Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 17:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Куынӕ Мӕм байхъусат, сабатбон уын уаз куынӕ уа ӕмӕ уыцы бон Йерусалимы кулдуарыл уӕ уӕргътимӕ куы цӕуат, уӕд Ӕз ацы кулдуар басудздзынӕн, ӕмӕ уыцы ӕнӕ ахуысгӕ арт Йерусалимы галуантӕ иууылдӕр бабын кӕндзӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 17:27
43 Iomraidhean Croise  

Кӕй Мӕ ныууагътой ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн буд кӕй сыгътой, сӕ хъуыддӕгтӕй Мӕ кӕй мӕсты кодтой, уый тыххӕй ацы бынатмӕ Мӕ маст ссудздзӕн, ӕмӕ нӕ бамынӕг уыдзӕн“.


ӕмӕ басыгъта Дунедарӕджы Кувӕндон, паддзахы галуан, стӕй стыр хӕдзӕрттӕ иууылдӕр.


Вавилойнӕгтӕ Хуыцауы хӕдзар басыгътой, Йерусалимы быру ныппырх кодтой. Сахары галуантӕ сыгъд ӕрцыдысты иууылдӕр, зынаргъ дзаумайӕ дзы цыдӕриддӕр уыди, уыдон ныззыгуым сты.


Мӕ коммӕ куы нӕ бакӕсат ӕмӕ хивӕнд митыл куы схӕцат — карды амӕттаг бауыдзыстут. Уый зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг».


Йӕхи хъомысджын чи хоны, уый фӕскъауы хуызӕн суыдзӕн, йӕ митӕ та — зынджы стъӕлфӕнау. Ссудздзысты иумӕ, ӕмӕ сӕ ахуыссынгӕнӕг нӕ уыдзӕн.


Куы Мӕм байхъусат, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сабаты ацы сахары кулдуӕртты уылты куы ницы хӕссат, сабат уын уаз куы уа ӕмӕ уыцы бон ӕппындӕр куы ницы кусат, уӕд, Давиды бадӕны цы паддзӕхтӕ сбадынц, уыдон, уӕздӕттӕ, стӕй Иудей ӕмӕ Йерусалимы иннӕ цӕрджытӕ бӕхтӕ ӕмӕ бӕхуӕрдӕттыл кӕддӕриддӕр ацы сахары кулдуӕртты уылты цӕудзысты, сахар та лӕудзӕни мыггагмӕ.


Дӕхи аххосӕй, цы зӕххы хай дын радтон, уымӕй ӕнӕхай фӕуыдзынӕ, кӕй нӕ зоныс, уыцы бӕстӕйы дӕ Ӕз де знӕгтӕн цагъайраг скӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕ маст ссыгъди ӕмӕ ӕнусмӕ дӕр нӕ ахуысдзӕн».


Дунедарӕг Йеремиайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас:


Давиды байзӕддӕгтӕ, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Сӕумӕйӕ-иу раст тӕрхон кӕнут, мӕгуыр лӕджы-иу йе ’фхӕрӕджы къухтӕй фервӕзын кӕнут, науӕд, уӕ фыдракӕндтӕм кӕсгӕйӕ, Мӕ маст ссудздзӕни пиллон артау, ӕнӕ ахуысгӕ зынгирвӕзтау.


Ӕз уын уӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Уӕ хъӕдыл уын арт бандзардзынӕн, ӕмӕ уыцы арт, йӕ алыварс цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр аныхъуырдзӕн».


Ацы ныхӕстӕм куынӕ байхъусой, уӕд та, сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — ацы галуан хӕлддзӕгты кӕри фестдзӕн!»


Сахарыл цы халдейӕгтӕ ӕрхъула кодтой, уыдон ӕрбацӕудзысты ӕмӕ йӕ арты хай бакӕндзысты. Израилӕгтӕ сӕ уӕлхӕдзӕрттыл Баалӕн буд кӕм сыгътой ӕмӕ сӕн кӕм калдтой ӕндӕр хуыцӕуттӕн, цӕмӕй Мӕн мӕсты кӕной, уый тыххӕй, уыцы хӕдзӕрттӕ басудздзысты.


Халдейӕгтӕ басыгътой паддзахы галуан ӕмӕ адӕмы хӕдзӕрттӕ, Йерусалимы систӕ та ныппырх кодтой.


«Дунедарӕджы номӕй нын ды цытӕ дзурыс, уыдӕттӕм нӕ хъусдзыстӕм.


Ӕз Дамаскы систыл арт бандзардзынӕн, ӕмӕ уыцы арт Бен-Хадады галуантӕ аныхъуырдзӕн.


Уый басудзын кодта Дунедарӕджы хӕдзар, паддзахы галуан ӕмӕ Йерусалимы хӕдзӕрттӕ — стыр хӕдзӕрттӕ иууылдӕр саусыгъд бакодта.


Ӕз сын сӕ сӕргъы хъахъхъӕнджыты сӕвӕрдтон ӕмӕ загътон: „Сыкъауадындзы уасынмӕ хъусут!“ Фӕлӕ уыдон дзуапп радтой: „Нӕ хъусдзыстӕм“.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Мӕ маст ныккӕлдзӕн ацы бынатыл, адӕм ӕмӕ фосыл, быдираг бӕлӕстӕ ӕмӕ зӕххы тыллӕгыл, ссудздзӕн ӕмӕ нал ахуысдзӕн!»


Йӕ хӕдзар сафтид кодта мусонгау, ныззыгуым кодта Йе ’мбырдты бынат! Бӕрӕгбӕттӕ ’мӕ сабаты ӕгъдӕуттӕ Сионы рох ӕрцыдысты Йӕ фӕндонӕй. Фыр мӕстӕй Йе ’ргом аздӕхта паддзах ӕмӕ сауджынӕй.


Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъд! Сионы ссыгъта арт, ныккалдта йыл Йӕ азар! Уӕ, саусыгъд ӕй куы бакодта!


Дӕ хӕдзӕрттӕ дын басудздзысты ӕмӕ дын стӕрхон кӕндзысты бирӕ сылгоймӕгты раз. Афтӕмӕй кӕрон скӕндзынӕн дӕ хъахбай митӕн, ӕмӕ лӕвӕрттӕ нал уардзынӕ.


Цӕмӕй адӕм схъомпал уой ӕмӕ сӕ бирӕ фӕцагъды уа, уый тыххӕй сын алы сахары кулдуармӕ дӕр сӕ ныхмӕ ӕрӕвӕрдзынӕн ӕвзидгӕ кард. Уый цӕхӕртӕ калдзӕнис арвӕрттывдау, цыргъгонд ӕрцӕудзӕн адӕмы цӕгъдынмӕ.


Израилы зӕххӕн фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Ӕз сыстадтӕн дӕ ныхмӕ, Мӕ кард дӕм кӕрддзӕмӕй сласдзынӕн ӕмӕ дын дӕ адӕмы, растӕй, зылынджынӕй ныццӕгъддзынӕн.


Ды Мын Мӕ уаз ӕгъдӕуттӕ ницӕмӕ дарыс, Мӕ сабаты уагӕвӕрдтӕ Мын фӕчъизи кӕныс.


Ноджы ма Мӕ разы аххосджын мӕнӕ цӕй тыххӕй сты: сӕ цоты-иу сӕ гуымирыйы номыл цы бон аргӕвстой, тӕккӕ уыцы бон-иу бацыдысты Мӕ Кувӕндонмӕ ӕмӕ-иу ӕй фӕчъизи кодтой, Мӕ сабаты уагӕвӕрдтӕ дӕр Мын не ’ххӕст кодтой.


Израил йе Сфӕлдисӕджы ферох кодта ӕмӕ галуантӕ фӕцарӕзта. Иудӕ дӕр бырутӕй ӕхгӕд сахартӕ бирӕ сарӕзта, фӕлӕ сӕ Ӕз арты хай бакӕндзынӕн, ӕмӕ сын уыцы арт аныхъуырдзӕн сӕ галуантӕ.


Тиры фидӕрттыл арт бандзардзынӕн, йӕ галуантӕ йын басудздзынӕн.


Ӕз Теманыл арт бандзардзынӕн, ӕмӕ уыцы арт Боцрайы фидӕрттӕ аныхъуырдзӕн.


Раввайы фиддӕрттыл арт бандзардзынӕн. Алырдыгӕй тохы хъӕртӕ хъуысдзысты, афтӕмӕй судздзысты йӕ галуантӕ, тымыгъы сӕм зилгӕ уад ӕрбабырсдзӕн.


Паддзах Хазаелӕн йӕ хӕдзарыл арт бандзардзынӕн, Бен-Хадады фидӕрттӕ басудздзынӕн,


Газӕйы фидӕрттыл арт бандзардзынӕн, йӕ галуантӕ йын басудздзынӕн.


Арт бандзардзынӕн Моавы зӕххыл, ӕмӕ уыцы арт Керийоты фидӕрттӕ аныхъуырдзӕн. Тохы уынӕр ӕмӕ сыкъауадындзты уасын хъуысдзысты, афтӕмӕй йе сӕфт ӕрцӕудзӕни Моавӕн.


Уымӕн ӕмӕ Мӕ маст афтӕ фыцы, ӕмӕ йӕ пиллон арт мӕрдтыбӕсты тарфмӕ дӕр ӕнхъӕвзы, зӕхх ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр ныхъуыры, хохрӕбынтӕ арауы.


Уӕдӕ кӕсут, дзургӕ Чи кӕны, Уымӕ ӕнӕ байхъусгӕ ма фӕут. Зӕххыл Чи дзырдта, Уымӕ цы адӕм нӕ байхъуыстой, кӕд уыдон ӕнӕфхӕрдӕй нӕ аирвӕзтысты, уӕд махӕн та ӕнӕфхӕрдӕй баззайӕн уӕвгӕ дӕр нӕй, уӕлӕрвтӕй Чи дзуры, Уымӕй не ’ргом куы аздахӕм, уӕд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan