдӕгыл аскъуыдта ӕмӕ загъта: «Паддзахӕн дӕ уынаффӕгӕнӕгӕй чи сӕвӕрдта? Ныхъхъус у, цалынмӕ дӕ нӕ амардтой, уӕдмӕ!» Пехуымпар иу цасдӕр ницыуал сдзырдта, стӕй загъта: «Ӕз ӕй зонын: Хуыцау дӕ фесафын сфӕнд кодта, кӕд ды ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕныс ӕмӕ дӕ мӕ уынаффӕмӕ байхъусын нӕ фӕнды, уӕд».


Давиды псалом. Фыдгӕнджытӕм ма бабӕлл, ӕнаккӕгтӕм ма хӕлӕг кӕн, —


Израилӕгтӕ Хоревы хохрӕбын рафтыдтой сӕ фӕлындӕнтӕ.


уый аххосӕй сӕ хъуыддӕгты дыргътӕй бафсӕддзысты, ӕмӕ сӕ фӕндтӕ бафтдзысты сӕ къухы.


Ӕнӕзӕндтӕ сӕ хивӕнды тыххӕй фесӕфдзысты, ӕдылыты се ’нӕмӕтдзинад бабын кӕндзӕн.


Ӕнӕхуыцау йӕ фыдракӕндты къӕппӕджы бахауы, йӕ тӕригъӕдтӕ — йӕ ахсӕн хыз.


Комдзог сыл цӕуы суанг сӕ цӕсгом дӕр; содомӕгтау сӕ тӕригъӕдтӕй ӕппӕлынц, нӕ сӕ сусӕг кӕнынц. Додойаг кӕндзӕни сӕ къона, уымӕн ӕмӕ сӕхӕдӕг сӕхи фыдбылызы ӕппарынц.


Уӕдӕ уын Ӕз зӕгъдзынӕн, Мӕ сӕндонӕн цы бакӕндзынӕн, уый. Йӕ каутӕ йын афӕлдахдзынӕн — уадз ӕмӕ ныггӕныстон уа, йӕ быру йын ныппырх кӕндзынӕн — уадз ӕмӕ фосы къӕхты бын фӕуа.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Кӕд уын Ӕз уӕ мады арвыстон, уӕд кӕм ис йӕ ахицӕны фыстӕг? Кӕд уӕ Ӕз ауӕй кодтон, уӕд-ма Мын бацамонут, кӕмӕй цы хӕсджын дӕн, цӕмӕй йын сымах ауӕй кӕнон! Уӕдӕмӕ сымах уӕ тӕригъӕдтӕ, уӕ фыдракӕндты тыххӕй уӕйгонд ӕрцыдыстут.


Сӕ фыдракӕндты аххосӕй сын Ӕз цы тӕрхон рахастон, уый сын фехъусын кӕндзынӕн: ферох Мӕ кодтой, ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн буд сыгътой ӕмӕ сӕхи къухӕй конд гуымирытӕм куывтой.


хинымӕр фӕрсдзынӕ, ӕппӕт адӕттӕ цӕмӕн ӕвзарын, зӕгъгӕ. Ӕнӕнымӕц тӕригъӕдтӕ фӕкодтай, ӕмӕ дын ныр сфӕлдӕхтой дӕ фӕччи, фӕхынджылӕг дӕ кодтой.


Дӕхи аххосӕй не ’рцыд уый дӕуыл? Ды ныууагътай Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, афтӕмӕй дын Уый фӕндагамонӕг уыди!


«Раздӕхут Мӕм, гадзрахатӕй рацӕуӕг цот! Ӕз уын уӕ хивӕнд зӕрдӕтӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕн». «Мӕнӕ Дӕм фӕцӕуӕм, уымӕн ӕмӕ Ды Дунедарӕг дӕ, нӕ Хуыцау!


Ды уыдӕттӕ дӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ дӕ хъуыддӕгты тыххӕй ӕвзарыс, дӕ фыдракӕндты аххосӕй хъизӕмарӕй мӕлыс.


Ау, хъуамӕ сымах ма тӕрсат Мӕнӕй? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, фыр тӕссӕй Мӕ разы хъуамӕ ма ризат? Ӕз денджызӕн змисӕй скодтон ӕнусон арӕн, ӕмӕ денджызӕн нӕй ахизӕн йӕ сӕрты. Ныййарц вӕййынц уылӕнтӕ, фӕлӕ сӕ бон нӕу арӕныл фӕуӕлахиз уӕвын, сабухынц, фӕлӕ арӕны сӕрты сӕ бон ахизын нӕу.


