12 Ацы бынатӕн, стӕй, чи дзы цӕры, уыдонӕн Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Ацы сахар Тофетау фӕчъизи кӕндзынӕн.
Уый куы фӕзӕгъы, уӕд къӕвда рауары, зӕххы кӕрӕттӕй мигътӕ сисы. Тӕрккъӕвдайы рӕстӕг Уый рарвиты ӕрвӕрттывдтӕ, Йе ’вӕрӕнтӕй рауадзы дымгӕ.
Ӕмӕ уӕд Ӕз сӕххӕст кӕндзынӕн, уӕ фыдӕлтӕн уын цы сомы ракодтон, уый, ӕхсыр ӕмӕ мыд цы зӕххӕй хъары ӕмӕ абоны онг уӕ къухы чи ис, уыцы зӕхх сын ратдзынӕн, зӕгъгӕ“». Ӕз дзуапп радтон: «Аммен, Дунедарӕг!»
ӕмӕ сын зӕгъ: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: дурынгӕнӕджы дурын куыд ныппырх ис ӕмӕ йӕ ӕрӕмбырдгӕнӕн куыннӕуал ис, афтӕ Ӕз ацы сахар ӕмӕ ацы адӕмы ныззыгуым кӕндзынӕн. Ӕмӕ Тофеты сӕ мӕрдтӕ ныгӕнынӕн бынат дӕр нал фаг кӕндзӕн.
Йерусалимы хӕдзӕрттӕ ӕмӕ иудейаг паддзӕхты галуантӕ сӕ уӕлхӕдзӕрттыл ӕппӕт стъалытӕн буд кӕм сыгътой ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн сӕн кӕмдӕриддӕр калдтой, уыцы хӕдзӕрттӕ иууылдӕр Тофетау фӕчъизи уыдзысты“».