Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 17:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Ахӕм адӕймаг, донбыл сагъд бӕласау ауадзы йӕ уидӕгтӕ, ӕнтӕф заман кӕй ралӕудзӕн, уымӕй нӕ тӕрсы, йӕ сыфтӕр кӕддӕриддӕр — цъӕх. Хусрӕстӕгӕй йын тас нӕу, никуы баззайы ӕнӕ дыргъӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 17:8
12 Iomraidhean Croise  

мӕ уидӕгтӕ донӕфсӕст сты, мӕ къалиутыл ӕртӕх ӕхсӕвиуат кӕны,


Цъӕх-цъӕхидӕй хурмӕ бӕргӕ ӕрттивы, йӕ къабӕзтӕ дыргъдоны фӕйнӕрдӕм фӕцыдысты.


Уый у доны был сагъд бӕласау, йӕ дыргътӕ афоныл кӕмӕн рӕгъӕд кӕнынц, йӕ сыфтӕр кӕмӕн не ’руайы. Цӕмӕ бавнала — алы ран дӕр ӕнтыстджын.


Йӕ хъӕзыгдзинадӕй йӕ ныфс чи хӕссы, уый фӕкӕлдзӕнис, рӕстудтӕ та, йӕ сыфтӕр цъӕх цы бӕласӕн дары, уый ӕнгӕс суыдзысты.


Уӕдӕй фӕстӕмӕ Ӕз, Дунедарӕг, ӕдзухдӕр цӕудзынӕн уӕ разӕй. Сыгъд быдыры-иу уӕ бафсаддзынӕн, дӕтдзынӕн уын хъару. Ӕмӕ уӕд суыдзыстут донӕфсӕст дыргъдон ӕмӕ ӕнӕбайсысгӕ суадонау.


Сионы сахары хъынцъымгӕнджытӕн сӕ зӕрдӕ барухс кӕнынмӕ. Нырӕй фӕстӕмӕ-иу фӕнычы бӕсты сӕ сӕртыл кады худтӕ ’ркӕндзысты, цӕссыджы бӕсты-иу цины сойӕ байсӕрддзысты сӕхи, сӕхъисы бӕсты-иу кады пӕлӕз скӕндзысты. Адӕмтӕ фендзысты, сӕ хъомыс Хуыцауӕй кӕй у, уый ӕмӕ сӕ бардзысты, Дунедарӕг Едемы дыргъдоны кӕй ныссагъта, уыцы бӕлӕстимӕ. Ӕмӕ Дунедарӕгӕн Йӕ кады ном айхъуысдзӕни дунейыл.


Ӕз дӕ фервӕзын кӕндзынӕн, карды цӕфӕй нӕ амӕлдзынӕ ӕмӕ хорзӕхӕн цард айсдзынӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ зӕрдӕ дардтай Мӕныл“», — зӕгъы Дунедарӕг.


Бакӕс-ма Ассиримӕ — ливайнаг кедрмӕ; уыд аууондар, йӕ къабузтӕ — рӕсугъд, бӕрзонд — йӕ зӕнг, йӕ цъуппӕй ӕврӕгътыл ныдзӕвыд.


Цӕугӕдоны былгӕрӕтты дыууӕрдыгӕй дӕр зайдзӕн алымыггаг дыргъ бӕлӕстӕ. Сӕ сыфтӕр нӕ хус кӕндзӕн ӕмӕ сӕ дыргъ нӕ куынӕг кӕндзӕн. Алы мӕй дӕр-иу сыл срӕгъӕд уыдзӕни ног дыргътӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ донӕй ӕфсаддзӕн Кувӕндонӕй кӕлӕг цӕугӕдон. Сӕ дыргъӕй сын исдзысты хӕрынӕн, сӕ сыфтӕрӕй та — низтӕй дзӕбӕх кӕнынӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan