Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 18:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Уӕдӕ зӕгъ Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Ӕз уын цӕттӕ кӕнын фыдбылыз, уӕ ныхмӕ аразын фыдвӕнд. Алчидӕр уӕ йӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадзӕд, уӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕнут“.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 18:11
40 Iomraidhean Croise  

Гъемӕ сӕм ныццӕуӕм ӕмӕ сын се ’взаг схъомпал кӕнӕм, сӕ кӕрӕдзийы куыннӕуал ӕмбарой».


Афтӕмӕй ныр пехуымпарты уылты уыцы фӕливӕг мон дзуры Дунедарӕджы фӕндӕй, уымӕн ӕмӕ дӕуӕн фыдбылыз саразын Дунедарӕджы фӕндон у».


Уӕд Дунедарӕг израилӕгтӕн дӕр ӕмӕ иудейӕгтӕн дӕр фӕдзӕхсын райдыдта Йӕ алы пехуымпар ӕмӕ йӕ алы зонынджыны уылты: «Ныууадзут уе ’наккаг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ Мын ӕххӕст кӕнут Мӕ фӕдзӕхстытӕ, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Ме ’гъдӕуттӕ, кӕддӕр уӕ фыдӕлтӕн, ныр та сымахӕн дӕр Мӕ пехуымпарты фӕрцы кӕй бафӕдзӕхстон, уыдон».


«Цӕут ӕмӕ Дунедарӕджы бафӕрсут, ацы чиныджы цы фыст ис, уымӕй. Бафӕрсут Ӕй мӕн тыххӕй, нӕ адӕмы тыххӕй ӕмӕ ӕгас Иудейы тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ нӕм мӕстӕй судзы, нӕ фыдӕлтӕ Ӕгъдауы чиныджы домӕнтӕм сӕ хъус кӕй нӕ дардтой, кӕй сӕ не ’ххӕст кодтой, уый тыххӕй».


Арамы паддзах ын загъта: «Цӕугӕ! Ӕз дын Израилы паддзахмӕ фыстӕг ныффысдзынӕн». Нееман йемӕ рахаста ӕвзисты дӕс таланты, сыгъзӕрины ӕхсӕз мин шекелы, дӕс фӕлысты дарӕстӕ ӕмӕ адардта йӕ фӕндаг.


Уӕдӕ уын Ӕз зӕгъдзынӕн, Мӕ сӕндонӕн цы бакӕндзынӕн, уый. Йӕ каутӕ йын афӕлдахдзынӕн — уадз ӕмӕ ныггӕныстон уа, йӕ быру йын ныппырх кӕндзынӕн — уадз ӕмӕ фосы къӕхты бын фӕуа.


«Раст адӕймаг амӕлы, ӕмӕ йыл ничи бахъынцъым кӕны, Хуыцаумӕ кувӕг цардӕй ахицӕн вӕййы, ӕмӕ йӕ ничи бамбары, цӕмӕн. Рӕстуды иуварс айстӕуы фыддзинадӕй,


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Мӕнӕ сыл Ӕз фыдбылыз ӕруадздзынӕн, ӕмӕ дзы сӕ бон фервӕзын не суыдзӕн. Хъӕрахст Мӕм кӕндзысты, фӕлӕ сӕ нӕ фехъусдзынӕн.


Мӕн та, ӕууӕндаг уӕрыккау ӕргӕвдынмӕ фӕцӕйкодтой, мӕ ныхмӕ мын цы фыдвӕндтӕ аразынц, уый нӕ зыдтон. Уыдон загътой: «Фесафӕм дидинӕгкалӕг бӕлас, уадз ӕмӕ удӕгӕсты ’хсӕн мауал уа, ферох уа йӕ ном».


Фӕлӕ уыдон загътой: «Цӕй ӕмӕ Йеремиайы ныхмӕ исты фыдвӕнд саразӕм, цӕмӕй сауджынты Ӕгъдау, куырыхонты уынаффӕтӕ ӕмӕ пехуымпарты ныхӕстӕ ма фесӕфой. Цӕуӕм ӕмӕ йыл хахуыртӕ ӕрымысӕм, ма йын байхъусӕм йӕ ныхӕстӕм».


«Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Ӕз ацы сахарӕн ӕмӕ, йӕ дӕлбар цы сахартӕ ис, уыдоны цӕрджытӕн цы бӕллӕхтӕ снысан кодтон, уыдон бавзарын кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ хивӕнд сты, Мӕ ныхӕстӕм Мын нӕ хъусынц».


«Иудейы паддзӕхтӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ!» Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Ӕз ацы зӕххыл ахӕм бӕллӕх ӕруадздзынӕн, ӕмӕ, йӕ кой чидӕриддӕр фехъуса, уыдонӕн фыр дисӕй сӕ хъустӕ ныззӕлланг кӕндзысты.


Уыдон уын дзырдтой: «Алчидӕр уӕ йӕ фыдвӕндӕгтӕ ӕмӕ йӕ фыдракӕндтӕ ныууадзӕд, ӕмӕ цӕрут, Дунедарӕг сымах ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн мыггагмӕ кӕй радта, уыцы зӕххыл.


Уӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕнут. Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ныхасмӕ хъусут, ӕмӕ уӕд Дунедарӕг Йӕ фӕндон аивдзӕн, рагацау уын цы бӕллӕх снысан кодта, уый уын нал бавзарын кӕндзӕн.


Чи зоны, байхъусой, ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадза. Ӕмӕ уӕд аивдзынӕн Мӕ фӕндон, сӕ фыдракӕндты аххосӕй сыл цы бӕллӕх ӕруадзынмӕ хъавын, уый сын нал бавзарын кӕндзынӕн.


Лӕг йӕ бинойнаджы куы ауадза ӕмӕ уый ӕндӕрмӕ куы смой кӕна, уӕд ма йӕм йӕ фыццаг лӕг раздӕхдзӕн? Ӕмӕ ахӕм хъуыддаг цы зӕххыл ӕрцӕуа, уый ӕгасӕй дӕр нӕ фӕчъизи уыдзӕн? Дӕуӕн та хӕзгултӕ бирӕ уыди, фӕлӕ Мӕм раздӕх! — зӕгъы Дунедарӕг. —


«Раздӕхут Мӕм, гадзрахатӕй рацӕуӕг цот! Ӕз уын уӕ хивӕнд зӕрдӕтӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕн». «Мӕнӕ Дӕм фӕцӕуӕм, уымӕн ӕмӕ Ды Дунедарӕг дӕ, нӕ Хуыцау!


Ӕппынӕдзух уӕм Мӕ лӕггадгӕнджыты, пехуымпарты, ахӕм ныхӕстимӕ ӕрвыстон: „Алчидӕр уӕ йӕ галиу фӕндаг ныууадзӕд, сраст кӕнут уӕ хъуыддӕгтӕ, ма кувут ӕндӕр хуыцӕуттӕм, ма сын лӕггад кӕнут ӕмӕ уӕд, уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххыл цӕрдзыстут“. Фӕлӕ Мӕм нӕ байхъустат, Мӕ ныхӕстӕ Мын ницӕмӕ ӕрдардтат.


Чи зоны, ӕмӕ Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, цы бӕллӕхтӕ сыл ӕруадзинаг дӕн, уый бамбарой, ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ галиу фӕндаг ныууадза. Ӕмӕ сын уӕд Ӕз сӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕ ныббардзынӕн».


Чи зоны, Дунедарӕгмӕ сӕрныллӕгӕй скувой ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ галиу фӕндаг ныууадза, уымӕн ӕмӕ сӕм Дунедарӕг ӕртхъирӕн кӕны йӕ судзгӕ маст ӕмӕ йӕ фыдӕхы хай сӕ бакӕнынӕй».


«Израил, куы раздӕхай, — зӕгъы Дунедарӕг, — куы Мӕм раздӕхай ӕмӕ де ’лгъӕгтӕ Мӕ разӕй куы айсай, хъеллау куынӕуал кӕнай ӕмӕ Дунедарӕгӕй ард куы бахӕрай, ӕцӕг ӕмӕ рӕстаг куы уа дӕ сомы, уӕд дӕ фӕрцы адӕмтӕ арфӕгонд уыдзысты ӕмӕ дӕ стаудзысты».


Йерусалим! Фыддзинадӕй ссыгъдӕг кӕн дӕ зӕрдӕ ӕмӕ уӕд фервӕздзынӕ. Дӕ чъизи хъуыдытӕ кӕдмӕ ӕмбӕхсдзынӕ?


Кӕсын зӕхмӕ — сафтид ис бынтондӕр, скастӕн арвмӕ — рухсы цъыртт дзы нӕй.


Уӕ тырыса сисут нысанӕн, цӕмӕй адӕм ӕрбацӕуой Сионмӕ! Ӕвӕстиатӕй лидзут, уымӕн ӕмӕ уӕм Ӕз цӕгатӕй ӕрбауадздзынӕн ӕбуалгъ фыдбылыз!


Уӕ фӕттӕ сцыргъ кӕнут, байдзаг кӕнут уӕ фатдонтӕ! Дунедарӕг сцырен кодта Мидийы паддзӕхты, уымӕн ӕмӕ Йӕ зӕрды ис Вавилоны сахар бабын кӕнын. Уый у Дунедарӕджы мастисӕн тӕрхон, Йӕ Кувӕндоны маст сӕ райсдзӕн.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Уӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕнут, ӕмӕ уӕ Ӕз ацы зӕххыл цӕргӕйӕ ныууадздзынӕн.


Уӕ фӕливӕнтӕй рӕстгӕнӕджы кӕй ӕфхӕрут, Ӕз ӕй ӕфхӕринаг нӕ уыдтӕн, афтӕмӕй, ӕмӕ ӕнаккагыл фӕстӕмӕ кӕй хӕцут, ома йе ’нӕуаг митӕ ма ныууадза ӕмӕ йӕ уд ма фервӕза, зӕгъгӕ,


Ӕз ӕнаккагӕн, мыййаг, йӕ амӕлӕтмӕ бӕллын? — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — Цӕмӕй йе ’наккаг митӕ ныууадза ӕмӕ цӕра, уымӕ нӕ бӕллын, ӕви?


цӕмӕй адӕймагӕй, фосӕй ӕмбӕрзт уой уыцы пӕлӕзтӕй, цӕмӕй адӕм Хуыцаумӕ тынг кувын байдайой, цӕмӕй алчи йӕ рӕдыд фӕндагӕй рахиза, фыдбылыз макӕмӕнуал кӕна.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Ӕз сфӕнд кодтон ацы адӕмыл, сӕ бӕрзӕйӕ кӕй нӕ сисдзысты, ахӕм бӕллӕх ӕруадзын, ӕмӕ сӕ бон раст цӕуын дӕр нал суыдзӕн, уымӕн ӕмӕ ралӕудзӕни бӕллӕхы заман.


Фыццаг амыдтон Дамаскы цӕрджытӕн, уый фӕстӕ Йерусалимы цӕрджытӕн, стӕй ӕппӕт иудейаг бӕстӕйы ӕмӕ муртаттӕгтӕн, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной сӕ тӕригъӕдтыл, раздӕхой Хуыцаумӕ ӕмӕ, кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый ӕвдисой хорз хъуыддӕгтӕй.


Ныр та байхъусут сымах, афтӕ зӕгъджытӕ: «Абон кӕнӕ райсом ацӕудзыстӕм ахӕм ӕмӕ ахӕм сахармӕ, фӕцӕрдзыстӕм дзы афӕдз, кӕндзыстӕм сӕудӕджер ӕмӕ райсдзыстӕм ӕфтиаг».


Байхъусут сымах, бонджынтӕ. Кӕут ӕмӕ дзыназут, цы бӕллӕхтӕ уӕ ӕрӕййафынц, уыдоны тыххӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan