Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 19:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Ӕз ацы сахар сафтид кӕндзынӕн ӕмӕ йӕ худинаджы бын фӕкӕндзынӕн. Йӕ цурты чидӕриддӕр ацӕуа, уый-иу, йӕ цӕфтӕм кӕсгӕйӕ, стыр дисы бафтдзӕн ӕмӕ ныкъкъуыззит кӕндзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 19:8
14 Iomraidhean Croise  

Ацы бӕрзонд Кувӕндонӕн дӕр-иу йӕ цурты чи рацӕуа, уый-иу сагъдауӕй аззайдзӕн, стӕй-иу фехситт кӕндзӕн ӕмӕ бафӕрсдзӕн, ацы зӕхх ӕмӕ ацы Кувӕндонӕн Дунедарӕг цӕй тыххӕй афтӕтӕ бакодта, зӕгъгӕ.


Сӕ зӕхх адӕмыл ӕвирхъау тас ӕфтаудзӕн, мыггагмӕ сӕгад уыдзӕн! Сӕ рӕзты чи фӕцӕйцӕуа, уый-иу, йӕ сӕр ӕнкъусгӕйӕ, стыр дисы бафтдзӕн.


Йерусалим ӕмӕ Иудейы сахартӕн, сӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ сӕ уӕздӕттӕн — цӕмӕй сафтид уой ӕмӕ сӕ уындӕй алкӕй тасы ’фтауой, хынджылӕггаг ӕмӕ ӕлгъыстаг фӕуой, ӕмӕ уыдӕттӕ ныридӕгӕн ӕвзарынц;


Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — Боцрайы сахар алкӕй йӕ уындӕй тасы ӕфтаудзӕн ӕмӕ хынджылӕггаг суыдзӕн, гӕныстонмӕ ӕрцӕудзӕн, ӕлгъитдзысты йӕ, мыггагмӕ йӕ сахартӕ хӕлддзӕгты кӕритӕ фестдзысты».


Дунедарӕг ӕм смӕсты ис, ӕмӕ йӕ зӕххыл цӕрӕг нал баззайдзӕн, ӕгасӕй дӕр сафтид уыдзӕн. Вавилоны рӕзты чидӕриддӕр фӕцӕйцӕуа, уый-иу стыр дисы бафтдзӕн ӕмӕ ныкъуыззит кӕндзӕн, йӕ хъӕдгӕмттӕм ын кӕсгӕйӕ.


Иннӕ адӕмты сӕудӕджертӕ та дыл куы кӕнынц ӕхситт, ӕвирхъау тас куы ’фтауы алкӕуыл дӕ хъысмӕт — ды бабын дӕ мыггагмӕ».


Уӕ зӕхх уын афтӕ сафтид кӕндзынӕн, ӕмӕ йыл уе знӕгтӕй чи ӕрцӕра, уыдон ныккӕрздзысты.


Ды ӕххӕст кодтай Амрийы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ фӕзмыдтай Ахавы фӕдонты хъуыддӕгтӕ, уыдоны уынаффӕтӕм гӕсгӕ цӕрыс. Уымӕ гӕсгӕ дӕ Ӕз ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, дӕ цӕрджыты дын сӕгад кӕндзынӕн, адӕмтӕн хынджылӕггаг суыдзыстут.


Ӕнӕмӕтӕй ӕмӕ райгӕйӕ чи царди, ацы сахар уый у? Йӕхинымӕр-иу дзырдта, мӕнӕн ӕмбал нӕй зӕххы цъарыл, зӕгъгӕ, фӕлӕ ныр мӕнӕ хӕлддзӕгты кӕри ӕмӕ сырдтӕн цӕрӕнбынат фестад. Йӕ цурты чи цӕуа, уый ныхситт кӕндзӕн ӕмӕ йыл йӕ къух ауигъдзӕн.


Дунедарӕг уӕ цы адӕмтӕм фӕкӕна, уыдон-иу уӕ хъысмӕтӕй ныккӕрздзысты, ӕмбисондӕн уӕ хӕсдзысты ӕмӕ уыл худдзысты.


Уӕ фӕстӕ чи рахъомыл уа, уыцы фӕлтӕртӕ дӕр ӕмӕ дардбӕстаг ӕцӕгӕлӕттӕ дӕр зӕгъдзысты, ацы бӕстӕйы бӕллӕхтӕ ӕмӕ йыл Дунедарӕг цы рынтӕ бафтыдта, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan