Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 19:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Уымӕн ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ Мӕн ныууагътой, ацы бынат фӕчъизи кодтой ӕмӕ дзы буд судзынц ӕндӕр хуыцӕуттӕн — нӕдӕр сӕхӕдӕг, нӕдӕр сӕ фыдӕлтӕ, нӕдӕр иудейаг паддзӕхтӕ кӕй нӕ зыдтой, уыдонӕн. Ацы бынат ӕнаххос адӕмы тугӕй байдзаг кодтой!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 19:4
49 Iomraidhean Croise  

Менассиа, иуӕй, иудейӕгты баппӕрста тӕригъӕдты азымы, цӕмӕй кӕной, Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттӕ, иннӕмӕй та ныккалдта бирӕ ӕназым туг ӕмӕ туджы бын фӕкодта ӕгас Йерусалимы сахар дӕр.


Паддзах Иосиа фӕчъизи кодта, Хинномы байзӕддӕгты дӕлвӕзы цы кувӕн къуыбыр уыди, Тофет, зӕгъгӕ, уый дӕр, цӕмӕй уым Молохӕн арты нывондӕн мачи хӕсса йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы.


уыимӕ Йерусалимы сахары ӕназымты туг кӕй ныккалдта, уый тыххӕй. Дунедарӕджы нал бафӕндыд ныххатыр кӕнын.


Хуыцау сын арфӕ ракӕны, ӕмӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц, сӕ фосӕн дӕр бакӕнӕнтӕ нал вӕййы.


Дугъы фӕцӕйуайынц фыдбылыз аразынмӕ, ӕназым туг ныккалынмӕ. Сӕ сагъӕстӕ, сӕ фӕндтӕ сты ӕнаккаг — бастигъын, ныппырх кӕнын.


Сымах та, Мӕныл йӕхи чи атигъ кодта, Мӕ уаз хох кӕмӕй ферох ис, Гадӕн фынгтӕ чи ӕвӕры, Менийӕн, алы хъацӕнтӕ кӕуыл ис, ахӕм сӕнӕй кӕхцытӕ чи байдзаг кӕны, уыдоны,


Сӕ фыдракӕндты аххосӕй сын Ӕз цы тӕрхон рахастон, уый сын фехъусын кӕндзынӕн: ферох Мӕ кодтой, ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн буд сыгътой ӕмӕ сӕхи къухӕй конд гуымирытӕм куывтой.


О Иудей! Дӕ сахартӕ цӕйбӕрц сты, дӕ хуыцӕуттӕ дӕр — уый бӕрц! Йерусалимы цал уынджы ис, уал нывондхӕссӕны дзы сӕвӕрдтат, цӕмӕй сыл ӕлгъаг Баалӕн будсудзӕн кӕнат!


«Ныууагътай Мӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — адард дӕ Мӕнӕй. Уый тыххӕй дӕм Ӕз Мӕ къух систон, ныппырх дӕ кодтон, нал зонын тӕригъӕд!


Уӕд-иу сын дзуапп ратт: уӕ фыдӕлтӕ Мӕ ныууагътой, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн куывтой ӕмӕ сын лӕггад кодтой, Мӕн та ныууагътой ӕмӕ Мын Ме ’Гъдау не ’ххӕст кодтой.


О Дунедарӕг, Израилӕн йӕ зӕрдӕдарӕн Ды дӕ! Чи Дӕ ныууадза, уыдон иууылдӕр фӕхудинаг уыдзысты. «Йе ’ргом Мӕ чи аздӕхта, уыдон зӕххы хай бауыдзысты, уымӕн ӕмӕ ныууагътой Дунедарӕджы, цардӕгас Донгуырӕн сӕ ферох ис».


ӕмӕ фехъусын кӕн: байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ, иудейаг паддзӕхтӕ, ӕгас Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ, ацы кулдуӕртты уылты чидӕриддӕр бацӕуы, уыдон!


Мӕн та Мӕ адӕм ферох кодтой се ’ппӕт дӕр: ницӕйаг гуымирытӕн будсудзӕн кӕнынц! Сӕ цӕуӕнтыл фӕкалдысты, сӕ рагон фӕндӕгтӕ ныууагътой ӕмӕ ӕнӕцыд къахвӕндӕгтӕм рахызтысты.


Мӕ адӕм ракодтой дыууӕ фыдракӕнды: ныууагътой Мӕн, цардӕгас доны Суадоны, ӕмӕ сӕхицӕн донуӕттӕ скодтой. Фӕлӕ уыдон пырх сты, дон уромын нӕу сӕ бон.


Дӕхи аххосӕй не ’рцыд уый дӕуыл? Ды ныууагътай Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, афтӕмӕй дын Уый фӕндагамонӕг уыди!


Дӕхи фыдракӕнд бафхӕрдзӕни дӕу, дӕ гадзрахат дӕ азымджын кӕндзӕни. Уӕдӕ ахъуыды кӕн ӕмӕ бамбар: Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, дӕ маст ӕмӕ дӕ фыдбылызӕн ныууагътай. Нӕй дӕм тас Мӕ разы, — зӕгъы Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Уӕ фыртты уын Ӕз дзӕгъӕлы ӕфхӕрдтон: уӕддӕр Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕм нӕ хъуыстой. Ӕгъатыр домбайау уӕ кард уӕ пехуымпарты аныхъуырдта!


Дӕ дарӕсы фӕччитыл — ӕнаххос мӕгуырты тугтӕ! Хуыснӕджытау сӕ давгӕйӕ нӕ баййӕфтай!


Дӕуӕн та дӕ цӕстытӕ ӕмӕ дӕ зӕрдӕ бӕллынц ӕрмӕст ӕфтиагмӕ, ӕнаххосты туг калынмӕ, ӕфхӕрд ӕмӕ тыхмимӕ!»


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Раст хъуыддӕгтӕ кӕнут, мӕгуыр лӕджы-иу йе ’фхӕрӕджы къухӕй фервӕзын кӕнут. Ма хъыгдарут ӕмӕ ма ’фхӕрут ӕндӕрбӕстаджы, сидзӕр ӕмӕ идӕдзы, ӕнаххосты туг ма калут ацы ран.


Фӕлӕ зонут: куы мӕ амарат, уӕд уӕхи дӕр, стӕй ацы сахар ӕмӕ йе ’ппӕт цӕрджыты дӕр ӕнаххос адӕймаджы тугӕй фӕчъизи кӕндзыстут! Уымӕн ӕмӕ, ӕцӕг уын зӕгъын, ацы ныхӕстӕ уын хъӕлӕсыдзагӕй фехъусын кӕнынмӕ мӕн рарвыста Дунедарӕг».


Уыдон Уриайы Мысырӕй Иоакиммӕ ӕркодтой, ӕмӕ йӕ уый кардӕй амарын кодта, йӕ мард та йын, хуымӕтӕг адӕмы кӕм фӕныгӕнынц, уыцы ингӕны ныппарын кодта.)


Сӕ фыдракӕндтӕй Мӕ смӕсты кодтой, нӕдӕр уӕхӕдӕг, нӕдӕр уӕ фыдӕлтӕ кӕй нӕ зыдтой, уыцы хуыцӕуттӕн буд сыгътой ӕмӕ сын лӕггад кодтой.


Уый тыххӕй сӕм тар хъӕдӕй ӕрбабырста домбай, быдираг бирӕгъ сӕ ӕргӕвды, сӕ сахарты цур бабады фыранк: сахарӕй чидӕриддӕр рацӕуа, уый аскъуыдтӕ кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты, сӕ гадзрахатӕн кӕрон нал ис».


ӕндӕрбӕстаг, сидзӕр ӕмӕ идӕдзы куы не ’фхӕрат, ацы бынаты ӕнаххос адӕмы туг куынӕ калат ӕмӕ уӕхи фыдӕнӕн ӕндӕр хуыцӕуттӕм куынӕ куват,


Сымах давут, марут, хӕтут, мӕнг сомытӕ кӕнут, Баалӕн буд судзут ӕмӕ, кӕй нӕ зыдтат, уыцы ӕндӕр хуыцӕуттӕм кувут.


Пехуымпарты тӕригъӕдтӕ, сауджынты фыдракӕндтӕ — рӕстгӕнджыты туг сахары кӕй калдтой, о, ахӕм хуызы бафыстӕуыд ныр!


сӕ нывӕндтӕй сӕхи фӕчъизи кӕнын — сӕ алы фыццаггуырды арты нывондӕн хӕссын, цӕмӕй сыл бафтауон фыд тас, ӕмӕ базоной, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


Ӕз ме ’ргом аздахдзынӕн Мӕ адӕмӕй, ӕмӕ Мын Мӕ Кувӕндон фӕчъизи кӕндзысты. Ӕрбацӕудзысты йӕм стигъджытӕ ӕмӕ йӕ фӕчъизи кӕндзысты.


Израилы хистӕртӕй ӕвдайы бӕрц лӕууыдысты сӕ разы, Шафаны фырт Иазани дӕр се ’хсӕн, афтӕмӕй. Алкӕй къухы дӕр сӕ уыди будсудзӕн, ӕмӕ буды хӕрздӕфы къуыбылӕйттӕ хӕрдмӕ цыдысты.


Йе ’фсӕдтӕ Кувӕндоны фидар фӕчъизи кӕндзысты, ӕмӕ дзы ӕрвылбоны нывӕндтӕ ничиуал хӕсдзӕн, Кувӕндоны ӕлгъаг заууаты заман ралӕудзӕн.


Уӕдӕ ацы фӕлтӕрӕн фидинаг у, дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ цы пехуымпарты туг фӕкалди, уый:


Дӕ хӕрз ӕфсымӕр дӕ куы ардауа сусӕгӕй, дӕ фырт, дӕ чызг, дӕ уарзон бинойнаг кӕнӕ дын дӕ адджын ӕмбал куы дзура, цом ӕмӕ лӕггад кӕнӕм, дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, уыцы хуыцӕуттӕн,


Дунедарӕджы ӕлгъыст дӕ баййафдзӕн ӕмӕ, цӕмӕдӕриддӕр бавналай, дӕ къухты алы фыдӕбон дӕр дын уыдзӕн маст ӕмӕ фыдбылызы хос. Дӕ фыдракӕндты аххосӕй, Мӕныл дӕхи кӕй атигъ кодтай, уый тыххӕй рӕхджы фесӕфдзынӕ, мыггагыскъуыд фӕуыдзынӕ.


Уӕхи дӕр ӕмӕ, уӕхицӕн паддзахӕй кӕй сӕвӕрат, уый дӕр Дунедарӕг акӕндзӕни, сымах дӕр кӕй нӕ зонут ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, ахӕм адӕмы ’хсӕнмӕ, ӕмӕ уыцы ран ӕндӕр хуыцӕуттӕн — бӕлӕстӕ ӕмӕ дуртӕн — лӕггад кӕндзыстут.


Зӕххы цъары иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ уӕ ныххӕлиу кӕндзӕн Дунедарӕг дунейы ӕппӕт адӕмты ’хсӕн ӕмӕ, уӕхӕдӕг дӕр кӕмӕн ницы зонут ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн дӕр ӕнӕзонгӕ чи уыдысты, уыцы хуыцӕуттӕн — дуртӕ ӕмӕ бӕлӕстӕн — лӕггад кӕндзыстут.


Уыдон сыгъдӕджытӕ ӕмӕ пехуымпарты туг кӕй ныккалдтой, уый тыххӕй сын Ды туг бануазын кодтай — уый аккаг сты».


Сӕхицӕн ног хуыцӕутты равзӕрстой, ӕмӕ сӕ кулдуары раз хӕст куы бацайдагъ! Дыууиссӕдз мин израилаг хӕстонӕй йӕ арц кӕнӕ йӕ уарты сӕр кӕй бахъуыд?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan