7 Иуӕй-иу хатт Ӕз искӕцы адӕмы кӕнӕ паддзахады тыххӕй фӕзӕгъын: йӕ бындзарӕй йӕ срӕдувдзынӕн, басӕтдзынӕн ӕй ӕмӕ йӕ бабын кӕндзынӕн.
ӕмӕ ӕрфӕсмон кодта, кӕй йӕ сфӕлдыста, ууыл. Ныккӕрзыдта Йӕ зӕрдӕ,
Абон дӕ Ӕз адӕмтӕ ӕмӕ паддзахӕдтӕй фӕуӕлдӕр кодтон, цӕмӕй ӕд уидаг тонай ӕмӕ сафай, дӕрӕн ӕмӕ афтид кӕнай, аразай ӕмӕ тауай».
Чи зоны, байхъусой, ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадза. Ӕмӕ уӕд аивдзынӕн Мӕ фӕндон, сӕ фыдракӕндты аххосӕй сыл цы бӕллӕх ӕруадзынмӕ хъавын, уый сын нал бавзарын кӕндзынӕн.
Раздӕр сӕ мӕ цӕст куыд нӕ истон, цӕмӕй сӕ ныццӕгъдон ӕмӕ ныддӕрӕн кӕнон, ныззыгуым сӕ кӕнон ӕмӕ сӕ фесафон, фыдбылызтӕ сын бавзарын кӕнон, афтӕ сӕ ныр дӕр, аразгӕйӕ ӕмӕ таугӕйӕ, Мӕ цӕст нӕ исдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —
„Ацы зӕххыл куы баззайат, уӕд уӕ сфидар кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ нӕ ныппырх кӕндзынӕн; байтаудзынӕн уӕ ӕмӕ уӕ не срӕдувдзынӕн, уымӕн ӕмӕ, цы бӕллӕх уын бавзарын кодтон, ууыл фӕсмон кӕнын.
Ӕнаккагӕн куы зӕгъон, ӕнӕмӕнг амӕлдзынӕ, зӕгъгӕ, фӕлӕ йӕ фыдракӕндтӕ куы ныууадза ӕмӕ рӕстӕй цӕрын куы райдайа,
Фӕлӕ куыддӕр паддзахы бынат бацахса, афтӕ йӕ бӕстӕйы иудзинад нал уыдзӕн, ӕмӕ йӕ паддзахад цыппар дихы фӕуыдзӕн. Паддзахы цотмӕ паддзахады хӕйттӕй ницы ’рхаудзӕн, стӕй паддзахад, уый заманы куыд уыди, афтӕ тыхджын нал уыдзӕн.
Дунедарӕг Хуыцау тӕригъӕдджын паддзахадмӕ Йӕ цӕстӕнгас сарӕзта. Ӕз ӕй зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн, фӕлӕ Йаковы хӕдзар бынтон не скуынӕг кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Ӕмӕ федта Хуыцау, адӕм сӕ рӕдыд фӕндагӕй кӕй рахызтысты, уый, бӕллӕх ӕруадзинаг сыл кӕй уыдис, уымӕй сын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йӕ нал ӕруагъта.
Ионӕ сахары цӕуын байдыдта, боны дӕргъы йын-иу цас бантысти, уыйас, ӕмӕ адӕмӕн Хуыцауы ныхас хъусын кодта: «Дыууиссӕдз боны ма — ӕмӕ Ниневи ныппырх уыдзӕн!»