Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 17:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Ӕдзӕрӕг быдыры цы какон сындз зайы, уыйау хорзӕх нӕ фендзӕни. Ӕнтӕф ӕдзӕрӕг быдыр, иунӕг цӕрӕг дӕр кӕм нӕй, уыцы цӕхджын зӕхх йӕ цӕрӕн къуым суыдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 17:6
17 Iomraidhean Croise  

Паддзахы фӕсдзӕуин афтӕ бакодта: «Ӕниу Дунедарӕг арвы дуӕрттӕ дӕр куы бакӕнид, уӕд уырдыгӕй исты ахӕм ӕрхауид!» Елисей йын загъта: «Дӕхи цӕстӕй сӕ фендзынӕ, фӕлӕ дзы нӕ саходдзынӕ».


Ӕхсыры цадтӕ уый нӕ фендзӕн, йӕ цард мыдыкъусау нӕ уыдзӕн.


Ӕз ӕй ӕдзӕрӕг быдыры ӕрцӕрын кодтон, цӕххӕргом зӕххытӕ йын цӕрӕнбынатӕн радтон.


Ӕнӕхуыцӕуттӕн ӕндӕр у сӕ хъысмӕт: уыдон сты, дымгӕ кӕй ахӕссы, уыцы зыгуымау.


Сымах уыдзыстут, йӕ сыфтӕр кӕмӕн азгъӕлы, уыцы тулдзау, донӕфсӕст чи нӕу, уыцы къохау.


уый тыххӕй Дунедарӕг зӕгъы: Ӕз нехеламаг Шемайайӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фӕстагӕтты дӕр бафхӕрдзынӕн. Йӕ байзӕддӕгтӕй уыцы адӕмы ’хсӕн ничи цӕрдзӕн, ӕмӕ, Мӕ адӕмӕн цы хорзӕх ратдзынӕн, уый Шемайа нӕ фендзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй мӕнг ныхӕстӕ дзырдта».


Лидзгӕут, фервӕзын кӕнут уӕ удтӕ! Ӕдзӕрӕг быдыры цы какон сындзытӕ ис, уыдонау сут!


Денджызы цур цъымаратӕ ӕмӕ култӕ ӕнӕнизгӕнӕг не суыдзысты, уыдон баззайдзысты цӕхджынӕй, цӕмӕй сӕ цӕхх исой.


Уӕдӕ Ӕз, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, сомы кӕнын Мӕхицӕй! Моавӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгтӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйы хал ахӕрдзысты! Сӕ зӕххытӕ хӕмпӕлгӕрдӕгӕй нал зындзысты, гӕныстонмӕ ’рцӕудзысты, ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты мыггагмӕ! Мӕ адӕмӕй ма чи аирвӕза, уыдон сӕ ныххӕлӕттаг кӕндзысты, уыдоны исбон бауыдзысты.


ӕнӕхъӕн бӕстӕйы бынаты сондон, цӕхх ӕмӕ сыгъдон уынгӕйӕ, садзгӕ дӕр кӕм ницыуал кӕндзысты ӕмӕ зайгӕ дӕр кӕм ницыуал ӕркӕндзӕн, раст, Дунедарӕг Йӕ фыр мӕстӕй кӕй бабын кодта, уыцы Содом ӕмӕ Гоморрӕ, Адма ӕмӕ Цевоимы сахартау.


Авимелех ӕмӕ шехемӕгтӕ фӕхӕцыдысты ӕнӕхъӕн бон. Авимелех сахар бацахста ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты ныццагъта. Шехемы сахар ныддӕрӕн кодта ӕмӕ йын йӕ бынаты цӕхх байзӕрста.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan