Йеремиа 18:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст16 Сӕ зӕхх адӕмыл ӕвирхъау тас ӕфтаудзӕн, мыггагмӕ сӕгад уыдзӕн! Сӕ рӕзты чи фӕцӕйцӕуа, уый-иу, йӕ сӕр ӕнкъусгӕйӕ, стыр дисы бафтдзӕн. Faic an caibideil |
уый тыххӕй Ӕз фӕсиддзынӕн цӕгаты ӕппӕт адӕмтӕм, стӕй Мӕ цагъар Навуходоносормӕ, Вавилоны паддзахмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сӕ ацы зӕххы, йӕ цӕрджыты ӕмӕ, сӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, ӕппӕт уыдоны ныхмӕ схӕцын кӕндзынӕн. Быныскъуыд сӕ фӕкӕндзынӕн, адӕмыл ӕвирхъау тас куыд бафтауой ӕмӕ хынджылӕггаг куыд суой, афтӕ; гӕныстонмӕ ӕрцӕудзысты мыггагмӕ.
Мысырмӕ ацӕуын ӕмӕ уым ӕрцӕрын чи сфӕнд кодта, уыцы иудейӕгтӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны иууылдӕр фесафдзынӕн. Се ’ппӕт дӕр Мысыры амӕлдзысты, кард ӕмӕ стонгӕй се сӕфт ссардзысты, стырӕй, чысылӕй. Адӕмтӕ сӕ ӕлгъитдзысты, сӕ уындӕй сӕ стыр тасы ӕфтаудзысты, сӕгад уыдзысты, ӕмӕ сӕ худинаджы кой айхъуысдзӕн.