Сӕхинымӕр афтӕ нӕ загътой: „Фӕтӕрсӕм Дунедарӕгӕй, нӕ Хуыцауӕй. Фӕззӕджы ӕмӕ нын уалдзӕджы афойнадыл къӕвдатӕ Уый ратты, хуымгӕрдӕнты къуыритӕ нын Уый сбӕлвырд кодта“.


Уый тыххӕй сӕм тар хъӕдӕй ӕрбабырста домбай, быдираг бирӕгъ сӕ ӕргӕвды, сӕ сахарты цур бабады фыранк: сахарӕй чидӕриддӕр рацӕуа, уый аскъуыдтӕ кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты, сӕ гадзрахатӕн кӕрон нал ис».


Фӕлӕ уыдӕттӕ Мӕ фыддӕрагӕн кӕнынц? — зӕгъы Дунедарӕг. — Сӕхи фыдӕнӕн — сӕ худинагӕн!»


Уӕдӕ ацы адӕм Мӕнӕй се ’ргом цӕмӕн аздӕхтой, Йерусалим ӕдзух хъеллау цӕмӕн кӕны? Мӕнгдзинадыл фидар хӕцынц, фӕсмон кӕнын сӕ зӕрды нӕй.


Афтӕ дын бачындӕуыдзӕн, алы адӕмтимӕ ӕнӕуаг митӕ кӕнгӕйӕ, сӕ гуымирытӕй дӕхи кӕй фӕчъизи кодтай, уый тыххӕй.


Сӕ чъизитӕ ӕмӕ сын сӕ фыдракӕндты тыххӕй бакодтон уыдӕттӕ — аздӕхтон сӕ Ме ’ргом».


Се ’ргом Мӕ аздӕхтой мӕ адӕм, фӕстӕмӕ раздӕхын сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй. Цӕмӕй Иууылбӕрзондмӕ се ’ргом раздахой, уый тыххӕй сӕм пехуымпартӕ сидынц, фӕлӕ Йын кад ничи кӕны.


Дӕхи бабын кодтай, Израил, уымӕн ӕмӕ Мӕ ныхмӕ, дӕ иунӕг ӕххуысгӕнӕджы ныхмӕ, рацыдтӕ.


Самари баййафдзӕнис ӕфхӕрд, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцауы ныхмӕ сыстади. Йӕ адӕм карды амӕттаг фӕуыдзысты, сӕ сабиты сын уӕнггай скӕндзысты, сывӕрджын сылгоймӕгтӕн сӕ гуыбынтӕ акъӕртт кӕндзысты.


Къӕйных дыгӕрдыгӕй уӕлдай коммӕ куынӕуал кӕсы Израил, уӕд ма сӕ Дунедарӕг уӕрыччытау парахат уыгӕрдӕны куыд хиза?


Израилы ныхмӕ ӕвдисӕн лӕууы йӕ хирвӕссондзинад. Израил ӕмӕ Ефремы сӕ тӕригъӕдтӕ бабын кӕндзысты, Иудӕ дӕр бабын уыдзӕни семӕ.


Уыдонӕн сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй, сӕ фыдракӕндтӕ Мӕ рох кӕй не сты, уый. Сӕ хъуыддӕгтӕ сӕ алыварс ӕртыхстысты, нӕ бамбӕхсдзысты Мӕнӕй!


Израил, иннӕ адӕмтау цин ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ды ферох кодтай дӕ Хуыцауы, хъахбай митыл бафтыдтӕ ӕмӕ хӕтаг сылау алы мусы хъахбайты мызд ӕмбырд кӕныс.


Уӕ бӕрӕгбӕттӕ уын фестын кӕндзынӕн хъарӕг, уӕ зарджытӕ — кӕуын. Иууылдӕр уӕ уӕлӕ скӕндзыстут сӕхъис, адасдзыстут уӕ сӕртӕ. Адӕймаг йӕ иунӕг фырты мардыл куыд фӕкӕуы, уыйау дзыназдзыстут, алы бон дӕр — масты бон.


Ӕппӕт адӕттӕ ’рцӕудзысты Йаковы ӕнӕхуыцау миты, Израилы тӕригъӕдты аххосӕй. Самари — мӕнӕ ис Йаковы тӕригъӕд! Йерусалим — мӕнӕ ис Иудейы уаз къуыпп!


Фӕлӕ уыдоны хъусын нӕ фӕндыди, се ’ргом Мӕ аздӕхтой, сӕхгӕдтой сӕ хъустӕ.


Хуыцауы тас сӕм нӕй».


Фӕлӕ та-иу Мӕ сымах ныууагътат ӕмӕ-иу ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын райдыдтат. Уый тыххӕй уӕ Ӕз дӕр нал ирвӕзын кӕндзынӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan