Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 17:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Адӕймагыл йӕ зӕрдӕ чи дары, ныфсджын дзы чи у ӕмӕ йӕ зӕрдӕ Дунедарӕгӕй дард кӕмӕн у, уый ӕлгъыст у.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 17:5
16 Iomraidhean Croise  

Йӕ паддзахиуӕджы ӕртын фарӕстӕм аз йӕ къӕхтӕ риссын байдыдтой, ӕмӕ фӕстагмӕ низ йе ’ппӕт буарыл дӕр ахӕлиу. Ӕмӕ рынчынӕй дӕр ӕрцагуырдта Дунедарӕджы нӕ, фӕлӕ хосгӕнджыты.


Ассирийы паддзахӕн йӕ хъомыс у адӕймаджы хъомыс, махӕн та немӕ ис Дунедарӕг, нӕ Хуыцау. Уый нын ӕххуысгӕнӕг уыдзӕн ӕмӕ нӕ сӕрвӕлтау тох кӕндзӕни». Иудейаг паддзах Езекиайы ныхас адӕмы зӕрдӕты стыр ныфс бауагъта.


Дӕуыл ӕнцайы мӕ уд, Дӕ рахиз къух мӕ хъахъхъӕны.


Уӕ зӕрдӕ ма дарут адӕймагыл, йӕ уд йӕ улӕфӕнты кӕмӕн ис, ууыл. Ау, уымӕн исты у йӕ бон?


Уӕд зӕрдӕсаст фӕуыдзысты, Эфиопийыл йӕ зӕрдӕ чи дардта ӕмӕ Мысыры хъомыс бӕрзонд ӕвӕрд кӕмӕ уыд, уыцы адӕмтӕ, ӕмӕ сӕ худинаджы хъӕр айхъуысдзӕн».


Дӕ зӕрдӕ Мысырыл, йӕ къухӕй йыл чи ӕрӕнцой кӕна, уымӕн йӕ къухы чи сныхсдзӕн, уыцы хъӕзы цъӕл зӕнгыл дарыс. Уыйау у фараон, Мысыры паддзах, ныфсджын дзы чидӕриддӕр у, уыдонӕн.


Рӕстдзинад нал ис, фыдракӕндӕй йӕхи чи хизы, уый та искӕй амӕттаг свӕййы. Дунедарӕг федта, раст тӕрхон кӕй нал ис, уый, ӕмӕ Йын ӕхсызгон нӕ уыди.


Зӕгъ сын: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау: ацы фидыды ныхӕстӕм чи нӕ хъусы, уый ӕлгъыст у.


Ӕмӕ, чи фервӕза, уыдон, уацары сӕ кӕмӕ акӕной, уыцы адӕмты ’хсӕн ӕрхъуыды кӕндзысты Мӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз бауадздзынӕн хъынцъым, Мӕн чи ныууагъта, сӕ уыцы зӕрдӕты ӕмӕ, гуымирыты фӕдыл чи адзӕгъӕл, сӕ уыцы цӕстыты. Ӕмӕ уӕд сӕхӕдӕг сӕхицӕн фенӕуынон уыдзысты се ’ппӕт фыдракӕндтӕ ӕмӕ ӕлгъаг миты тыххӕй.


Дунедарӕг Осиайы уылты ныхас кӕнын куы райдыдта, уӕд ын ӕппӕты фыццаг загъта: «Бавдӕл, хъахбай сылгоймаджы ракур ӕмӕ хъахбай цот рауадз, уымӕн ӕмӕ ацы зӕхх Дунедарӕгыл йӕхи атигъ кодта ӕмӕ схъахбай ис».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan