Йеремиа 2:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст15 Ӕвзонг домбӕйттӕ йыл рыхынц, хъӕрӕй йыл ныррыхыдысты ӕмӕ йын йӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кодтой; цӕрӕг дзы нал ис, басыгъдысты сахартӕ. Faic an caibideil |
уый тыххӕй Ӕз фӕсиддзынӕн цӕгаты ӕппӕт адӕмтӕм, стӕй Мӕ цагъар Навуходоносормӕ, Вавилоны паддзахмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сӕ ацы зӕххы, йӕ цӕрджыты ӕмӕ, сӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, ӕппӕт уыдоны ныхмӕ схӕцын кӕндзынӕн. Быныскъуыд сӕ фӕкӕндзынӕн, адӕмыл ӕвирхъау тас куыд бафтауой ӕмӕ хынджылӕггаг куыд суой, афтӕ; гӕныстонмӕ ӕрцӕудзысты мыггагмӕ.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ацы бынаты тыххӕй сымах дзурут: „Уый у ӕдзӕрӕг быдыр, нал дзы адӕймаг ис, налдӕр фосы мыггаг!“ Фӕлӕ Иудейы сахартӕ ӕмӕ Йерусалимы уынгты, адӕм ӕмӕ фосы мыггаг кӕм нал баззад, уым та ногӕй цин, хъӕлдзӕгдзинад ӕмӕ чындзӕхсӕвы уынӕр хъуысдзӕн. Дунедарӕджы хӕдзармӕ арфӕйы нывӕндтӕ чи хӕсдзӕн, уыцы адӕм дзурдзысты: „Уӕларвӕфсады Бардарӕджы стаут, уымӕн ӕмӕ хорзӕхджын у Дунедарӕг, Йӕ хорзӕхтӕ нӕ фесӕфдзысты мыггамӕ!“ Уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы зӕххӕн йӕ раздӕры ӕнӕмаст цард раздахдзынӕн».