1 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: ацу ӕмӕ дурынгӕнӕгӕй иу ӕлыг дурын балхӕн. Демӕ адӕмы хистӕртӕй, стӕй хистӕр сауджынтӕй цалдӕры рахон
Йӕ галуаны уагдар Елиаким, нымӕрдар Шевна ӕмӕ хистӕр сауджынты, сӕ уӕлӕ сӕхъистӕ, афтӕмӕй арвыста пехуымпар Исайамӕ, Амоцы фыртмӕ.
Уӕ хъысмӕт уыдзӕн, ӕлыгӕй конд дурын ӕнауӕрдонӕй куыд ныппырх кӕнынц, уый хуызӕн — дурын базгъӕлӕнтӕ вӕййы, ӕмӕ дзы иу сӕстаг дӕр ахӕм нал баззайы, къонайы артӕй зынг цӕмӕй райсай, донуатӕй дон цӕмӕй сисай“».
Дунедарӕг мын загъта: «Ацу ӕмӕ дӕхицӕн гӕн хъуымацӕй рон балхӕн. Дӕ астӕуыл ӕй ӕрбабӕтт, ӕцӕг-иу ӕй ма ныххуылыдз кӕн».
Бӕстӕйы хистӕртӕ цалдӕрӕй сыстадысты ӕмӕ ӕгас ӕмбырдӕн загътой:
«Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: райс ацы дыууӕ ӕвдисӕндары — мыхуыр ӕвӕрд кӕуыл ис, уый, стӕй, мыхуыр кӕуыл нӕ сӕвӕрдӕуыд, уый дӕр — ӕмӕ сӕ дзӕвгар рӕстӕгмӕ ӕлыгӕй конд дурыны цӕвӕр.
О Сионы зынаргъ фырттӕ! Кӕддӕр куы уыдысты сыгъдӕг сыгъзӕрины ӕмаргъ! Ныр сын ӕлыгӕй конд дурынтау, дурынгӕнӕджы мигӕнӕнтау, куынӕуал ис аргъ!
Ды та, адӕймаджы фырт, райс агуыридур, дӕ разы йӕ ӕрӕвӕр ӕмӕ йыл скӕн Йерусалимы хахныв.
Фӕлӕ ды, адӕймаджы фырт, райс цыргъ кард ӕмӕ дзы хилдасӕнау дӕ сӕр ӕмӕ дӕ зачъе адас, стӕй райс тӕраз ӕмӕ-иу хъуынтӕ адих кӕн ӕртӕ хайыл.
Зӕронд лӕгӕй, лӕппуйӕ, чызгӕй, сабийӕ, сылгоймагӕй — се ’ппӕты дӕр ныццӕгъдут, ӕрмӕст, нысан кӕуыл ис, уыдонӕй макӕмӕ бавналут. Райдайут мӕ Кувӕндонӕй». Ӕмӕ райдыдтой адӕмы хистӕртӕй, Кувӕндоны раз чи лӕууыди, уыдонӕй.
Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Ӕрбамбырд Мӕм кӕн Израилы хистӕртӕй дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдзы — Израилы хистӕртӕ, йӕ раздзӕуджытӕ сты, зӕгъгӕ, кӕмӕй зӕгъдзынӕ, ахӕм лӕгты. Фембӕлды Цатыры размӕ сӕ ӕрбахон, ӕмӕ ӕрлӕууӕнт уыцы ран демӕ.
Уыцы рӕстӕг алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ ӕрӕмбырд сты алчер Каиафӕйы галуаны
Куы сбон ис, уӕд алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй Йесойӕн марыны тӕрхон рахӕссой.
Уый нӕм бацыд, райста Павелы рон, сбаста дзы йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ, стӕй загъта: «Афтӕ зӕгъы Сыгъдӕг Уд: ацы рон кӕй у, уыцы лӕджы иудейӕгтӕ Йерусалимы мӕнӕ афтӕ сбӕтдзысты ӕмӕ йӕ ратдзысты муртаттӕгты къухтӕм».
Фӕлӕ уыцы хӕзна мах хӕссӕм ӕлыгӕй конд мигӕнӕнты — нӕ буӕртты, цӕмӕй бӕлвырд уа: ахӕм ӕгӕрон тых нӕхицӕй нӕу, Хуыцау ӕй дӕтты.