3 Дӕ хӕхтӕ, дӕ исбон, дӕ хӕзнатӕ ӕмӕ дӕ уаз къуыппытӕ дын Ӕз иууылдӕр хӕлӕттаг фӕкӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ алы зӕххы хайыл дӕр тӕригъӕдтӕ фӕкодтай.
Дунедарӕг рагацау куыд загъта, афтӕ уый Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕмӕ паддзахы галуаны хӕзнатӕ иууылдӕр раласта, йӕ заманы Израилы паддзах Соломон Дунедарӕджы Кувӕндонӕн цы сыгъзӕрин мигӕнӕнтӕ скодта, уыдон та ныппырх кодта.
Мӕнӕ цӕй фӕрцы ӕрцӕудзӕни барст Йаковы байзӕддаджы азым, йӕ тӕригъӕд хатыргонд куы ’рцӕуа, уӕд уымӕн ахӕм дыргъ уыдзӕни ӕвдисӕн: сӕ нывондхӕссӕнты дуртӕ чъырдуртау ныммур кӕндзысты, нал сӕм баззайдзӕн нӕдӕр Ашерӕйы цӕджындзтӕ, нӕдӕр будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ.
Гӕныстонгӕнджытӕ фӕцӕуынц ӕдзӕрӕг быдыры къуыбыртыл, Дунедарӕджы кард ӕгас зӕхх ныхъуыры, ӕмӕ иу уд дӕр ӕнцой нал зоны.
Дӕ мулк ӕмӕ дӕ хӕзнатӕ дын Ӕз абырджытӕн бастигъын кӕндзынӕн, дӕ алы зӕххы хайыл дӕр кӕй фӕкодтай, уыцы ’ппӕт тӕригъӕдты тыххӕй.
Ацы сахары исбон ӕгасӕй дӕр: йе ’ппӕт ӕфтиӕгтӕ, зынаргъ дзаумайӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон, Иудейы паддзӕхты ӕппӕт хӕзнатӕ, Ӕз ратдзынӕн знӕгты къухтӕм. Уыдон бӕстӕ сафтид кӕндзысты ӕмӕ се ’фтиӕгтӕ Вавилонмӕ аласдзысты.
О тъӕпӕны цӕрӕг, о дӕлвӕзы къӕдзӕх! Ныр Мӕхӕдӕг сыстадтӕн дӕ ныхмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг. — Сымах дзурут: „Нӕ ныхмӕ чи рацӕудзӕн? Нӕ хӕдзӕрттӕм нын чи бабырсдзӕн?“
«Иудейы паддзах Езекиайы заман пехуымпариуӕг кодта Морешетаг Миха. Уый ӕппӕт иудейӕгтӕн дзырдта: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Сион быдырау бахуым кӕндзысты, Йерусалим хӕлддзӕгты кӕри фестдзӕн, ацы Кувӕндон цы хохыл арӕзт ӕрцыд, уый та фестдзӕнис хъӕд“.
Ныр йе знаг у йӕ хӕзнатӕн сӕ хицау. О, додой! Кувӕндонмӕ бацыдысты адӕмтӕ, — Ды Де ’мбырдмӕ цӕуыны бар кӕмӕн нӕ радтай, уыдон!
Ратдзынӕн дӕ знӕгты къухтӕм, ӕмӕ дын уыдон фехалдзысты дӕ хӕзгулрӕвдауӕн къуыбыртӕ, ныппырх дын кӕндзысты дӕ уаз къуыппытӕ, дӕ уӕлӕйӕ дын раппардзысты дӕ дарӕстӕ, байсдзысты дын дӕ фӕлындӕнтӕ ӕмӕ дӕ ныууадздзысты мадард бӕгънӕгӕй.
Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Адӕмы ’хсӕнмӕ сӕ ракӕнут, ӕмӕ сӕ амӕттаг фӕуӕнт, бастигъӕнт сӕ.
Зӕгъ сын: „Израилы хӕхтӕ! Байхъусут Дунедарӕг Хуыцауы ныхасмӕ. Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау хӕхтӕн, къуыбыртӕн, мӕсчъытӕн ӕмӕ дӕлвӕзтӕн: кардӕй уӕм февзиддзынӕн Ӕз ӕмӕ уын уӕ кувӕн къуыбыртӕ ныппырх кӕндзынӕн.
Уӕ кувӕн къуыбыртӕ уын ныппырх кӕндзынӕн, уӕ будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ уын ныззыгуым кӕндзынӕн; уӕ мӕрдтӕ уын уӕ гуымирыты сӕстытыл ныккалдзынӕн ӕмӕ уыл ӕлгъ кӕндзынӕн.
Сымах тыххӕй Сион быдырау бахуым кӕндзысты, Йерусалим дуррӕдзӕгъдтӕ фестдзӕни, Кувӕндон цы хохыл лӕууы, уый та бӕлӕсты бын фӕуыдзӕни.
Сӕ исбон хӕлӕттаг фӕуыдзӕн, сӕ хӕдзӕрттӕ заууатмӕ ӕрцӕудзысты. Сӕхицӕн хӕдзӕрттӕ сараздзысты, фӕлӕ сӕ нӕ цӕрдзысты, сӕндӕттӕ скӕндзысты, фӕлӕ сӕны хъӕстӕ нӕ фӕуыдзысты.