Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 18:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Ау, хорз ӕвзӕрӕй фидгӕ у? Мӕ фесафынӕн дзыхъхъ куы скъахтой! Ӕрхъуыды-ма кӕн: ӕз-иу Дӕ разы лӕууыдтӕн ӕмӕ сын хорзӕх куырдтон, цӕмӕй сӕ Дӕ маст аздахай.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 18:20
31 Iomraidhean Croise  

Сымах сидзӕры тыххӕй хӕлттӕ ӕппарут, уӕ хӕларӕн дзыхъхъ къахут.


Денджызы наутыл балцы чи ацыд, ӕгӕрон фурды уылӕнтыл йӕ куыст чи кодта,


Уадз, сӕрыстыр мӕн йӕ къӕхты бын ма ныссӕнда, фыдлӕгты къух мӕ, уадз, ма фӕсура.


Дӕ рӕстад — Хуыцауы хӕхтау бӕрзонд, Дӕ раст тӕрхон — ӕнӕбын хуыдымау! Адӕмыл дӕр ӕмӕ фосыл дӕр аудыс, Дунедарӕг!


Фыддзинад саразынмӕ чи хъавы, гуырдзау фыдвӕнд йӕ зӕрдӕйы чи хӕссы, уымӕй райгуыры мӕнгдзинад.


Хорз ӕвзӕрӕй чи фиды, уымӕн йӕ хӕдзарӕй фыдбылыз иуварс никуы ацӕудзӕн.


Уӕрм чи къахы, уый дзы йӕхӕдӕг ныххаудзӕн; дур чи тулы, уый йӕхӕдӕг йӕ быны фӕуыдзӕн.


Дзыхъхъ чи къахы, уый дзы, гӕнӕн ис, йӕхӕдӕг дӕр аирвӕза; зӕронд къултӕ чи пырх кӕны, ууыл, чи зоны, калм фӕхӕца.


Ды там Мӕм ацы адӕмы тыххӕй мауал кув, ма Мӕм хат ӕмӕ Мын лӕгъстӕ ма кӕн — бӕллӕхы заман Мӕм хъӕрахст куы кӕной, уӕд сӕ нӕ фехъусдзынӕн.


Дунедарӕг, нӕхи ӕмӕ нӕ фыдӕлты фыдракӕндтыл сӕттӕм, фӕтӕригъӕдджын стӕм Дӕ разы.


Дунедарӕг мын загъта: «Мӕ разы суанг Моисей ӕмӕ Самуел куы ӕрлӕууыдаиккой, уӕд дӕр Ӕз ацы адӕмӕн нӕ фӕтӕригъӕд кодтаин. Фесаф сӕ Мӕ цурӕй, цӕугӕ кӕнӕнт!


Мӕ сурджытӕ фӕхудинаг уӕнт, мӕн та бахиз стыр тасӕй. Фыдбылыз сын бавзарын кӕн, уӕззау цӕфӕй сӕ басӕтт!


О Дунедарӕг, фехъус мӕ! О, байхъус ме знӕгты ныхӕстӕм!


Ӕвиппайды сӕм ӕнӕнымӕц ӕфсӕдтӕ куы ’рбакӕнай, уӕд сӕ хӕдзӕрттӕй хъуысӕд хъӕрзын, уымӕн ӕмӕ уыдон ме ’рцахсынӕн дзыхъхъ скъахтой, мӕ къӕхтӕн мын къӕппӕджытӕ сӕвӕрдтой!


Кӕд уыдон пехуымпартӕ сты ӕмӕ сӕм Дунедарӕджы ныхас ис, уӕд Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн лӕгъстӕ кӕнӕнт, цӕмӕй ма Дунедарӕджы Кувӕндоны, стӕй Иудейы паддзахы галуаны ӕмӕ, Йерусалимы цы мигӕнӕнтӕ баззад, уыдон дӕр Вавилонмӕ ласт ма ӕрцӕуой.


Мӕ адӕмы ’хсӕн ис фыдгӕнджытӕ. Мӕргъты чи ахсы, уыдонау рӕсӕны бабадынц, адӕмы ахсынӕн сӕвӕрынц къӕппӕджытӕ.


Ды та ацы адӕмы тыххӕй мауал кув, ма Мӕм хат ӕмӕ Мын ма лӕгъстӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ дӕм Ӕз нӕ хъусдзынӕн.


О Дунедарӕг, ме ’фхӕрд мын куы уыныс! Тӕрхонгӕнӕг мын у!


Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Мӕ Фыд Мын кӕй бафӕдзӕхста, ахӕм хорз хъуыддӕгтӕ уын Ӕз бирӕ фенын кодтон. Цымӕ мӕ уыдонӕй кӕцыйы тыххӕй хъавут дуртӕй амарынмӕ?»


Фӕлӕ афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уа, се ’Гъдауы цы фыст ис, уый: „Дзӕгъӕлы Мӕ уынынц се сӕфт“.


Ионатан йӕ фыд Саулӕн ракодта Давиды хорзы кой. Загъта йын: «Ма бацӕуӕд паддзах йӕ цагъар Давиды тӕригъӕды. Давид ницӕмӕй фӕтӕригъӕдджын дӕ разы. Уый нӕ, фӕлӕ ма дын йӕ хъуыддӕгтӕ бирӕ пайда дӕр ӕрхастой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan